Исай
1 Амосы фырт Исайы+ цӕстылуайӕн+ Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы тыххӕй. Уыцы цӕстылуайӕн Исай федта, Ози+, Иофам+, Ахаз+ ӕмӕ Езеки+ Иудӕйы паддзӕхтӕ+ куы уыдысты, уыцы рӕстӕг.
2 Байхъусут+, уӕлӕрвтӕ, дӕ хъус ӕрдар, зӕхх, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг дзуры: «Ӕз схъомыл кодтон ӕмӕ схастон фырттӕ+, фӕлӕ уыдон мӕ ныхмӕ рацыдысты+. 3 Гал дӕр ма йӕ хицауы фӕзоны, ӕмӕ хӕрӕг – йӕ хицауы кӕвдӕс, Израил та мӕн нӕ зоны+, мӕ адӕм ӕмбаргӕйӕ нӕ архайынц»+.
4 Додой сӕ къона тӕригъӕдджын адӕмӕн+, тӕригъӕдты бын чи фӕци, уыцы адӕмӕн, фыдгӕнӕг цотӕн+, фыдбылызы фырттӕн!+ Уыдон Йегъовӕйы ныууагътой+, Израилы сыгъдӕг Хуыцауы ницӕмӕ дарынц+, сӕ чъылдым ӕм сыздӕхтой+. 5 Кӕдӕм ма уӕ цавдӕуа+, ӕппындӕр куы нӕ сӕттут?+ Уӕ сӕр иууылдӕр у цӕфтӕ, уӕ зӕрдӕтӕ ныллӕмӕгъ сты+. 6 Сӕрӕй къӕхты бынмӕ уыл иу ӕнӕхъӕн бынат нал баззад+: уӕ буар иууылдӕр у лыгтӕ, цъӕхтӕ, хъӕдгӕмттӕй нал зыны. Ничи уын сӕ ссыгъдӕг кодта, ничи уын сӕ бабаста ӕмӕ уын сӕ сойӕ ничи байсӕрста+. 7 Уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг бӕстӕйы хуызӕн сси+, уӕ горӕттӕ уын басыгътой+. Уӕ цӕстыты раз уын ӕцӕгӕлӕттӕ+ уӕ зӕххы тыллӕг хӕрынц+. Зӕхх сафтид, раст ӕй цыма ӕцӕгӕлӕттӕ фӕхастой, уыйау+. 8 Сионы+ чызджы ныууагътой, цыма сӕнӕфсирдоны халагъуд у, цыма джитъриты хуымы хъалагъуры мусонг у кӕнӕ, знаг кӕуыл ӕртыхст, ахӕм горӕт+, уыйау. 9 Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ нын удӕгасӕй ӕппындӕр куы никӕйуал ныууагътаид+, уӕд мах дӕр Содомы хуызӕн суыдаиккам, Гоморрӕйы бон ныл акодтаид+.
10 Байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ+, Содомы+ ӕгъатыр хицӕуттӕ+. Уӕ хъус ӕрдарут нӕ Хуыцауы закъонмӕ, Гоморрӕйы адӕм. 11 «Цы пайда мын сты уӕ бирӕ нывӕндтӕ? – зӕгъы Йегъовӕ.– Судзгӕ кӕй бакӕнут+, уыцы фырытӕй+ ӕмӕ хӕрзхаст фосы фиуӕй+ мӕ хъуырмӕ дӕн. Уӕ уӕнгуыты, уӕ нӕл уӕрыччыты ӕмӕ уӕ нӕл сӕгъты+ тугӕй+ мӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕны+. 12 Мӕ размӕ куы ’рбацӕут+, уӕд уӕ цымӕ уый чи домы? Чи уын зӕгъы, цӕмӕй мын мӕ кӕртытӕ уӕ къӕхты бын нӕмат?+ 13 Мауал хӕссут ӕнӕпайда хоры кувинӕгтӕ+. Буд мын ӕнад у+. Сымах бӕрӕг кӕнут, мӕй куы сног вӕййы, уыцы бонтӕ+ ӕмӕ сабатбонтӕ+, адӕмы ӕрӕмбырд кӕнут+. Сымах сӕрмагонд ӕмбырдтӕ дӕр скӕнут ӕмӕ ма кӕлӕнтӕ+ дӕр кӕнут – уыдӕттӕм мӕ бон ӕнцад кӕсын нӕу. 14 Мӕй кӕй сног, уый кӕй бӕрӕг кӕнут, уымӕй ӕмӕ уӕ бӕрӕгбӕттӕй ӕз* ме сӕфт уынын+. Уыдон мын систы уаргъ+, сӕ хӕссынӕй сфӕлмӕцыдтӕн+. 15 Уӕ къухтӕ мӕм куы фӕивазут+, уӕд мӕ цӕстытӕ иннӕрдӕм азилын+. Цасфӕнды мӕм ма куват+ – нӕ уӕм хъусын+. Сымахӕн уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты+. 16 Уӕхи ныхсут+, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут+. Мӕ цӕстыты разӕй уӕ фыдхъуыддӕгтӕ айсут+, уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзут+. 17 Сахуыр ут хорздзинад аразын+, агурут рӕстдзинад+, иннӕты чи ӕфхӕры, уымӕн зонд амонут+, сидзӕрӕн* йӕ хъуыддаг рӕстӕй ӕвзарут+, идӕдзы сӕрыл-иу рахӕцут»+.
18 Ныр Йегъовӕ+ зӕгъы: «Ӕрбацӕут, ӕмӕ иумӕ аныхас кӕнӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕ равзарӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты+. Сӕнтсырх хъуымацы хуызӕн куы уой – къуымбилау уын сурс уыдзысты. 19 Куы уӕ бафӕнда ӕмӕ куы байхъусат, уӕд хӕрдзыстут зӕххы бӕркӕдтӕ+. 20 Фӕлӕ куы нӕ байхъусат+ ӕмӕ мӕ ныхмӕ куы цӕуат, уӕд хъамайы амӕттаг бауыдзыстут, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта»+.
21 Мӕнӕ иузӕрдион горӕт+ хӕтаг сылгоймаджы хуызӕн куыд сси!+ Уыди дзы ӕрмӕстдӕр раст тӕрхон+, уый уыд рӕстдзинады цӕрӕнбынат+, ныр та лӕгмартӕй байдзаг+. 22 Де ’взист, цы чъизитӕ дзы рахицӕн вӕййы, уыдонӕй уӕлдай нал у+. Дӕ бӕгӕны у донимӕ хӕццӕ+. 23 Дӕ кънйӕзтӕ сты хивӕнд, давджыты лымӕнтӕ+. Иууылдӕр уарзынц гӕртӕмттӕ+, сты лӕвӕрттыл мард+. Сидзӕры хъуыддаг рӕстӕй нӕ равзарынц, ӕмӕ сӕм идӕдзы хъаст уӕвгӕ дӕр нӕ бахӕццӕ вӕййы+.
24 Уый тыххӕй ӕцӕг Хицау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Тыхджын Хуыцау+, афтӕ зӕгъы: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕз ме знӕгтӕй фервӕздзынӕн, мӕ фыдгултӕй+ мӕ маст райсдзынӕн+. 25 Ӕз дӕм мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ, дӕ мидӕг цы чъизитӕ* ис, уыдон дын фӕныкдонӕй рахицӕн кӕндзынӕн, цы уӕлдӕйттӕ дӕ рахицӕн уа, уыдонӕй дӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн+. 26 Кӕддӕрау та дын ратдзынӕн тӕрхонгӕнджытӕ, раздӕрау та дын ратдзынӕн уынаффӕгӕнджытӕ+. Уый фӕстӕ дӕ схондзысты Рӕстдзинады горӕт, Иузӕрдион горӕт+. 27 Сион ссӕрибар уыдзӕн раст тӕрхоны фӕрцы+, йӕ адӕмӕй чи ӕрыздӕха, уыдон – рӕстдзинады фӕрцы+. 28 Ныхмӕ чи цӕуы ӕмӕ тӕригъӕдджын митӕ чи кӕны, уыдонӕн се сӕфт ӕрцӕудзӕн уыцы иу рӕстӕг+, Йегъовӕйы чи ныууадза, уыдонӕн ӕрцӕудзӕн кӕрон+. 29 Кӕмӕ бӕллыдыстут, уыцы стыр бӕлӕсты тыххӕй уӕ цӕсгом судздзӕн+, кӕй равзӕрстат, уыцы дыргъдӕтты тыххӕй фӕкъӕмдзӕстыг уыдзыстут+. 30 Сымах суыдзыстут, йӕ сыфтӕр кӕмӕн хус кӕны, ахӕм стыр бӕласы хуызӕн+, дон кӕм нӕй, ахӕм дыргъдоны хуызӕн. 31 Тыхджын лӕг суыдзӕн гӕнӕй конд ӕндахы хуызӕн+, йӕ фыдӕбон – цӕхӕры хуызӕн. Дыууӕ дӕр уыцы иу рӕстӕг ссудздзысты, ӕмӕ сӕ ничи ахуыссын кӕндзӕн»+.