Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 25
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Рацыд 25:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 7:53; Га 3:19

Рацыд 25:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 35:5; 1Аз 29:9; 2Кр 9:7

Рацыд 25:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 38:24
  • +Рц 38:25
  • +Рц 38:3, 29

Рацыд 25:4

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 35:6

Рацыд 25:5

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «тюлены цӕрмттӕ».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 36:20

Рацыд 25:6

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Уыцы сой уыди, цавӕрдӕр хъуыддагӕн-иу ӕвзӕрст чи ’рцыд, уый сӕрыл рауадзынӕн.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 27:20
  • +Рц 35:8
  • +Рц 30:23, 34

Рацыд 25:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 28:6
  • +Рц 28:15

Рацыд 25:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 29:45; 1Пд 6:13; Дзт 9:11

Рацыд 25:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Аз 28:12; Хъд 7:44; Дзт 8:5; 9:9

Рацыд 25:10

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:1

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ», 9/2020, 4 ф.

Рацыд 25:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:2; Дзт 9:4
  • +Рц 30:3

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ», 9/2020, 4 ф.

Рацыд 25:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:5

Рацыд 25:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 30:5; 1Аз 15:15

Рацыд 25:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 8:8

Рацыд 25:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 16:34; 31:18; 40:20; Нм 17:10; Д.з 31:26; 1Пд 8:9; Дзт 9:4

Рацыд 25:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:6

Рацыд 25:18

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Ома дзӕбугӕй кусгӕйӕ. Кӕс 31, 36 ст. дӕр.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1См 4:4; Дзт 9:5

Рацыд 25:19

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 3:24

Рацыд 25:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 8:7; 1Аз 28:18

Рацыд 25:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 40:20; 1Аз 28:11; Дзт 9:5

Рацыд 25:22

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «ӕвдисӕнады чырыны».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 30:6; Лв 16:2; Нм 7:89; Трх 20:27; Пс 80:1
  • +2См 6:2; 2Пд 19:15; Ис 37:16

Рацыд 25:23

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 40:22; Лв 24:6; Нм 3:31; Дзт 9:2

Рацыд 25:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:11

Рацыд 25:25

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    7,4 см бӕрц.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:12

Рацыд 25:26

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:13

Рацыд 25:27

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:14

Рацыд 25:28

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:15

Рацыд 25:29

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:16; Нм 4:7; 1Пд 7:50

Рацыд 25:30

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 24:5; 1См 21:6; 1Аз 9:32; 2Аз 13:11; Мф 12:4

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ», 9/2020, 5, 6 фф.

Рацыд 25:31

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:17; 40:24; 1Пд 7:49; Дзт 9:2

Рацыд 25:32

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:18

Рацыд 25:33

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:19

Рацыд 25:34

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:20

Рацыд 25:35

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:21

Рацыд 25:36

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 8:4

Рацыд 25:37

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 30:8; Лв 24:3; Нм 8:2; 2Аз 13:11

Рацыд 25:38

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 37:23; Нм 4:9

Рацыд 25:39

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Иу талант у 34,2 кг бӕрц. Кӕс Уӕлӕмх. 18.

Рацыд 25:40

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 39:42; Нм 8:4; Хъд 7:44; Дзт 8:5

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Рац. 25:1Хъд 7:53; Га 3:19
Рац. 25:2Рц 35:5; 1Аз 29:9; 2Кр 9:7
Рац. 25:3Рц 38:24
Рац. 25:3Рц 38:25
Рац. 25:3Рц 38:3, 29
Рац. 25:4Рц 35:6
Рац. 25:5Рц 36:20
Рац. 25:6Рц 27:20
Рац. 25:6Рц 35:8
Рац. 25:6Рц 30:23, 34
Рац. 25:7Рц 28:6
Рац. 25:7Рц 28:15
Рац. 25:8Рц 29:45; 1Пд 6:13; Дзт 9:11
Рац. 25:91Аз 28:12; Хъд 7:44; Дзт 8:5; 9:9
Рац. 25:10Рц 37:1
Рац. 25:11Рц 37:2; Дзт 9:4
Рац. 25:11Рц 30:3
Рац. 25:12Рц 37:5
Рац. 25:13Рц 30:5; 1Аз 15:15
Рац. 25:151Пд 8:8
Рац. 25:16Рц 16:34; 31:18; 40:20; Нм 17:10; Д.з 31:26; 1Пд 8:9; Дзт 9:4
Рац. 25:17Рц 37:6
Рац. 25:181См 4:4; Дзт 9:5
Рац. 25:19Рд 3:24
Рац. 25:201Пд 8:7; 1Аз 28:18
Рац. 25:21Рц 40:20; 1Аз 28:11; Дзт 9:5
Рац. 25:22Рц 30:6; Лв 16:2; Нм 7:89; Трх 20:27; Пс 80:1
Рац. 25:222См 6:2; 2Пд 19:15; Ис 37:16
Рац. 25:23Рц 40:22; Лв 24:6; Нм 3:31; Дзт 9:2
Рац. 25:24Рц 37:11
Рац. 25:25Рц 37:12
Рац. 25:26Рц 37:13
Рац. 25:27Рц 37:14
Рац. 25:28Рц 37:15
Рац. 25:29Рц 37:16; Нм 4:7; 1Пд 7:50
Рац. 25:30Лв 24:5; 1См 21:6; 1Аз 9:32; 2Аз 13:11; Мф 12:4
Рац. 25:31Рц 37:17; 40:24; 1Пд 7:49; Дзт 9:2
Рац. 25:32Рц 37:18
Рац. 25:33Рц 37:19
Рац. 25:34Рц 37:20
Рац. 25:35Рц 37:21
Рац. 25:36Нм 8:4
Рац. 25:37Рц 30:8; Лв 24:3; Нм 8:2; 2Аз 13:11
Рац. 25:38Рц 37:23; Нм 4:9
Рац. 25:40Рц 39:42; Нм 8:4; Хъд 7:44; Дзт 8:5
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30
  • 31
  • 32
  • 33
  • 34
  • 35
  • 36
  • 37
  • 38
  • 39
  • 40
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Рацыд 25:1–40

Рацыд

25 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта+: 2 «Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй мын мысайнӕгтӕ ӕрбахӕссой. Мысайнӕгтӕ исут, йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр зӕгъы, уыдонӕй+. 3 Мысайнагӕн исут сызгъӕрин+, ӕвзист+, ӕрхуы+, 4 ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах, сырх-сырхид ӕндах, ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг, сӕгъы къуымбил+, 5 сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕ, фӕлмӕн сӕрак*, акъацийы хъӕдӕрмӕг+, 6 сой цырагъдарӕнӕн+, стӕй бальзамы+ сой – уыцы сой хъӕуы хӕрздӕф буд ӕмӕ сӕрмагонд сой* аразынӕн+. 7 Мысайнагӕн ма ноджыдӕр исут оникс дуртӕ ӕмӕ дуртӕ ефодыл+ ӕмӕ риуылдарӕныл бакӕнынӕн+. 8 Ӕмӕ мын скӕнӕнт кувӕн бынат, уымӕн ӕмӕ ӕз цӕрдзынӕн се ’хсӕн+. 9 Цатыр ӕмӕ йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон хъуамӕ саразат, ӕз дын цы ныв ӕвдисын, уымӕ гӕсгӕ+.

10 Акъацийӕ хъуамӕ саразой чырын+. Йӕ дӕргъ хъуамӕ уа дыууӕ ӕлмӕрины* ӕмӕ ’рдӕг, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг, ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд дӕр – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг. 11 Мидӕгӕй дӕр ӕмӕ йыл ӕддейӕ дӕр сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр+. Ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скӕн+. 12 Сызгъӕрин бадон кӕн ӕмӕ дзы сараз цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн чырыны цыппар къахы сӕрмӕ: дыууӕ цӕджы – иуырдыгӕй, дыууӕ – иннӕрдыгӕй+. 13 Стӕй акъацийӕ скӕн хъилтӕ ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр+. 14 Ӕмӕ уыцы хъилтӕ дыууӕрдыгӕй чырыны цӕгты бавӕр, цӕмӕй йӕ уыдонӕй хӕссой. 15 Хъилтӕ ӕдзухдӕр хъуамӕ уой чырыны цӕгты. Уырдыгӕй сӕ исӕн нӕй+. 16 Чырыны-иу нывӕр, ӕвдисӕйнагӕн дын цы ратдзынӕн, уый+.

17 Чырыны сӕр скӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй: йӕ дӕргъ – дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ’рдӕг, йӕ уӕрх та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг+. 18 Стӕй сызгъӕринӕй скӕн* дыууӕ херувимы. Скӕн сӕ чырыны сӕрӕн йӕ дыууӕ кӕроны+. 19 Иу херувимы дзы иу кӕрон скӕн, иннӕйы та – иннӕ кӕрон+. Чырыны сӕрӕн сӕ скӕн йӕ дыууӕ кӕроны. 20 Херувимтӕн сӕ базыртӕ хъуамӕ уой сӕ сӕрмӕ, чырыны сӕр сӕ базыртӕй куыд ӕмбӕрзой, афтӕ. Хъуамӕ уой кӕрӕдзийы акомкоммӕ+ ӕмӕ кӕсой чырыны сӕрмӕ. 21 Чырынӕн йӕ сӕр+ ӕрӕвӕр йӕ уӕлӕ, йӕ мидӕг та йын нывӕрдзынӕ, ӕвдисӕйнагӕн дын цы ратдзынӕн, уый. 22 Уым-иу дӕм фӕзындзынӕн ӕмӕ демӕ ныхас кӕндзынӕн чырыны сӕрӕй+ – бадзырды чырыны* сӕрыл цы дыууӕ херувимы ис, уыдоны ’хсӕнӕй. Дзурдзынӕн дын, Израилы фырттӕн цы хъӕудзӕн амонын, уыдӕттӕ иууылдӕр+.

23 Акъацийӕ скӕн стъол+: йӕ дӕргъ – дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – иу ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг. 24 Стӕй йыл сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скӕн+. 25 Алырдыгӕй йын скӕн фӕрстӕ армы фӕтӕнӕн*, ӕмӕ йын йӕ фӕрсты кӕрӕттыл дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скӕн+. 26 Скӕн ын сызгъӕринӕй цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн йӕ цыппар тигъмӕ, йӕ цыппар къахы кӕм сты, уыцы рӕтты+. 27 Цӕгтӕ хъуамӕ уой фӕрстӕм хӕстӕг, цӕмӕй-иу уыцы цӕгты бавӕрой хъилтӕ стъол хӕссынӕн+. 28 Хъилтӕ скӕн акъацийӕ ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр. Уыдонӕй хӕсдзысты стъол+.

29 Скӕн тӕбӕгътӕ ӕмӕ нуазӕн къустӕ дӕр, стӕй дурынтӕ ӕмӕ къустӕ кувинаг нозт нывондхӕссӕныл рауадзынӕн. Скӕн сӕ сыгъдӕг сызгъӕринӕй+. 30 Ӕмӕ стъолыл мӕ разы ӕдзухдӕр ӕвӕр нывонд дзултӕ+.

31 Сыгъдӕг сызгъӕринӕй скӕн цырагъдарӕн+. Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл хъуамӕ уа къалиутӕ, дидинӕджы къусгӕндтӕ, дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. 32 Йӕ зӕнгыл хъуамӕ уа ӕхсӕз къалиуы: ӕртӕ къалиуы – иуырдыгӕй, ӕртӕ къалиуы – иннӕрдыгӕй+. 33 Иуырдыгӕй алы къалиуыл дӕр хъуамӕ уа миндалы дидинӕджы хуызӕн ӕртӕ къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр алы къалиуыл дӕр хъуамӕ уа миндалы дидинӕджы хуызӕн ӕртӕ къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ+. Афтӕ конд хъуамӕ уа, цырагъдарӕны зӕнгӕй цы ӕхсӕз къалиуы цӕуы, уыдонӕй алкӕцы дӕр. 34 Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл та хъуамӕ уа миндалы дидинӕджы хуызӕн цыппар къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ+. 35 Цырагъдарӕныл цы ӕхсӕз къалиуы ис, уыдонӕй дыууӕйы бынмӕ хъуамӕ уа дидинӕджы къуыбыр, иннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуыбыр, аннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуыбыр. Дидинӕджы къуыбыртӕ хъуамӕ уа, цырагъдарӕны зӕнгӕй цы ӕхсӕз къалиуы цӕуы, уыдонӕй алкӕцыйы бынмӕ дӕр+. 36 Дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ къалиутӕ хъуамӕ цӕуой йӕ зӕнгӕй. Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъуамӕ конд уа сыгъдӕг сызгъӕрины иу къӕрттӕй+. 37 Цырагъдарӕнӕн скӕн авд къусы. Уыцы къусты цырӕгътӕ хъуамӕ кӕной судзгӕ, цӕмӕй цырагъдарӕны раз рухс уа+. 38 Сыгъдӕг сызгъӕринӕй+ йын скӕн ӕртыскӕнтӕ дӕр ӕмӕ мигӕнӕнтӕ сыгъд фителтӕн. 39 Цырагъдарӕн ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ уыдзӕн, уыдон хъуамӕ конд ӕрцӕуой сыгъдӕг сызгъӕрины талантӕй*. 40 Кӕс, иууылдӕр сӕ сараз, хохыл дын цы ныв равдыстон, уымӕ гӕсгӕ+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын