Псалом
Маскил*. Зарайы фырт Ефаны псалом+.
89 Ӕнустӕм зардзынӕн Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты тыххӕй+.
Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дзурдзынӕн дӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй+.
3 Ды загътай: «Ӕз скодтон бадзырд ме ’взӕрст адӕймагимӕ+.
Мӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн расомы кодтон+:
4 „Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕ байзӕддаг уыдзӕн ӕнустӕм+,
Дӕ паддзахбадӕн+ дын сфидар кӕндзынӕн ӕмӕ лӕудзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ“». (Села́)
5 Уӕлӕрвтӕ ӕппӕлдзысты дӕ диссаджы хъуыддӕгтӕй, о Йегъовӕ+,
Ӕмӕ дӕ иузӕрдиондзинадӕй – сыгъдӕджыты ӕмбырды.
7 Хуыцауы нымайӕнт, ӕввахс ӕм чи у, уыцы сыгъдӕджытӕ+.
Уый у кадджын ӕмӕ, йӕ алыварс чи ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй тынгдӕр ӕфтауы тас+.
10 Раавы+ ныппырх кодтай, чи фӕмард, уыйау ӕй фӕкодтай+.
Дӕ цонджы хъаруйӕ алырдӕмты ныххӕлиу кодтай де знӕгты+.
12 Цӕгат ӕмӕ хуссар ды сфӕлдыстай+,
Фавор+ ӕмӕ Ермон+ фырцинӕй зарынц ӕмӕ дын дӕ ном кадджын кӕнынц+.
14 Дӕ паддзахбадӕн лӕууы рӕстдзинадыл ӕмӕ раст тӕрхоныл+.
15 Амондджын сты, цины хъӕр цы у, уый чи зоны, уыцы адӕм+.
О Йегъовӕ, уыдон цӕуынц дӕ цӕсгомы рухсы+.
19 Уыцы рӕстӕджы цӕстылуайӕны дзырдтай дӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытимӕ+
Ӕмӕ сын загътай:
«Ӕз ме ’ххуысӕй бахай кодтон тыхджынгуырдӕн+,
Сбӕрзонд кодтон, адӕмы ’хсӕнӕй ӕвзӕрст чи у, уый+.
20 Ӕз ссардтон Давиды, мӕ лӕггадгӕнӕджы+,
Байсӕрстон ӕй мӕ сыгъдӕг сойӕ+.
21 Мӕ къух уыдзӕн йемӕ, мӕ къух уыдзӕн фидар+,
Мӕ цонг дзы хъару бауадздзӕн+.
29 Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ йӕ байзӕддаг уыдзӕн ӕнустӕм+,
Йӕ паддзахбадӕн лӕудзӕн, уӕлӕрвтӕ цалынмӕ уой, уӕдмӕ+.
30 Йӕ фырттӕ мын мӕ закъоныл сӕ къух куы сисой+
Ӕмӕ мӕ тӕрхӕттӕм гӕсгӕ куы нал цӕрой+,
31 Мӕ уагӕвӕрдтӕ мын куы фехалой
Ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ куы не ’ххӕст кӕной,
32 Уӕд сӕ ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн сӕ фыдракӕндты тыххӕй ӕмӕ сӕ бафхӕрдзынӕн лӕдзӕгӕй+,
Сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сыл сӕмбӕлдзӕн цӕфтӕ+.
37 Ӕнустӕм фидар ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн мӕйы хуызӕн –
Арвыл ӕууӕнкджын ӕвдисӕны хуызӕн». (Села́)
39 Дӕ лӕггадгӕнӕгимӕ цы бадзырд скодтай, уый ницӕмӕ ӕрдардтай,
Йӕ кадыхуд ын фегад кодтай – зӕхмӕ йӕ фехстай+.
43 Уымӕй уӕлдай, дӕхӕдӕг ногӕй цӕуыс йӕ ныхмӕ ӕмӕ йӕ хъамайы ныхмӕ+,
Ӕмӕ йын тохы уӕлахиз нӕ дӕттыс+.
45 Йе ’рыгон бонтӕ йын фӕцыбыр кодтай,
Худинаг ыл уӕлӕдарӕсау скодтай+. (Села́)
48 Удӕгӕстӕй чи ис ахӕм, ӕмӕ мӕлӕт чи нӕ фендзӕн?+
49 О Йегъовӕ, кӕм сты, де ’нувыд уарзты номыл раздӕр кӕй арӕзтай,
Давидӕн дӕ иузӕрдиондзинадӕй кӕй тыххӕй расомы кодтай, уыцы хъуыддӕгтӕ?+
50 О Йегъовӕ, ӕрхъуыды кӕн, дӕ лӕггадгӕнджытӕ фидиссаг кӕй фесты+.
Ӕрхъуыды кӕн, бирӕ адӕмты фауӕн ныхӕстӕ мӕ роны* кӕй хӕссын+.
51 Ӕрхъуыды кӕн, куыд фаудтой де знӕгтӕ, о Йегъовӕ+,
Куыд фаудтой дӕ сӕрст лӕггадгӕнӕджы алы къахдзӕф дӕр+.
52 Табу Йегъовӕйӕн ӕнустӕм. Аммен, аммен+.