Йезекил
27 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта: 2 «Адӕймаджы фырт, хъарӕг кӕн Тиры тыххӕй+ 3 ӕмӕ зӕгъ Тирӕн:
„О, денджызы бахизӕны чи цӕры+, бирӕ сакъадӕхтыл цӕрӕг адӕмтимӕ базар чи кӕны+, уыцы сылгоймаг! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „О Тир, ды зӕгъыс, мӕ рӕсугъддзинадмӕ фау ӕрхӕссӕн нӕй+, зӕгъгӕ. 4 Дӕ зӕххытӕ сты денджызты астӕу+. Дӕ аразджытӕ дӕ скодтой тынг рӕсугъд, фау ӕрхӕссӕн дӕм нӕ уыд+. 5 Дӕ фӕйнӕджытӕ дын иууылдӕр скодтой Сенирӕй+ ласт ӕхсӕлыбӕлӕсты хъӕдтӕй. Дӕ наупӕлӕзы хъӕд саразынӕн та райстой Ливаны+ кедр. 6 Дӕ наувыййӕгтӕ дын скодтой Васаны стыр бӕлӕстӕй. Дӕ бырынкъ дын сарӕзтой Киттимы+ сакъадӕхтӕй ласт кипарисбӕласы хъӕдтӕй, уыдысты пылыстӕгӕй аивгонд. 7 Дӕ наупӕлӕз уыди Египетӕй+ ласт хъулон кӕттаг хъуымацӕй. Де ’мбӕрзӕн та уыд Елисӕйы+ сакъадӕхтӕй ласт ӕрвхуыз ӕндахӕй+ ӕмӕ тарсырх къуымбил ӕндахӕй уӕфт+.
8 Сидон+ ӕмӕ дын Арвады+ цӕрджытӕ систы наутӕрджытӕ. Уыди дӕм, Тир, тынг дӕсны адӕм+, ӕмӕ уыдон уыдысты дӕ наудзаутӕ+. 9 Гевалы+ зӕронд ӕрмгуыстгӕнджытӕ ӕмӕ дын дӕсны кусджытӕ ӕмпъызтой дӕ зыхъхъыртӕ+. Ӕрбацыдысты-иу дӕм денджызон наутӕ иууылдӕр ӕмӕ сӕ денджыздзаутӕ, цӕмӕй демӕ ивтаиккой уӕйгӕнинӕгтӕ. 10 Перс+, Луд+ ӕмӕ Футы+ адӕм уыдысты де ’фсады, уыдысты дӕ хӕстон лӕгтӕ. Ӕрцауыгътой-иу дӕм сӕ уартытӕ ӕмӕ се згъӕрхудтӕ+. Уыдоны фӕрцы скадджын дӕ. 11 Алырдыгӕй дӕ къулты сӕр де ’фсадимӕ лӕууыдысты Арвады+ фырттӕ ӕмӕ дӕ мӕсгуыты уыд хъӕбатыр лӕгтӕ. Сӕ тымбыл уартытӕ-иу алырдыгӕй дӕ къултыл ӕрцауыгътой+. Уыдон дӕ скодтой тынг рӕсугъд, фау ӕрхӕссӕн дӕм ницӕмӕй уыд.
12 Фарсис+ демӕ базар кодта, ласта дӕм бирӕ алыхуызон зынаргъ дзауматӕ+. Цы дӕм уыд, уыдон ивтай се ’взистыл, ӕфсӕйнагыл, къалайыл ӕмӕ здыйыл+. 13 Иаван+, Фувал+ ӕмӕ Мешех+ демӕ базар кодтой. Дӕ уӕйгӕнинӕгтӕ ивтай адӕмыл*+ ӕмӕ ӕрхуыйӕ конд дзауматыл. 14 Цы дӕм уыд, уыдон ивтай Фогармӕйы+ бӕхтыл ӕмӕ хӕргӕфстыл. 15 Деданы+ фырттӕ демӕ базар кодтой, бирӕ сакъадӕхтӕ уыдысты дӕ сӕудӕджертӕ, лӕварӕн* дын хастой пылыстӕг+ ӕмӕ зынаргъ саубӕлас. 16 Едом демӕ базар кодта, уымӕн ӕмӕ арӕзтай тынг бирӕ дзауматӕ. Цы дӕм уыд, уыдон ивтай бирюзайыл+, тарсырх къуымбилыл, хъулон хъуымӕцтыл, зынаргъ хъуымӕцтыл, коралтыл ӕмӕ рубинтыл.
17 Ды базар кодтай Иудӕимӕ ӕмӕ Израилы зӕххимӕ. Дӕ уӕйгӕнинӕгтӕ ивтай+ Миннифӕй+ ласт мӕнӕуыл+, ӕвзаргӕ хойрагыл, мыдыл+, сойыл ӕмӕ бальзамыл+.
18 Дамаск+ дӕуӕй ӕлхӕдта тынг бирӕ дзауматӕ, уымӕн ӕмӕ дӕм уыди бирӕ алыхуызон зынаргъ дзауматӕ, ӕмӕ дын сӕ ивта Хелбонӕй ласт сӕныл+ ӕмӕ сырхбын-фӕныкхуыз къуымбилыл. 19 Дан ӕмӕ, Узалы чи ис, уыцы Иаван ӕлхӕдтой, цы дӕм уыд, уыдон. Дӕ уӕйгӕнинӕгтӕ дын ивтой куырдадзы цагъд ӕфсӕйнагыл, кассийыл ӕмӕ хӕрздӕф хъӕзыл+. 20 Дедан+ демӕ базар кодта, ласта дын уӕфт ӕмбӕрзӕнтӕ сӕргътӕн. 21 Аравиӕгтӕ+ ӕмӕ Кедары+ сӕргълӕуджытӕ иууылдӕр уыдысты дӕ сӕудӕджертӕ. Ластой дын уӕрыччытӕ, фырытӕ ӕмӕ сӕгътӕ+. 22 Савӕ+ ӕмӕ Раамӕйы+ базаргӕнджытӕ демӕ базар кодтой. Цы дӕм уыд, уыдон сын ивтай ӕппӕты хуыздӕр хӕрздӕфгӕнӕнтыл, алыхуызон зынаргъ дуртыл ӕмӕ сызгъӕриныл+. 23 Демӕ базар кодтой Харран+, Хане ӕмӕ Едем+, стӕй Савӕйы+, Ассуры+ ӕмӕ Хилмады базаргӕнджытӕ. 24 Дӕ базары дын уӕй кодтой ӕмбисонды рӕсугъд уӕлӕдарӕс, ӕрвхуыз ӕмӕ хъулон хъуымӕцтӕй конд пӕлӕзтӕ, дыууӕ хуызӕй конд гауызтӕ ӕмӕ фидар здыхст бӕндӕнтӕ.
25 Фарсисы+ наутӕ дын ластой уӕйгӕнинӕгтӕ, ӕмӕ ды схъӕздыг дӕ ӕмӕ денджызы астӕу тынг скадджын дӕ+.
26 Дӕ наутӕрджытӕ дӕ ракодтой ӕнӕкӕрон дӕтты астӕумӕ+. Ӕмӕ дӕ скӕсӕйнаг дымгӕ денджызы астӕу ныппырх кодта+. 27 Куы ныппырх уай, уыцы бон денджызы астӕу фесӕфдзысты дӕ зынаргъ дзауматӕ+, цы дӕм уыд, уыдон, дӕ уӕйгӕнинӕгтӕ+, дӕ денджыздзаутӕ+, дӕ наудзаутӕ, дӕ зыхъхъыртӕ дын чи ӕмпъузы+, уыдон, дӕ сӕудӕджертӕ ӕмӕ дӕ хӕстон лӕгтӕ+ иууылдӕр, дӕ мидӕг чи ис, уыдон, дӕ адӕм иууылдӕр, о, дӕ мидӕг чидӕриддӕр ис, уыдон+.
28 Дӕ наудзауты хъӕрӕй зӕхх нырриздзӕн+. 29 Наутӕрджытӕ иууылдӕр, денджыздзаутӕ ӕмӕ, денджызмӕ наутыл чи рацӕуы, уыдон се ’ппӕт дӕр сӕ наутӕй зӕхмӕ ӕрхиздзысты+. 30 Ӕмӕ дыл хъӕрӕй кӕудзысты, сӕхи кӕуынӕй мардзысты+. Сӕ сӕртыл рыг калдзысты+ ӕмӕ сӕхи фӕнычы сӕвдулдзысты+. 31 Дӕу тыххӕй сӕ сӕртӕ алвындзысты+, сӕ уӕлӕ хъисынтӕ скӕндзысты+ ӕмӕ дыл сӕхи кӕуынӕй мардзысты+, судзгӕ цӕссыг дыл калдзысты. 32 Кӕудзысты ӕмӕ дыл хъарӕг кӕндзысты, уынгӕг хъӕлӕсӕй дзурдзысты+:
„Исчи ма у Тиры хуызӕн+, денджызы астӕу чи бамыр, уый хуызӕн?+ 33 Денджызыл+ дӕм алыхуызон дзауматӕ куы ластой+, уӕд бирӕ адӕмты ӕфсӕстай+. Дӕ бирӕ алыхуызон зынаргъ дзауматӕй ӕмӕ уӕйгӕнинӕгтӕй зӕххон паддзӕхты хъӕздыг кодтай+. 34 Фӕлӕ дӕ ныр денджыз ныппырх кодта ӕмӕ ацыдтӕ арф дӕтты бынмӕ+. Ӕмӕ дӕ уӕйгӕнинӕгтӕ дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр иууылдӕр+ демӕ доны бынмӕ ацыдысты. 35 Сакъадӕхты+ цӕрджытӕ дӕм иууылдӕр дисгӕнгӕ кӕсдзысты ӕмӕ сӕ паддзӕхтӕ фыртӕссӕй бариздзысты+, сӕ цӕсгӕмтты хуыз фӕцӕудзӕн+. 36 Дӕу фенгӕйӕ иннӕ адӕмты сӕудӕджертӕ ныхситт кӕндзысты+. Ӕнӕнхъӕлӕджы дыл бӕллӕх ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ӕнустӕм фесӕфдзынӕ“»+.