Псалом
Амонӕгӕн. Давиды зарӕг.
2 Йегъовӕ йӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕтӕй бахиздзӕн+.
Зӕххыл ӕй хондзысты амондджын адӕймаг+.
Ды йӕ йе знӕгты къухмӕ нӕ ратдзынӕ+.
4 Ӕз та загътон: «О Йегъовӕ, батӕригъӕд мын кӕн+.
Мӕ уд мын сдзӕбӕх кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ разы тӕригъӕд сарӕзтон»+.
5 Ме знӕгтӕ мӕн тыххӕй фыдӕхзӕрдӕйӕ дзурынц+:
«Ай кӕд ныммӕлдзӕн, йӕ ном дӕр куыд фесӕфа?»
6 Исчи мӕм рынчынфӕрсӕг куы ’рбацӕуа, уӕд йӕ зӕрдӕ дзурдзӕн мӕнгдзинад+.
Ӕвзӕрӕй мӕ цы зӕгъа, уый агурдзӕн,
Ӕмӕ куы ацӕуа, уӕд сӕ уынджы дзурдзӕн+.
7 Йе сӕфт мӕ чи уыны, уыдон иууылдӕр ӕрӕмбырд сты, сусу-бусу кӕнынц+.
Мӕ ныхмӕ кӕнынц фыдвӕндтӕ ӕмӕ дзурынц+:
10 Ды та мын, о Йегъовӕ, уыцы хорзы бацу, ӕмӕ мӕ мӕ къахыл слӕууын кӕн+,
Цӕмӕй сын, цы ’мбӕлы, уый бакӕнон+.
11 Ӕз ӕй зонын, дӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ кӕй дӕн,
Уымӕн ӕмӕ мыл ме знаг нӕ фӕуӕлахиз ӕмӕ фырцинӕй нӕ хъӕр кӕны+.