Ромӕгтӕм
3 Уӕдӕ уӕд, дзуттаг уай+ науӕд сунӕтгонд уай+, уый хорз цӕмӕй у? 2 Бирӕ цӕмӕйдӕрты. Фыццаджыдӕр уымӕй, ӕмӕ Хуыцау йӕ ныхӕстӕ уыдоныл баууӕндыд+. 3 Ӕмӕ уӕд ныхас цӕуыл у? Кӕд дзуттӕгтӕй кӕмӕдӕрты уырнындзинад нӕ разынд+, уӕд уый тыххӕй Хуыцау иузӕрдион+ нал у?+ 4 Уымӕн гӕнӕн нӕй! Алы адӕймаг дӕр мӕнгард куы разына+, уӕддӕр Хуыцау нӕ фӕсайдзӕн+. Фыст дӕр афтӕ у: «Цӕмӕй, куы дзурай, уӕд раст разынай ӕмӕ тӕрхоны фӕуӕлахиз уай»+. 5 Фӕлӕ кӕд нӕ фыдхъуыддӕгтӕй Хуыцауы рӕстдзинад бӕлвырд кӕны+, уӕд цы зӕгъӕн ис? Хуыцау адӕмыл йӕ маст куы ныккалы, уӕд хӕрам ми бакӕны?+ (Ацы ныхӕстӕ дзурын адӕймаджы зондӕй+.) 6 Уымӕн гӕнӕн нӕй! Кӕд Хуыцау ахӕм у, уӕд дунейӕн куыд тӕрхон кӕндзӕн?+
7 Фӕлӕ кӕд мӕ мӕнгдзинады фӕрцы Хуыцауы рӕстдзинад+ ноджы ирддӕрӕй зыны ӕмӕ йӕ ноджы кадджындӕр кӕны, уӕд ма мын ахӕм тӕрхон та цӕмӕн цӕуы хаст, тӕригъӕдджын у, зӕгъгӕ?+ 8 Стӕй уӕд цӕуылнӕ зӕгъӕм: «Цӕй уӕдӕ ӕвзӕрдзинад аразӕм, цӕмӕй дзы хорз исты рауайа»+ – чидӕртӕ ныл афтӕ нӕ мысынц+, зӕгъгӕ, дам, уыдон афтӕ дзурынц? Ахӕм адӕймӕгтӕ ӕфхӕрд баййафдзысты+, рӕстдзинад куыд домы, афтӕ+.
9 Уӕдӕ уӕд куыд? Мах хуыздӕр уавӕры стӕм?+ Ӕппындӕр нӕ! Дзырдтам ма йыл, куыд грекъӕгтӕ, афтӕ дзуттӕгтӕ дӕр тӕригъӕды дӕлбар кӕй сты+, 10 фыст куыддӕриддӕр у, афтӕ: «Зӕххыл иу рӕстгӕнӕг дӕр нӕй, иу дӕр+. 11 Нӕй иу ахӕм адӕймаг дӕр, ӕмбаргӕ кӕй уа схонӕн, иу адӕймаг дӕр нӕ агуры Хуыцауы+. 12 Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты раст фӕндагӕй, иууылдӕр систы ницӕйаг; нӕй иу ахӕм адӕймаг дӕр, хорздзинад чи кӕна, иу дӕр»+. 13 «Сӕ хъӕлӕс у гом ингӕн, се ’взагыл бады гӕдыныхас»+. «Сӕ дзыхы ис калмы марг»+. 14 «Сӕ дзыхӕй ӕлгъыст ӕмӕ зӕрдӕриссӕн ныхас йеддӕмӕ ницы цӕуы»+. 15 «Тагъд кӕнынц туг ныккалынмӕ»+. 16 «Цы фӕндӕгтыл цӕуынц, уыдоныл хӕссынц фыдбылыз ӕмӕ маст+, 17 ӕмӕ, фарны фӕндаг цы у, уый нӕ зонынц»+. 18 «Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсынц»+.
19 Уӕдӕ йӕ мах зонӕм, Закъон+ цыдӕриддӕр дзуры, уый кӕй хауы, Закъоны дӕлбар чи ис, уыдонмӕ, цӕмӕй сӕ иуӕн дӕр йӕхи сраст кӕнын йӕ бон ма бауа+ ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр Хуыцауы ӕфхӕрд+ баййафа+. 20 Уымӕ гӕсгӕ, закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдоны фӕрцы йӕ разы иу адӕймаг дӕр рӕстгӕнӕгыл нымад не ’рцӕудзӕн+, уымӕн ӕмӕ, тӕригъӕд цы у, уый бӕлвырдӕй+ закъоны+ руаджы базонӕм.
21 Фӕлӕ ныр рабӕрӕг, адӕймаг Закъон куы не ’ххӕст кӕна, уӕддӕр йӕ бон кӕй у, ӕмӕ Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнӕг+ суа. Уый тыххӕй фыст ис+ Закъоны+ ӕмӕ Пехуымпарты+ чингуыты дӕр. 22 О, Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнджытӕ суой, уый сӕ бон у, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр+, Йесо Чырыстийыл+ кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау никӕй хъулон кӕны+. 23 Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой+ ӕмӕ сӕ бон нӕу Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ* ӕвдисын+. 24 Гъемӕ уӕдӕ, рӕстгӕнджытыл нымад кӕй ӕрцыдысты, уый сын у лӕвар+ – йе стыр хорзӕхмӕ+ гӕсгӕ, Йесо Чырысти сӕ кӕй балхӕдта*+ ӕмӕ кӕй ссӕрибар сты, уый фӕрцы. 25 Хуыцау ӕй нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй адӕм Хуыцауимӕ бафидауой+, Чырыстийы тугыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы+. Афтӕ уымӕн сарӕзта, цӕмӕй равдыстаид, адӕмӕн куы быхста+ ӕмӕ, ивгъуыд заманты цы тӕригъӕдтӕ кодтой, уыдон сын куы хатыр кодта, уӕд раст кӕй уыд+, 26 стӕй цӕмӕй абон дӕр равдиса, Йесойыл чи ’ууӕнды, уый рӕстгӕнӕгыл куы банымайы+, уӕд дӕр раст кӕй вӕййы+.
27 Уӕдӕ ма уӕд, цӕмӕй ӕппӕлӕм, уый ис?+ Нал ис. Цавӕр закъонмӕ гӕсгӕ?+ Хъуыддӕгтӕ чи домы, уыцы закъонмӕ гӕсгӕ?+ Нӕ, уырнындзинады закъонмӕ гӕсгӕ+. 28 Мах афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ адӕймаг рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцӕуы йӕ уырнындзинады фӕрцы – закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдон кӕны ӕви нӕ, уӕддӕр+. 29 Ӕви Хуыцау ӕрмӕстдӕр дзуттӕгты Хуыцау у?+ Иннӕ адӕмты Хуыцау дӕр нӕу?+ Бӕгуыдӕр, иннӕ адӕмты Хуыцау дӕр у+. 30 Хуыцау иу у+, ӕмӕ сунӕтгонд чи у, уыдоны+ дӕр ӕмӕ, сунӕтгонд чи нӕу, уыдоны+ дӕр сӕ уырнындзинады фӕрцы банымайдзӕн рӕстгӕнджытыл. 31 Ӕмӕ уӕд, Йесойыл кӕй ӕууӕндӕм, уымӕй закъоны тых нӕ сӕттӕм?+ Уымӕн гӕнӕн нӕй! Закъонӕн йӕ тых сӕтгӕ нӕ кӕнӕм, фӕлӕ закъон фидар кӕнӕм+.