1 Азфыстыты
15 Ӕмӕ йӕхицӕн Давиды горӕты хӕдзӕрттӕ сарӕзта+. Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырынӕн дӕр бынат ӕрцӕттӕ кодта+ ӕмӕ йын цатыр сӕвӕрдта. 2 Гъе уӕд загъта Давид ацы ныхӕстӕ дӕр: «Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын хъуамӕ левитты йеддӕмӕ мачи хӕсса, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыдоны равзӕрста, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын+ хӕссой ӕмӕ йын ӕнустӕм лӕггад кӕной»+. 3 Стӕй Давид Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр Иерусалимы+ ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын+ ӕрбахастаиккой, цы бынат ын ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм.
4 Давид ӕрӕмбырд кодта Аароны+ фыртты ӕмӕ левитты дӕр. 5 Каафы фырттӕй: сӕ хистӕр Уриил+ ӕмӕ йе ’фсымӕрты – сӕдӕ дыууын адӕймаджы; 6 Мерарийы+ фырттӕй: сӕ хистӕр Асайӕ+ ӕмӕ йе ’фсымӕрты – дыууӕсӕдӕ дыууын адӕймаджы; 7 Гирсоны+ фырттӕй: сӕ хистӕр Иоил+ ӕмӕ йе ’фсымӕрты – сӕдӕ ӕртын адӕймаджы; 8 Елицафаны+ фырттӕй: сӕ хистӕр Шемайӕ+ ӕмӕ йе ’фсымӕрты – дыууӕсӕдӕ адӕймаджы; 9 Хевроны фырттӕй: сӕ хистӕр Елиил ӕмӕ йе ’фсымӕрты – ӕстай адӕймаджы; 10 Узиилы+ фырттӕй: сӕ хистӕр Аминадав ӕмӕ йе ’фсымӕрты – сӕдӕ дыууадӕс адӕймаджы. 11 Давид ма фӕдзырдта сауджынтӕ Садок+ ӕмӕ Авиафармӕ+ дӕр ӕмӕ левиттӕм – Уриил+, Асайӕ+, Иоил+, Шемайӕ+, Елиил+ ӕмӕ Аминадавмӕ, 12 ӕмӕ сын загъта: «Сымах стут левитты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+. Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут+, сымах дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕйы бадзырды чырын ӕрбахӕссут, цы бынат ын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм. 13 Амӕй размӕ афтӕ нӕ бакодтат+, ӕмӕ ныл уый тыххӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕ фыдӕх ныккалдта+, уымӕн ӕмӕ йын йӕ разамынд, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ бацагуырдтам»+. 14 Уӕд сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой+, цӕмӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕйы бадзырды чырын ӕрбахастаиккой.
15 Левитты фырттӕ ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын йӕ хъилтӕй систой+, се уӕхсчытыл ӕй сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ахастой+ – Йегъовӕ Моисейы уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 16 Давид левитты хистӕртӕн загъта, зӕгъгӕ, уе ’фсымӕртӕн, зарӕггӕнджытӕн+, зӕгъут, цӕмӕй музыкалон инструменттимӕ+ – хъисфӕндыртимӕ+, дыууадӕстӕнон фӕндыртимӕ+ ӕмӕ ӕрхуы тӕбӕгътимӕ+ слӕууой ӕмӕ хъӕрӕй цӕгъдой, ӕмӕ цины зӕлтӕ дардмӕ хъуысой.
17 Ӕмӕ левиттӕ сӕвӕрдтой Иоилы фырт Еманы+, йе ’фсымӕртӕй – Берехийы фырт Асафы+, стӕй се ’фсымӕртӕй, Мерарийы фырттӕй – Кушайы фырт Ефаны+, 18 ӕмӕ ма семӕ – се ’фсымӕрты, дыккаг къордӕй+ чи уыд, уыдоны дӕр: Захарийы+, Бены, Иаазиилы, Шемирамофы, Йехиилы, Уннийы, Елиавы, Ванейӕйы, Маасейӕйы, Маттифийы, Елифлеуйы, Микнейы, дуаргӕстӕ Овед-Едомы+ ӕмӕ Йеиелы. 19 Зарӕггӕнджыты, Еман+, Асаф+ ӕмӕ Ефаны, сӕвӕрдтой, цӕмӕй ӕрхуы тӕбӕгътӕй хъӕрӕй цагътаиккой+. 20 Захарийы, Азиилы+, Шемирамофы, Йехиилы, Уннийы, Елиавы, Маасейӕйы ӕмӕ Ванейӕйы сӕвӕрдтой хъисфӕндыртимӕ, сӕ хъисфӕндыртӕ арӕзт уыдысты бӕрзонд зӕлтыл*+. 21 Маттифийы+, Елифлеуйы, Микнейы, Овед-Едомы, Йеиелы ӕмӕ Азазийы сӕвӕрдтой амонджытӕй, уыди сӕм дыууадӕстӕнон фӕндыртӕ+, сӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртӕ арӕзт уыдысты ныллӕг зӕлтыл*+. 22 Левитты хистӕр Хенанийы+ сӕвӕрдтой, цӕмӕй, бадзырды чырын чи хаста, уыдонӕн разамынд лӕвӕрдтаид, уымӕн ӕмӕ Хенани хорз зыдта, уыцы хъуыддаджы куыд ӕмӕ цы аразын хъуыд, уый+. 23 Дуаргӕсты+, Берехийы ӕмӕ Елхъаны, сӕвӕрдтой, цӕмӕй бадзырды чырын хъахъхъӕдтаиккой. 24 Сауджынты, Шевани, Иосафат, Нафанаил, Амасай, Захари, Ванейӕ ӕмӕ Елиезеры, сӕвӕрдтой, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырыны раз уадындзтӕй+ хъӕрӕй уасыдаиккой, дуаргӕстӕ Овед-Едомы ӕмӕ Йехийы та сӕвӕрдтой бадзырды чырын хъахъхъӕнынӕн.
25 Ӕмӕ Давид+, Израилы+ хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ, минты сӕргъы+ чи лӕууыд, уыдон ацыдысты, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын Овед-Едомы+ хӕдзарӕй цингӕнгӕ+ рахастаиккой. 26 Ӕцӕг Хуыцау баххуыс кодта+, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста, уыцы левиттӕн, ӕмӕ уӕд авд уӕныджы ӕмӕ авд фыры нывондӕн ӕрхастой+. 27 Давидыл уыди зынаргъ хъуымацӕй конд ӕнӕдыс къаба. Ахӕм уӕлӕдарӕсы уыдысты, бадзырды чырын чи хаста, уыцы левиттӕ, зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ Хенани+ дӕр, дзауматӕ чи хаста, уыцы зарӕггӕнджыты+ сӕргъы чи лӕууыд, уый. Фӕлӕ ма Давидыл уыди кӕттаг ефод+ дӕр. 28 Ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр цины хъӕр кӕнгӕйӕ+ ӕмӕ сыкъайӕ+ уасгӕйӕ, уадындз+ ӕмӕ ӕрхуы тӕбӕгътыл+ цӕгъдгӕйӕ фӕцӕйхастой Йегъовӕйы бадзырды чырын ӕмӕ хъисфӕндыртӕй ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртӕй+ хъӕрӕй цагътой.
29 Йегъовӕйы бадзырды чырын+ Давиды горӕтмӕ куы бахастой, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ+ рудзынгӕй каст. Ӕмӕ паддзах Давиды Йегъовӕйы раз гӕппытӕгӕнгӕ ӕмӕ цингӕнгӕ куы федта+, уӕд йӕ цӕсты фегад+.