Райдиан
7 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Нойӕн загъта: «Дӕ бинонтимӕ+ наумӕ бацу, уымӕн ӕмӕ йӕ уынын, ацы фӕлтӕрӕй ды кӕй дӕ рӕстгӕнӕг+. 2 Хъуамӕ демӕ бакӕнай сыгъдӕг цӕрӕгойты алы мыггӕгтӕй дӕр фӕйнӕ авды, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ+. Сыгъдӕг чи нӕу, уыцы цӕрӕгойтӕй та ӕрмӕст дыгӕйттӕ, нӕл ӕмӕ сыл. 3 Демӕ ма хъуамӕ бакӕнай уӕларвон мӕргътӕй дӕр фӕйнӕ авды, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ+, цӕмӕй зӕххыл сӕ мыггаг ма фесӕфа+, 4 уымӕн ӕмӕ авд боны фӕстӕ ӕз зӕххыл рауадздзынӕн къӕвда+, ӕмӕ уардзӕн цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы+. Ӕмӕ ӕз зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, удӕгасӕй цыдӕриддӕр сфӕлдыстон, уыдон иууылдӕр»+. 5 Ӕмӕ Ной алцыдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
6 Зӕххыл доны хъаймӕт куы уыд, уӕд Нойыл цыди ӕхсӕзсӕдӕ азы+. 7 Ӕмӕ цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта, уӕдмӕ Ной йӕ фырттимӕ, йӕ усимӕ ӕмӕ йӕ фыртты устытимӕ бацыд наумӕ+. 8 Ӕмӕ сыгъдӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, сыгъдӕг чи нӕу, уыцы цӕрӕгойтӕ, мӕргътӕ ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлы+, 9 уыдон дыгӕйттӕй, нӕл ӕмӕ сыл, бацыдысты наумӕ, Ноймӕ, Хуыцау Нойӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 10 Ӕмӕ авд боны фӕстӕ зӕххыл райдыдта доны хъаймӕт.
11 Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕйӕм азы, дыккаг мӕйы*, мӕйӕн йӕ ӕвддӕсӕм бон фемӕхстысты ӕнӕкӕрон доны* гуылфӕнтӕ ӕмӕ арвы дуӕрттӕ фегом сты+. 12 Ӕмӕ зӕххыл сӕх-сӕхӕй уарыд цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы+. 13 Раст уыцы бон бахызтысты наумӕ Ной, Нойӕн йӕ фырттӕ+ Сим, Хам ӕмӕ Иафет, Нойӕн йӕ ус ӕмӕ йе ’ртӕ фыртӕн сӕ устытӕ+. 14 Семӕ наумӕ бацыди хъӕддаг сырдты алы мыггӕгтӕй+, хӕдзарон фосы алы мыггӕгтӕй, ӕндӕр цӕрӕгойты* алы мыггӕгтӕй+ ӕмӕ мӕргъты алы мыггӕгтӕй, алыхуызон базырджын цӕрӕгойтӕ+. 15 Уыдон Ноймӕ мидӕмӕ цыдысты дыгӕйттӕй, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр*+. 16 Наумӕ бацыди алы цӕрӕгойтӕй дӕр нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ, Хуыцау Нойӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Уый фӕстӕ Йегъовӕ дуар сӕхгӕдта+.
17 Зӕххыл къӕвда уарыд цыппор боны. Дон фылдӕрӕй-фылдӕр кодта ӕмӕ нау хӕрдмӕ систа, ӕмӕ зӕххы сӕрмӕ бӕрзонд ленк кодта. 18 Зӕхх донӕй байдзаг ӕмӕ дон фылдӕрӕй-фылдӕр кодта, фӕлӕ нау уӕддӕр ленк кодта доныл+. 19 Зӕххыл дон афтӕ сбирӕ, ӕмӕ арвы бын цыдӕриддӕр бӕрзонд хӕхтӕ уыди, уыдон доны бын фесты+. 20 Дон хӕхтӕй фынддӕс ӕлмӕрины уӕлдӕр ссыд, ӕмӕ хӕхтӕ нал зындысты+.
21 Ӕмӕ фесӕфтысты, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлыд, уыдон+: мӕргътӕ, хӕдзарон фос, хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ, зӕхх йедзаг кӕмӕй уыд, ӕппӕт уыцы лыстӕг цӕрӕгойтӕ, стӕй адӕм дӕр иууылдӕр+. 22 Сурзӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон* иууылдӕр амардысты+. 23 Афтӕмӕй Хуыцау* фесӕфта, зӕххы цъарыл цыдӕриддӕр уыдис, уыдон иууылдӕр. Адӕм, сырдтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойтӕ*, стӕй уӕларвон мӕргътӕ – иууылдӕр фесӕфтысты+. Удӕгасӕй ма баззадысты ӕрмӕстдӕр Ной ӕмӕ, науы йемӕ чи уыди, уыдон+. 24 Зӕхх та доны бын уыди сӕдӕ фӕндзай боны.