Зарӕг. Асафы+ псалом.
83 О Хуыцау, исты зӕгъ+.
Хъусӕй ма лӕуу, ӕнцад ма кӕс, о Хуыцау+.
2 Де знӕгты хъӕлӕба цӕуы+,
Ӕмӕ дӕ йе сӕфт чи уыны, уыдон сӕ сӕртыл схӕцыдысты+.
3 Дӕ адӕмы ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц+,
Кӕнынц сусӕг фӕндтӕ, кӕй бамбӕхстай, уыдоны ныхмӕ+.
4 Уыдон дзурынц: «Цомут ӕмӕ сӕ ныццӕгъдӕм, цӕмӕй ахӕм адӕм мауал уа+,
Цӕмӕй Израилы ном хъуыды дӕр мачиуал ӕркӕна»+.
5 Уыдон ӕмзӕрдӕйӕ бауынаффӕ кодтой сӕ кӕрӕдзиимӕ+.
Бадзырд скодтой дӕ ныхмӕ+
6 Едомы+ ӕмӕ измаилӕгты цатыртӕ, Моав+ ӕмӕ агарӕгтӕ+,
7 Гевал, Аммон+ ӕмӕ Амалик,
Филисти+ Тиры+ цӕрджытимӕ иумӕ.
8 Ӕрбаиу сӕм Ассири дӕр+,
Уыдон сӕ къух радтой Лоты фырттӕм+. (Села́)
9 Мадиам+ ӕмӕ Сисарӕйӕн+ куыд бакодтай,
Ӕмӕ Киссоны+ дӕлвӕзы Иавинӕн+ куыд бакодтай, афтӕ сын бакӕн.
10 Уыдоны ныццагътой Аендоры+,
Зӕххӕн систы фаджысы бӕсты+.
11 Сӕ кадджын лӕгтӕн сын бакӕн, Орив ӕмӕ Зивӕн+ куыд бакодтай, афтӕ,
Ӕмӕ сӕ кънйӕзтӕн се ’ппӕтӕн дӕр – Зевей ӕмӕ Салманӕн куыд бакодтай, афтӕ+.
12 Уыдон дзырдтой: «Хуыцауы цӕрӕнбынӕттӕ нӕхи бакӕнӕм»+.
13 О мӕ Хуыцау, дымгӕ сындзытӕ куыд ныззилы, афтӕ сӕ ныззил+,
Дымгӕ хъӕмп куыд аскъӕфы, афтӕ сын бакӕн+.
14 Арт хъӕд куыд басудзы+
Ӕмӕ пиллон арт хӕхтӕ куыд сарауы+,
15 Афтӕ сӕ фӕстейӕ асур дӕ уаддымгӕйӕ+
Ӕмӕ сын дӕ тыхджын дымгӕйӕ ӕнцой ма дӕтт+.
16 Сӕ цӕсгӕмттӕ сын худинагӕй бамбӕрз+,
Цӕмӕй дын адӕм дӕ ном агурой, о Йегъовӕ+.
17 Фӕхудинаг уӕнт ӕмӕ ӕнцой мауал зонӕнт ӕнустӕм+,
Сӕ худинаджы хъӕр айхъуысӕд ӕмӕ фесӕфӕнт+,
18 Цӕмӕй йӕ адӕм зоной+, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у+,
Ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау+, Хицау ӕгас зӕххӕн+.