Исай
28 Мӕгуыр йӕ бон Ефремы+ расыггӕнджыты диссаджы кадыхудӕн! Уыцы рӕсугъд худ хъӕздыг дӕлвӕзы сӕрыл ӕрдӕгхус дидинӕг йеддӕмӕ ницы у – уыцы дӕлвӕзы цӕрынц, сӕн кӕуыл фӕтых, уыдон. 2 Йегъовӕйӕн ис, стыр тых ӕмӕ хъаруйы хицау чи у, ахӕм чидӕр+. Уый уыдзӕн, арвы нӕрын ӕмӕ ихимӕ чи вӕййы+, бӕстыл чи ницыуал ныууадзы, ахӕм тыхдымгӕйы хуызӕн, тыхджын къӕвда сӕх-сӕхӕй гыбар-гыбургӕнгӕ куыд ныккалы, уый хуызӕн+, ӕмӕ йын йӕ кадыхуд зӕхмӕ фехсдзӕн. 3 Ефремы расыггӕнджытӕн сӕ диссаджы кадыхудтӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты+. 4 Ӕмӕ уыцы рӕсугъд худ,– хъӕздыг дӕлвӕзы сӕрыл ӕрдӕгхус дидинӕг+ йеддӕмӕ чи ницы у, уый,– уыдзӕн, сӕрды размӕ фыццаг чи сцӕттӕ вӕййы, ахӕм легъуийы хуызӕн+ – адӕймаг ӕй куы фены, уӕд ӕй ӕртоны ӕмӕ йӕ ахӕры.
5 Уыцы бон ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, йӕ адӕмӕй ма чи баззайа+, уыдонӕн суыдзӕн рӕсугъд кадыхуд+, дидинджытӕй быд рӕсугъд худ+. 6 Тӕрхон чи кӕны, уый разӕнгард кӕндзӕн рӕстӕй архайынмӕ+, кулдуары разӕй знаджы чи сура, уыдонӕн дӕтдзӕн хъару+.
7 Ӕмӕ адон дӕр сӕны тыххӕй сӕ фӕндагӕй адзӕгъӕл сты, карз нозты аххосӕй рахау-бахау кӕнынц. Сауджын ӕмӕ пехуымпар+ карз нозты аххосӕй сӕ фӕндагӕй адзӕгъӕл сты, сӕн сын сӕ зонд схӕццӕ кодта, карз нозты аххосӕй рахау-бахау кӕнынц+. Сӕ цӕстылуайӕнты схӕццӕтӕ сты, уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ дӕр цудтытӕ кӕнынц. 8 Фынгтӕ иууылдӕр се ’взӕр омдзӕгӕй+ нал зынынц – иу сыгъдӕг бынат дзы нал ис.
9 «Ай кӕмӕн амоны зонд+, кӕмӕн ӕмбарын кӕны, цы хабар хъусын кӕнынц+, уый? Мах исты, дзидзи кӕмӕн нал дарынц, ахӕм сывӕллӕттӕ стӕм, риуӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, ахӕм сабитӕ?+ 10 „Фӕдзӕхст ӕмӕ та фӕдзӕхст, фӕдзӕхст ӕмӕ та фӕдзӕхст, уагӕвӕрд* ӕмӕ та уагӕвӕрд, уагӕвӕрд ӕмӕ та уагӕвӕрд, ам дӕр иу гыццыл ӕмӕ уым дӕр иу гыццыл“»*+. 11 Уый ацы адӕмимӕ дзурдзӕн ӕндӕр ӕвзагыл+, къӕзӕнӕг+ чи у, уыдоны уылты+. 12 Афтӕ сын загъта: «Ай у фӕлладуадзӕн бынат. Фӕллад чи у, уый улӕфын бауадзут. Ай у улӕфӕн бынат». Фӕлӕ уыдоны хъусын нӕ фӕндыд+. 13 Ӕмӕ сын Йегъовӕйы ныхас ӕцӕгдӕр суыдзӕн афтӕ: «Фӕдзӕхст ӕмӕ та фӕдзӕхст, фӕдзӕхст ӕмӕ та фӕдзӕхст, уагӕвӕрд ӕмӕ та уагӕвӕрд, уагӕвӕрд ӕмӕ та уагӕвӕрд+, ам дӕр иу гыццыл ӕмӕ уым дӕр иу гыццыл», цӕмӕй ацӕуой, уӕлгоммӕ ахауой ӕмӕ сӕхи ныппырх кӕной, цӕмӕй хызы бахауой ӕмӕ сӕ ӕрцахсой+.
14 Гъемӕ уӕдӕ, хиппӕлойтӕ, байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ, байхъусут, ацы адӕмы хицӕуттӕ+, Иерусалимы чи ис, уыдон. 15 Сымах афтӕ зӕгъут: «Мах Мӕлӕтимӕ бадзырд скодтам+, Ингӕнимӕ* иу цӕстылуайӕн федтам+. Дон тынг куы раивыла ӕмӕ куы рагуылф кӕна, уӕддӕр махмӕ не схӕццӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ гӕдыныхас у не ’мбӕхсӕн бынат+, мӕнгдзинады бамбӕхстам нӕхи»+. 16 Ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: «Ӕз бындурӕн Сионы+ ӕвӕрын дур+ – уый у фӕлвӕрд дур+, фидар бындуры+ сӕйраг дур, зынаргъ дур+. Ӕмӕ йыл чи ӕууӕнды, уый ницӕмӕй фӕтӕрсдзӕн+. 17 Раст тӕрхон скӕндзынӕн барӕн бӕндӕн+, рӕстдзинад+ – барӕн хъил*. Ӕмӕ их+ ныххойдзӕн гӕдыныхасы ӕмбӕхсӕн бынат+, дӕттӕ сӕ быны фӕкӕндзысты, кӕм ӕмбӕхсы, уыцы бынат+. 18 Ӕмӕ, Мӕлӕтимӕ цы бадзырд скодтат, уый фехӕлдзӕн+, Ингӕнимӕ кӕй федтат, уыцы цӕстылуайӕнӕй ницы рауайдзӕн+. Дон тынг куы раивыла ӕмӕ куы рагуылф кӕна+, уӕд уӕ йӕ быны фӕкӕндзӕн+. 19 Куы-иу раивыла, уӕд-иу уӕ фӕласдзӕн+, уымӕн ӕмӕ ивылдзӕн алы райсом дӕр, бонӕй дӕр ӕмӕ ӕхсӕвӕй дӕр. Ӕмӕ уый тыххӕй фехъусгӕйӕ иннӕтӕн сӕ зӕрдӕты тас бацӕудзӕн+, ӕмӕ, цы хабар фехъуыстой, уый бамбардзысты».
20 Хуыссӕн ӕгӕр цыбыр у, цӕмӕй йыл адӕймаг йӕхи айваза, ӕмӕ хъӕццул ӕгӕр нарӕг у, цӕмӕй дзы йӕхи ӕрбатуха. 21 Йегъовӕ сыстдзӕн, Ваал-Перацимы хохыл+ куыд сыстад, афтӕ, базмӕлдзӕн, Гаваоны+ раз дӕлвӕзы куыд уыд, афтӕ, цӕмӕй йӕ хъуыддаг сараза – уый у диссаг хъуыддаг, цӕмӕй йӕ куыст бакӕна – уый у ӕнахуыр куыст+. 22 Мауал худут+, цӕмӕй уӕ уӕ рӕхыстӕ тынгдӕр ма ’рбалхъивой, уымӕн ӕмӕ ӕз Дунедарӕг+ Хуыцауӕй, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕ фехъуыстон, ӕгас бӕстӕйӕн дӕр тӕрхон хаст кӕй ӕрцыд ӕмӕ сӕфты хай кӕй бауыдзӕн+.
23 Уӕ хъус ӕрдарут ӕмӕ мӕм байхъусут. Уӕ хъус лӕмбынӕг ӕрдарут ӕмӕ мын мӕ ныхӕстӕм байхъусут. 24 Хуымгӕнӕг йӕ зӕхх куы фӕкусы+, уӕд ӕй ӕрмӕст хуым фӕкӕны, ӕрмӕст ӕй фӕлмӕн ӕмӕ похци фӕкӕны?+ 25 Зӕхх куы слӕгъз кӕны, уӕд дзы уый фӕстӕ сау зирӕ нӕ байтауы, зирӕ+ дзы нӕ апырх кӕны? Мӕнӕу, еуу*+ ӕмӕ хъӕбӕрхор – алкӕцы дӕр йӕ бынаты+ нӕ байтауы ӕмӕ хуымы кӕрӕтты+ та – ӕндӕр мӕнӕу*+? 26 Ӕмӕ Хуыцау дӕр адӕймагӕн йӕ рӕдыд дзуры+, раст зондыл ӕй ӕвӕры. Йӕ Хуыцау ын амоны зонд+. 27 Сау зирӕйыл найгӕнӕн дзоныгъ нӕ аласынц+, зирӕйыл найгӕнӕн уӕрдоны цалх нӕ атулынц. Сау зирӕ ныххойынц хъилӕй+, зирӕ – лӕдзӕгӕй. 28 Найгӕнӕн мусы хор цъӕл ныккӕнынц? Куы йӕ фӕнай кӕнынц+, уӕд уымӕн кӕрон нӕ вӕййы?+ Адӕймаг сыл рауадзы йӕ найгӕнӕн уӕрдоны цалх, стӕй йӕ бӕхты, фӕлӕ сӕ цъӕл нӕ ныккӕны+. 29 Ӕмӕ уый дӕр ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕ у+. Уымӕн йӕ фӕндтӕ диссаг сты ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр йӕ къухы бафтынц+.