Амонӕгӕн. Мут-лаббе́н. Давиды зарӕг.
א [А́леф]
9 Ӕппӕт зӕрдӕйӕ дӕ кадджын кӕндзынӕн, о Йегъовӕ+.
Хъусын кӕндзынӕн дӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр+.
2 Ӕз цин кӕндзынӕн, ды уыдзынӕ ме стыр цин+,
Дӕ номӕн дын зардзынӕн, о Иунӕг Стыр Хуыцау+.
ב [Бет]
3 Ме знӕгтӕ лидзӕг куы фӕуой+,
Уӕд фӕкӕлдзысты ӕмӕ дӕ цурӕй фесӕфдзысты+.
4 Уымӕн ӕмӕ мын ды рӕстӕй тӕрхон кодтай ӕмӕ мын мӕ хъуыддаг ӕвзӕрстай+,
Дӕ паддзахбадӕныл ӕрбадтӕ ӕмӕ рӕстӕй тӕрхон кӕныс+.
ג [Ги́мел]
5 Ды адӕмты бафхӕрдтай+, фыдгӕнӕджы фесӕфтай+.
Сӕ ном сын фесӕфтай ӕнустӕм, мыггагмӕ+.
6 Знаг сӕфт ӕрцыд ӕнустӕм+,
Ӕнустӕм сӕфт ӕрцыдысты, зӕххӕмвӕз кӕй скодтай, уыцы горӕттӕ дӕр+.
Ӕмӕ знагӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн+.
ה [Хе]
7 Йегъовӕ та йӕ паддзахбадӕныл баддзӕн ӕнустӕм+,
Йӕ паддзахбадӕн сфидар кӕндзӕн, цӕмӕй тӕрхон кӕна+.
8 Уый зӕххӕн кӕндзӕн раст тӕрхон+,
Адӕмты хъуыддӕгтӕ рӕстӕй ӕвзардзӕн+.
ו [Вав]
9 Ӕмӕ Йегъовӕ зӕрдӕсаст адӕмӕн суыдзӕн сӕ бӕрзонд хох+,
Сӕ бӕрзонд хох зын сахат+.
10 Дӕ ном дын чи зоны, уыдон дыл сӕ зӕрдӕ дардзысты+,
Уымӕн ӕмӕ ды, о Йегъовӕ, никуы ныууадздзынӕ, чи дӕ агуры, уыдоны+.
ז [За́йин]
11 Зарут Йегъовӕйӕн, Сионыл+ чи цӕры, уымӕн,
Дзурут адӕмтӕн йӕ хъуыддӕгты тыххӕй+.
12 Туг чи ныккалдта+, уыдоны агургӕйӕ уымӕй рох нӕ уыдзысты ӕфхӕрд адӕм+,
Нӕ сын ферох кӕндзӕн сӕ дзыназын+.
ח [Хет]
13 Батӕригъӕд мын кӕн, о Йегъовӕ. Ӕркӕс, йе сӕфт мӕ чи уыны+, уыдоны къухӕй куыд хъизӕмар кӕнын, уымӕ,–
Ды, мӕлӕты дуарӕй+ мӕ чи раздахы, уыцы Хуыцау,–
14 Цӕмӕй дын дӕ арфӕйаг хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнон+
Сионы чызджы+ кулдуӕртты раз+,
Цӕмӕй цин кӕнон, цы ирвӕзындзинад дӕттыс, ууыл+.
ט [Тет]
15 Адӕмтӕ ныххаудысты, цы дзыхъхъ скъахтой, уым+,
Сӕхӕдӕг кӕй сӕвӕрдтой, уыцы хызы+ сӕхи къах стыхст+.
16 Йегъовӕйы зонынц, йӕ тӕрхӕттӕ кӕй ӕххӕст кӕны, уымӕй+.
Фыдгӕнӕджы ӕрцахсынц йӕхи хъуыддӕгтӕ+.
Игайо́н. (Села́)
י [Йод]
17 Фыдгӕнджытӕ+ ацӕудзысты ингӕнмӕ+ –
Хуыцауы чи рох кӕны, уыцы адӕмтӕ иууылдӕр+.
18 Мӕгуыр адӕймаг цӕрӕнбонты нӕ уыдзӕн рохуаты+,
Ӕмӕ сабыр адӕмӕн сӕ ныфс никуы фесӕфдзӕн+.
כ [Каф]
19 Сыст, о Йегъовӕ! Ма бауадз, цӕмӕй сыджытӕй конд адӕймаг тыхджындӕр разына+.
Адӕмтӕ тӕрхонгонд ӕрцӕуӕнт дӕ цӕсгомы раз+.
20 Тас сӕ бауадз, о Йегъовӕ+,
Цӕмӕй адӕмтӕ зоной, сыджыт йеддӕмӕ кӕй ницы сты+. (Села́)