Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ
Зарӕг, горӕтмӕ цӕугӕйӕ.
128 Амондджын у, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы+
Ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы, уыцы адӕймаг+.
2 Ды хӕрдзынӕ дӕхи къухты фыдӕбон+.
Уыдзынӕ амондджын ӕмӕ фӕрнӕйдзаг+.
3 Дӕ ус уыдзӕн дыргъджын сӕнӕфсирбӕласау+
Дӕ хӕдзары мидӕг.
Дӕ фырттӕ уыдзысты оливӕбӕласы талатау+ дӕ фынджы алыварс.
4 Ахӕм арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзӕн+,
Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыцы адӕймаг!+
5 Йегъовӕ дын раарфӕ кӕндзӕн Сионӕй+.
Цӕрӕнбонты уындзынӕ Иерусалимы хорздзинад+.
6 Ды фендзынӕ дӕ фыртты фыртты дӕр+.
Израил хайджын уӕд фарнӕй!+