Иов
33 Ныр дӕ, Иов, курын, мӕ ныхӕстӕм мын байхъус,
Цыдӕриддӕр зӕгъон, уымӕ дӕ хъус ӕрдар.
2 Хъуамӕ мӕ ныхас зӕгъон,
Ме ’взаг+ хъуамӕ зӕгъа йӕ зӕгъинӕгтӕ.
5 Кӕд дӕ бон у, уӕд мын дзуапп ратт,
Дӕ ныхӕстӕ ӕрцӕттӕ кӕн ӕмӕ афтӕмӕй ӕрлӕуу мӕ разы.
7 Ницӕмӕй дӕ бауадздзынӕн тас
Ӕмӕ дыл уӕззау уаргъ нӕ сӕвӕрдзынӕн+.
8 Ды мӕ разы дзырдтай,
Ӕз дын фехъуыстон дӕ ныхӕстӕ:
9 „Ӕз сыгъдӕг дӕн, ницы фыддзинад ракодтон+,
Ницы аххос мыл ис, ницӕмӕй фӕрӕдыдтӕн+.
10 Уый ссары ӕфсӕнттӕ, цӕмӕй мӕ ныхмӕ рацӕуа,
Нымайы мӕ йе знагыл+.
14 Хуыцау фӕзӕгъы иу хатт,
Дыууӕ хатты+ – кӕд ӕй ничи ницӕмӕ ӕрдары, уӕддӕр –
15 Фыны+, ӕхсӕвы цӕстылуайӕны+,
Адӕм тарф фынӕй куы бавӕййынц,
Сӕ хуыссӕнтыл куы афынӕй вӕййынц, уӕд+.
16 Уӕд сын бакӕны сӕ хъустӕ+,
Цы фӕдзӕхст сын ратты, ууыл йӕ мыхуыр ӕрӕвӕры,
17 Цӕмӕй адӕймаджы цавӕрдӕр хъуыддагӕй бахиза+,
Цӕмӕй йӕ сӕрбӕрзонддзинадӕй бахъахъхъӕна+.
19 Ӕмӕ йын йӕ хуыссӕныл йӕ рыстытӕ уайдзӕф кӕнынц,
Йе стджыты рыст не ’нцайы.
20 Ахӕм цардӕй йын йӕ къӕбӕр дӕр сӕнад вӕййы+,
Йӕ удӕн сӕнад вӕййы, кӕй уарзы, уыцы хӕринаг дӕр.
21 Йӕ буар батайы, ницыуал дзы баззайы,
Йе стджытӕ разынынц.
22 Ӕмӕ йӕ уд ӕрлӕууы ингӕны был+,
Йӕ цард бахӕстӕг вӕййы, тӕссаг ын кӕмӕй у, уыдонмӕ.
23 Кӕд ын ис минӕвар,
Ӕхсӕны лӕг, минӕй иу,
Адӕймагӕн, раст цы у, уый чи зӕгъа,
24 Уӕд ӕм Хуыцау хорз цӕстӕй ракӕсдзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн:
„Фервӕзын ӕй кӕн, ма йӕ бауадз ингӕнмӕ ныххизын!+
26 Уый Хуыцауӕн йӕ хорзӕхы тыххӕй балӕгъстӕ кӕндзӕн+,
Ӕмӕ йын йӕ цӕсгом фендзӕн ӕмӕ фырцинӕй ныхъхъӕр кӕндзӕн,
Ӕмӕ Уый йӕ рӕстдзинад зӕххон адӕймагмӕ фӕстӕмӕ раздахдзӕн.
27 Уый адӕмы раз зардзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн:
„Ӕз тӕригъӕд ракодтон+ ӕмӕ рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтон,
Фӕлӕ мын не ’мбӕлди афтӕ кӕнын.
28 Уый мын мӕ уд фервӕзын кодта, нӕ йӕ бауагъта ингӕнмӕ ныххизын+,
Ӕмӕ мӕ цард фендзӕн рухс“.
29 Ӕппӕт адӕттӕ Хуыцау аразы
Адӕймаджы тыххӕй, дыууӕ хатты дӕр ӕмӕ ӕртӕ хатты дӕр,
30 Цӕмӕй йын йӕ уд ингӕнӕй фервӕзын кӕна+
Ӕмӕ йӕм царды рухс ракӕла+.
31 Дзӕбӕх мӕм байхъус, Иов!
Ӕнцад байхъус, ӕз дарддӕр дзурдзынӕн.
32 Кӕд мын исты зӕгъинаг дӕ, уӕд ӕй зӕгъ,
Дзур, уымӕн ӕмӕ дӕ рӕстдзинадӕй мӕ зӕрдӕ рухс кӕны.
33 Кӕд нӕ, уӕд та мӕнмӕ байхъус+.
Ӕнцад байхъус, ӕз дын бацамондзынӕн зонд».