1 Самуилы
18 Давид Саулимӕ ныхас куы фӕци, уӕд Давид Ионафаны+ зӕрдӕйӕн афтӕ адджын+ сси, ӕмӕ йӕ йӕхи удау бауарзта+. 2 Уыцы бон ӕй Саул акодта ӕмӕ йӕ йӕ фыды хӕдзармӕ нал ауагъта+. 3 Ионафан та Давидимӕ скодта бадзырд+, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕхи удау бауарзта+. 4 Стӕй Ионафан йӕ ӕнӕдыс халат раласта ӕмӕ йӕ Давидӕн радта, радта йын йӕ иннӕ уӕлӕдарӕс дӕр, стӕй йӕ хъама, йе ’рдын ӕмӕ йӕ рон дӕр. 5 Ӕмӕ Давид хӕстытӕм цӕуын райдыдта. Саул-иу ӕй кӕдӕмфӕнды ма арвыстаид,– Давид архайдта ӕмбаргӕйӕ+, ӕмӕ йӕ Саул йӕ хӕстонты сӕргъы сӕвӕрдта+. Ӕмӕ уый ӕппӕт адӕмӕн дӕр ӕмӕ Саулы лӕггадгӕнджытӕн дӕр сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд.
6 Иухатт та Давид филистимӕгты ныццагъта. Ӕмӕ хӕстӕй фӕстӕмӕ куы здӕхтысты, уӕд Израилы ӕппӕт горӕттӕй сылгоймӕгтӕ цингӕнгӕйӕ+, заргӕ+ ӕмӕ кафгӕ рацыдысты паддзах Саулы размӕ, ӕмӕ далатӕй+ ӕмӕ ӕртӕтӕнон фӕндыртӕй* цагътой. 7 Уыцы хабарыл цин кӕнгӕйӕ-иу сылгоймӕгтӕ базарыдысты:
«Саул знӕгтӕй амардта минтӕ,
Давид та – дӕсгай минтӕ»+.
8 Саул тынг смӕсты+, йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты уыцы ныхӕстӕ. Ӕмӕ загъта: «Давидӕн дӕсгай минтӕ радтой, мӕнӕн та – минтӕ. Паддзахы бартӕ ма йын хъӕуы раттын, ӕндӕр ницыуал хъуаг у!»+ 9 Ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Саул Давидмӕ зулцӕстӕй кӕсын райдыдта+.
10 Дыккаг бон+ Хуыцау бауагъта, цӕмӕй та Саулӕн йе ’взӕр хъуыдытӕ ӕнцой мауал лӕвӕрдтаиккой*+, ӕмӕ хӕдзары йӕхи пехуымпарау+ дарын райдыдта. Уыцы рӕстӕг та йын Давид, уымӕй размӕ бонты куыд уыд, афтӕ дыууадӕстӕнон фӕндырӕй цагъта+. Саулы къухы та уыд арц+. 11 Ӕмӕ Саул йӕ арц фехста+ ӕмӕ загъта: «Давиды къулмӕ ныххуыйдзынӕн!»+ Фӕлӕ Давид йӕхи фӕиуырдӕм кодта, ӕмӕ афтӕ уыд дыууӕ хатты+. 12 Уӕд Саул Давидӕй тӕрсын райдыдта+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыд йемӕ+, Саулы та ныууагъта+. 13 Гъемӕ йӕ йӕхицӕй арвыста+ ӕмӕ йӕ мин хӕстоны сӕргъы сӕвӕрдта. Ӕмӕ Давид цыди адӕмы разӕй+. 14 Давид алы хъуыддаджы дӕр архайдта ӕмбаргӕйӕ+, ӕмӕ Йегъовӕ уыд йемӕ+. 15 Саул уыдта, Давид тынг ӕмбаргӕйӕ кӕй архайы+, уый, ӕмӕ дзы тарст. 16 Израилы ӕмӕ Иудӕйы адӕм та се ’ппӕт дӕр уарзтой Давиды, уымӕн ӕмӕ уый цыди сӕ разӕй.
17 Иухатт Саул Давидӕн загъта: «Мӕ хистӕр чызг Меровӕйы+ дын ратдзынӕн. Ӕрмӕст мын хъӕбатырӕй лӕггад кӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хӕстыты хӕц»+. Йӕхӕдӕг та ахъуыды кодта: «Мӕ къухӕй мацы кӕнӕд, филистимӕгты къухӕй ссарӕд йӕ мӕлӕт»+. 18 Уӕд Давид Саулӕн загъта: «Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты Израилы мӕ хиуӕттӕ, мӕ фыды хӕдзарвӕндаг, цӕмӕй паддзахы сиахс суон?»+ 19 Фӕлӕ Меровӕйы, Саулы чызджы, Давидӕн раттыны рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд рабӕрӕг, уӕдмӕ мехолӕйаг+ Адриелӕн+ лӕвӕрд кӕй уыд, уый.
20 Ныр Давиды та уарзта Саулӕн йӕ иннӕ чызг Мелхолӕ+. Уый тыххӕй радзырдтой Саулӕн, ӕмӕ уыцы хабар йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. 21 Саул ахъуыды кодта: «Цӕй ӕмӕ йын ӕй раттон, ӕмӕ уӕд къӕппӕджы бахаудзӕн+ ӕмӕ филистимӕгты къухӕй йӕ мӕлӕт ссардзӕн». Ӕмӕ Давидӕн загъта: «Мӕ дыккаг чызджы уылты бахӕстӕг уыдзыстӕм». 22 Йӕ лӕггадгӕнджытӕн та бафӕдзӕхста: «Давидимӕ хибарӕй аныхас кӕнут ӕмӕ йын зӕгъут, зӕгъгӕ дӕ паддзах тынг райгонд у ӕмӕ дӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр се ’ппӕт дӕр бауарзтой. Цӕй уӕдӕ паддзахимӕ хӕстӕджытӕ баут». 23 Саулы лӕггадгӕнджытӕ уыцы ныхӕстӕ Давидӕн радзырдтой, фӕлӕ сын уый загъта: «Ӕнхъӕлут, ӕмӕ афтӕ ӕнцон у, паддзахы хӕстӕг суай, уый? Ӕз мӕнӕ мӕгуыр+, хуымӕтӕг адӕймаг дӕн»+. 24 Ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕ Саулӕн рахабар кодтой, Давид афтӕ ӕмӕ афтӕ загъта, зӕгъгӕ.
25 Уӕд сын Саул загъта: «Афтӕ зӕгъут Давидӕн: „Паддзахы ирӕд нӕ хъӕуы+. Сӕдӕ филистимаджы ӕфсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕроны+ йын ӕрбахӕсс, цӕмӕй паддзах йе знӕгтӕй йӕ маст райса“»+. Ӕцӕгӕй та Саулӕн йӕ зӕрды уыди Давиды филистимӕгты къухӕй фесафын. 26 Уыцы ныхӕстӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ Давидӕн радзырдтой, ӕмӕ уӕд Давиды бафӕндыд паддзахимӕ хӕстӕгдзинад скӕнын+. Ӕмӕ цалынмӕ ӕмгъуыды рӕстӕг нӕ фӕци, уӕдмӕ 27 Давид сыстад, йӕ адӕмимӕ ацыд ӕмӕ филистимӕгтӕй дыууӕсӕдӕ лӕджы амардта+, ӕрбахаста сын се ’фсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрӕттӕ+ ӕмӕ сӕ паддзахӕн нымадӕй радта, цӕмӕй бафидыдтаиккой. Гъемӕ йын Саул йӕ чызг Мелхолӕйы радта+. 28 Ӕмӕ Саул федта ӕмӕ бамбӕрста, Йегъовӕ Давидимӕ кӕй уыд, уый+. Йӕ чызг Мелхолӕ та Давиды уарзта+. 29 Ӕмӕ Саул Давидӕй ноджы тынгдӕр райдыдта тӕрсын, ӕмӕ цӕрӕнбонты уыд йе знаг+.
30 Филистимӕгты кънйӕзтӕ-иу+ хӕстмӕ куы рацыдысты, уӕд-иу Давид алы хатт дӕр Саулы лӕггадгӕнджытӕй се ’ппӕтӕй ӕмбаргӕдӕр+ разынд. Ӕмӕ йӕ ном дардыл айхъуыст+.