Йереми
1 Адон сты Хелкийы фырт Йеремийы+ ныхӕстӕ. Хелки уыди, Вениамины+ зӕххыл Анафофы+ цы сауджынтӕ цард, уыдонӕй иу. 2 Иудӕйы паддзах Амоны+ фырт Иосийы+ рӕстӕджы, Иоси ӕртындӕсӕм аз паддзах куы уыд, уӕд+, Йеремимӕ Йегъовӕйӕ уыд ныхас. 3 Уый ма уыд Иудӕйы паддзах Иосийы фырт Иоакимы+ рӕстӕджы дӕр, стӕй Иудӕйы паддзах Иосийы фырт Седекийы+ иуӕндӕсӕм азы кӕронмӕ, Иерусалимы цӕрджыты фӕндзӕм мӕй уацары куы акодтой, уӕдмӕ+.
4 Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: 5 «Дӕ мады гуыбыны+ дӕр дӕ нӕма сӕвзӕрын кодтон, афтӕ дӕ зыдтон+, гуыргӕ дӕр нӕма ракодтай, афтӕ дӕ равзӕрстон табуйаг хъуыддагӕн+. Ӕз дӕ скодтон адӕмтӕн пехуымпар».
6 Фӕлӕ йын ӕз загътон: «Нӕ, нӕ, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ! Ӕз нырма ӕрыгон дӕн+, ӕмӕ дзурынмӕ дӕр нӕ арӕхсын»+.
7 Уӕд мын Йегъовӕ загъта: «Афтӕ ма дзур, нырма ӕрыгон дӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дӕ кӕмӕдӕриддӕр арвитон, уыдонмӕ ацӕудзынӕ. Цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхсон, уый дзурдзынӕ+. 8 Ма сӕ тӕрс+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз демӕ дӕн, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон“»+.
9 Уый фӕстӕ мӕм Йегъовӕ йӕ къух ӕрбадардта ӕмӕ мын мӕ былтыл андзӕвыд+. Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: «Ӕз дын мӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтон де ’взагыл+. 10 Абон дӕ ӕз сӕвӕрдтон адӕмты ӕмӕ паддзахӕдты сӕргъы+, цӕмӕй бындзарӕй тонай ӕмӕ халай, цӕгъдай ӕмӕ пырх кӕнай+, аразай ӕмӕ садзай»+.
11 Уый фӕстӕ мӕ Йегъовӕ бафарста: «Йереми, цы уыныс?»
Ӕз ын загътон: «Уынын миндалбӕласы* къалиу».
12 Йегъовӕ мын дарддӕр загъта: «Раст зӕгъыс. Уый афтӕ уымӕн у, ӕмӕ ӕз фынӕй нӕ кӕнын*, мӕ ныхас сӕххӕст кӕндзынӕн»+.
13 Ӕмӕ та мӕ Йегъовӕ ногӕй бафарста: «Цы уыныс?»
Ӕз ын загътон: «Уынын цуайнаг, йӕ бынмӕ йын арт цырен кӕнынц. Ӕмӕ цуайнаг къул у цӕгатӕй хуссарырдӕм».
14 Уӕд мын Йегъовӕ загъта: «Цӕгатӕй ӕрбацӕудзӕн бӕллӕх ӕмӕ ацы зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр баййафдзӕн+. 15 „Ӕз сидын цӕгатаг паддзахӕдты цӕрӕг адӕмыхӕттытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр,– зӕгъы Йегъовӕ+.– Уыдон ӕрцӕудзысты, ӕмӕ паддзӕхтӕ сӕ паддзахбадӕнтӕ сӕвӕрдзысты Иерусалимы кулдуӕртты бахизӕнты цур+, йе ’ппӕт къулты алыварс ӕмӕ Иудӕйы ӕппӕт горӕтты раз+. 16 Се ’ппӕт фыдхъуыддӕгты тыххӕй сын цы тӕрхӕттӕ рахастон, уыдон сын фехъусын кӕндзынӕн+ – уыдон мӕ ныууагътой+, ӕндӕр хуыцӕуттӕн нывӕндты фӕздӕг уадзынц+ ӕмӕ, сӕ къухтӕй конд цы у, уыдӕтты раз сӕ зонгуытыл ӕрхауынц“+.
17 Ды та дӕхи арӕвдз кӕн*+, сыст ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уыдон сын дзур. Ӕппындӕр сӕ ма тӕрс+, цӕмӕй дын сӕ разы дӕ зӕрдӕйы тас ма бауадзон. 18 Абон дӕ ӕз ӕгас зӕххы раз+, Иудӕйы паддзӕхты раз, йӕ кънйӕзты раз, йӕ сауджынты раз ӕмӕ ацы зӕххы цӕрджыты раз+, скодтон фидаргонд горӕты хуызӕн, ӕфсӕйнаг цӕджындз ӕмӕ ӕрхуы къулты+ хуызӕн. 19 Уыдон демӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз демӕ дӕн+, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон“»+.