Псалом
Амонӕгӕн. Корейы фыртты псалом+. Маскил*.
44 О Хуыцау, мах нӕхи хъустӕй фехъуыстам,
Нӕ фыдӕлтӕ нын радзырдтой+,
Сӕ заманты+, раджы заманты,
Цы хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, уый тыххӕй+.
2 Дӕ къухӕй ды фӕтардтай иннӕ адӕмты+,
Ӕмӕ сӕ бынаты уыдоны ӕрцӕрын кодтай*+.
Ды адӕмыхӕттыты басастай ӕмӕ сӕ фӕсырдтай+.
3 Уыцы зӕхх сӕ хъамайы фӕрцы нӕ бацахстой+
Ӕмӕ сын ирвӕзындзинад сӕ цонджы хъару не ’рхаста+,
Фӕлӕ дӕ рахиз къух+, дӕ цонджы хъару ӕмӕ дӕ цӕсгомы рухс,
Уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕйӕн уыдысты адджын+.
12 Дӕ адӕмы дӕттыс бынтон лӕвар+,
Сӕ аргъӕй ницы самал кодтай.
13 Нӕ сыхӕгтӕн нӕ фидиссаг фӕкодтай+,
Нӕ алыварс чи ис, уыдон ныл иууылдӕр худынц ӕмӕ нӕ хынджылӕг кӕнынц+.
15 Ме ’гаддзинад ӕдзухдӕр ис мӕ разы.
Мӕ цӕсгом мын худинаг бамбӕрзта+,
16 Цъыф мыл чи калы ӕмӕ мӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи кӕны, уый тыххӕй,
Знаг ӕмӕ мастисӕджы тыххӕй+.
17 Ӕппӕт адӕттӕ баййӕфта нӕ сӕр, фӕлӕ дӕ нӕ ферох кодтам+
Ӕмӕ дӕ бадзырдыл гадзрахатӕй нӕ рацыдыстӕм+.
20 Кӕд нӕ Хуыцауы ном ферох кодтам
Кӕнӕ нӕ къухтӕ ӕцӕгӕлон хуыцаумӕ ивазӕм+,
21 Уӕд уый Хуыцау нӕ базондзӕн?+
Уый зоны зӕрдӕйы сусӕгдзинӕдтӕ+.
22 Фӕлӕ нӕ дӕу тыххӕй ӕдзух ӕппарынц мӕлӕты дзыхмӕ,
Нымайынц нӕ, ӕргӕвдынмӕ кӕй ӕрцӕттӕ кодтой, ахӕм фыстыл+.
24 Цӕмӕн ӕмбӕхсыс дӕ цӕсгом?
Цӕмӕн дӕ у рох, кӕй нӕ ӕфхӕрынц ӕмӕ нӕ кӕй ссӕндынц, уый?+
25 Нӕ уд сыджыты онг ныггуыбыр+,
Нӕ гуыбыны цъар зӕххыл баныхӕст.