Амонӕгӕн. Лили, зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн. Михтам. Давиды псалом. Иннӕты ахуыр кӕнынӕн+. Арам-Нагараим ӕмӕ Арам-Цовӕйы ӕфсӕдтимӕ куы хӕцыд, ӕмӕ Иоав куы раздӕхт ӕмӕ Цӕххы дӕлвӕзы едомӕгтӕй дыууадӕс мины куы ныццагъта, уӕд+.
60 О Хуыцау, дӕхицӕй нӕ аппӕрстай, нӕ рӕнхъытӕ нын батыдтай+,
Смӕсты нӕм дӕ. Фӕстӕмӕ нӕ дӕ хорзӕхӕй схайджын кӕн+.
2 Зӕхх базмӕлын кодтай, дыууӕ дихы йӕ фӕкодтай+.
Байгас ын кӕн йе скъуыдтӕ, уымӕн ӕмӕ банкъуысыд+.
3 Дӕ адӕмӕн зындзинӕдтӕ бавзарын кодтай+.
Сӕн нын бадардтай, ӕмӕ нӕ къахыл нал лӕууӕм+.
4 Чи дӕ тӕрсы, уыдонӕн амонӕн сӕвӕрдтай+,
Цӕмӕй алидзой ӕмӕ ӕрдынӕй аирвӕзой. (Села́)
5 Баххуыс нын кӕн дӕ рахиз къухӕй ӕмӕ нын дзуапп ратт+,
Цӕмӕй, кӕй уарзыс, уыдон фервӕзой+.
6 Хуыцау, сыгъдӕг Хуыцау, загъта+:
«Ӕз цин кӕндзынӕн. Сихем ратдзынӕн, кӕмӕн мӕ фӕнды, уымӕн+,
Сокхофы дӕлвӕз дӕр, кӕмӕн мӕ фӕнды, уымӕн сбардзынӕн ӕмӕ йын ӕй ратдзынӕн+.
7 Галаад дӕр мӕн у ӕмӕ Манасси дӕр+.
Ефрем у ме ’вӕрд сӕргълӕууӕджы фидар.
Иудӕ мын у хицауы лӕдзӕг+.
8 Моав у мӕ къӕхтӕхсӕн аг+.
Едомыл фехсдзынӕн мӕ дзабыр+.
Филистийыл фӕуӕлахиз уыдзынӕн ӕмӕ фырцинӕй хъӕр кӕндзынӕн»+.
9 Чи мӕ бакӕндзӕн, знаг кӕуыл ӕртыхст, уыцы горӕтмӕ?+
Чи мӕ фӕхӕццӕ кӕндзӕн Едоммӕ?+
10 Дӕу йеддӕмӕ ничи, о Хуыцау – йӕхицӕй нӕ чи аппӕрста+
Ӕмӕ не ’фсӕдтимӕ хӕстмӕ чи нӕ рацӕуы, уыцы Хуыцау+.
11 Фервӕзын нӕ кӕн тыхст уавӕрӕй+,
Уымӕн ӕмӕ нӕ зӕххон адӕймаг нӕ фервӕзын кӕндзӕн+.
12 Хуыцау нын ратдзӕн хъару+,
Уый йӕхӕдӕг ныссӕнддзӕн не знӕгты+.