Йесо Навин
14 Уыцы зӕххытӕ Израилы фырттӕ бынӕн райстой Ханааны зӕххыл+. Радтой сын сӕ сауджын Елеазар ӕмӕ Навины фырт Йесо ӕмӕ, Израилы мыггӕгтӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдоны хистӕртӕ+. 2 Фараст мыггагӕн ӕмӕ иу мыггаджы ӕмбисӕн+ бынтӕ радтой хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 3 Иннӕ дыууӕ мыггагӕн ӕмӕ иу мыггаджы ӕмбисӕн Моисей бынтӕ радта Иорданы фаллаг фарс+. Левиттӕн та адӕмы ’хсӕн бынтӕ нӕ радта+. 4 Иосифы фырттӕй рацыд дыууӕ мыггаджы+: Манассийы+ мыггаг ӕмӕ Ефремы+ мыггаг. Левиттӕн та уыцы зӕххыл хай нӕ радтой, радтой сын ӕрмӕстдӕр, кӕм цардаиккой, ахӕм горӕттӕ+, стӕй се стурвосӕн ӕмӕ сӕ лыстӕг фосӕн хизӕнтӕ+. 5 Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой Израилы фырттӕ, ӕмӕ зӕхх байуӕрстой.
6 Уый фӕстӕ Иудӕйы фырттӕ Йесомӕ Галгалмӕ+ ӕрбацыдысты, ӕмӕ йын кенезейаг*+ Йефоннийы фырт Халев+ загъта: «Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, Йегъовӕ Кадес-Варнийы+ мӕн тыххӕй ӕмӕ дӕу тыххӕй ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг Моисейӕн+ цы загъта+, уый. 7 Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей мӕ Кадес-Варнийӕ ацы зӕхх сгарӕг куы арвыста, уӕд мыл цыди цыппор азы+. Фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхтӕн, уӕд ын ӕппӕт дӕр радзырдтон, мӕ зӕрдӕ мӕм куыддӕриддӕр дзырдта, афтӕ+. 8 Ме ’фсымӕртӕй мемӕ чи ацыд, уыдон адӕмы зӕрдӕты тас бауагътой+, фӕлӕ ӕз алы хъуыддаджы дӕр мӕ Хуыцау Йегъовӕйы коммӕ кастӕн+. 9 Ӕмӕ мын уыцы бон Моисей расомы кодта: „Цы зӕххыл цыдтӕ+, уый ӕнустӕм дӕр уыдзӕн дӕу ӕмӕ дӕ фыртты, райсдзыстут ӕй бынӕн, уымӕн ӕмӕ ды алы хъуыддаджы дӕр мӕ Хуыцау Йегъовӕйы коммӕ кастӕ“+. 10 Ӕмӕ мын Йегъовӕ ныр цыппор фондз азы дӕргъы хъахъхъӕны мӕ цард+, зӕрдӕ мын куыд бавӕрдта+, афтӕ – Израил ӕдзӕрӕг быдыры куы уыд ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕдӕй нырмӕ+. Ӕмӕ мыл ныр цӕуы ӕстай фондз азы, 11 фӕлӕ ныр дӕр дӕн, Моисей мӕ куы арвыста, уӕд куыд фидар уыдтӕн, афтӕ фидар+. Уӕд мӕм цы хъарутӕ уыд, уыцы хъарутӕ мӕм ис ныр дӕр, цӕмӕй хӕцон – цӕмӕй цӕугӕ дӕр акӕнон ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр ӕрбаздӕхон+. 12 Уӕдӕ мын ратт, уыцы бон мын Йегъовӕ зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕхбӕстӕ+. Уыцы бон ӕй дӕхӕдӕг куы фехъуыстай, енакимтӕ+ дзы кӕй цӕры ӕмӕ дзы стыр, фидаргонд горӕттӕ+ кӕй ис. Ныфс мӕ ис, ӕмӕ Йегъовӕ уыдзӕн мемӕ+, ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ байсдзынӕн, Йегъовӕ зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ»+.
13 Уӕд Йесо Йефоннийы фырт Халевӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йын Хеврон бынӕн радта+.14 Ӕмӕ Хеврон абоны онг дӕр у кенезейаг Йефоннийы фырт Халевы, уымӕн ӕмӕ уый алы хъуыддаджы дӕр Израилы Хуыцау Йегъовӕйы коммӕ каст+. 15 Хеврон раздӕр хуынди Кириаф-Арбӕ+ – Арбӕ+ уыд енакимты ’хсӕн ӕппӕты кадджындӕр адӕймаг. Ӕмӕ зӕхх хӕстӕй сулӕфыд+.