Райдиан
31 Цасдӕры фӕстӕ Иаков фехъуыста, Лаваны фырттӕ цы дзырдтой, уый: «Нӕ фыдмӕ цыдӕриддӕр уыди, уыдон Иаков йӕхи бакодта ӕмӕ нӕ фыды фӕллойӕ схъӕздыг»+. 2 Иаков ма уыдта уый дӕр, ӕмӕ йӕм Лаван раздӕрау хорз цӕстӕй кӕй нал каст+. 3 Ӕмӕ иу бон Йегъовӕ Иаковӕн загъта: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ ӕмӕ дӕ хиуӕттӕм+. Ныронг куыд уыдтӕн демӕ, афтӕ дарддӕр дӕр демӕ уыдзынӕн»+. 4 Уӕд Иаков арвыста Рахил ӕмӕ Лийӕмӕ, цӕмӕй йӕм, йӕ дзугтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм быдырмӕ ӕрбацыдаиккой. 5 Ӕмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сын загъта:
«Ӕз уынын, уӕ фыд мӕм раздӕрау хорз цӕстӕй кӕй нал кӕсы+. Фӕлӕ мӕ фыды Хуыцау мемӕ ис+. 6 Уӕхӕдӕг дӕр ӕй зонут, мӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрстон, афтӕмӕй кӕй куыстон уӕ фыдӕн+. 7 Уый та мыл сайдӕй цыди, цӕуыл баныхас кодтам, уый дӕс хатты аивта. Фӕлӕ йӕ Хуыцау нӕ бауагъта мӕнӕн зиан ракӕнын+. 8 Афтӕ-иу куы загъта, зӕгъгӕ, тӕппытӕ фос уыдзысты дӕу, уӕд-иу фос иууылдӕр ныззадысты тӕппытӕ уӕрыччытӕ ӕмӕ сӕныччытӕ. Афтӕ-иу куы загъта, гӕрӕмтӕ фос уыдзысты дӕу, уӕд та-иу ӕппӕт фос дӕр ныззадысты гӕрӕм уӕрыччытӕ ӕмӕ сӕныччытӕ+. 9 Афтӕмӕй Хуыцау уӕ фыдӕн йӕ фосы дзугтӕ байста ӕмӕ сӕ мӕнӕн радта+. 10 Иухатт, фосӕн се схъазыны афон, ахӕм фын федтон+, цыма сӕгътӕ кӕмӕй схъазыдысты, уыцы цӕутӕ уыдысты гӕрӕмтӕ, тӕппытӕ ӕмӕ хъулӕттӕ+. 11 Ӕмӕ мӕм уӕд фыны фӕзынд ӕцӕг Хуыцауы зӕд ӕмӕ мӕм бадзырдта: „Иаков!“ Ӕз ын дзуапп радтон: „Мӕнӕ дӕн“+. 12 Ӕмӕ мын загъта: „Дӕ хорзӕхӕй, акӕс-ма, уӕртӕ сӕгътыл чи гӕпп кӕны, уыцы цӕутӕм. Иууылдӕр сты гӕрӕмтӕ, тӕппытӕ ӕмӕ хъулӕттӕ, уымӕн ӕмӕ ӕз уынын, Лаван дын цытӕ кӕны, уый+. 13 Ӕз дӕн ӕцӕг Хуыцау, Вефилы+ дӕм чи фӕзынд, уыцы Хуыцау. Уым ды дур нысанӕн сӕвӕрдтай ӕмӕ йыл сой рауагътай*+ ӕмӕ мын расомы кодтай+. Ныр сыст ацы зӕххӕй ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕ райгуырӕн зӕхмӕ аздӕх“»+.
14 Ӕмӕ йын уӕд Рахил ӕмӕ Лийӕ дзуапп радтой: «Уӕвгӕ ма нӕм нӕ фыды хӕдзарӕй исты хауы?+ 15 Ӕцӕгӕлӕттыл нӕ кӕй нымайы, уый бӕрӕг нӕу? Ауӕй нӕ кодта ӕмӕ мах тыххӕй цы ӕхца райста, уыдонӕй цӕры+. 16 Уӕдӕ Хуыцау нӕ фыдӕй цы хъӕздыгдзинад байста, уый иууылдӕр у мах ӕмӕ нӕ сывӕллӕтты+. Гъемӕ дын Хуыцау куыд загъта, афтӕ бакӕн»+.
17 Ӕмӕ уӕд Иаков сыстад, йӕ сывӕллӕтты ӕмӕ йӕ устыты теуатыл сбадын кодта+, 18 йӕ разӕй атардта йӕ фосы дзугтӕ иууылдӕр, Паддан-Арамы цы дзугтӕ скодта, уыдон, рахаста, цыдӕриддӕр ӕм мулк ӕрӕмбырд, уый+ ӕмӕ араст Ханааны зӕхмӕ, йӕ фыд Исахъмӕ+.
19 Лаван та уыцы рӕстӕг хӕдзары нӕ уыди, йӕ фыстӕ ӕлвынынмӕ ацыд. Ӕмӕ Рахил радавта йӕ фыды терафимты*+. 20 Иаков асайдта сириаг Лаваны, ницы йын загъта, афтӕмӕй ацыд. 21 Иаков алыгъд, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уыимӕ. Ӕмӕ бахӕццӕ Стыр цӕугӕдонмӕ*+ ӕмӕ йӕ сӕрты ахызт. Уырдыгӕй та араст Галаады хӕхбӕсты ’рдӕм+. 22 Ӕртыккаг бон Лаванӕн фӕхабар кодтой, Иаков алыгъд, зӕгъгӕ. 23 Гъемӕ йе ’фсымӕрты йемӕ ракодта ӕмӕ йӕ фӕстейӕ асырдта+, ӕмӕ йӕ авд боны фӕстӕ Галаады хӕхбӕсты баййӕфта. 24 Фӕлӕ уым ӕхсӕвы Хуыцау сириаг Лаванмӕ+ фыны фӕзынд+ ӕмӕ йын загъта: «Кӕс, Иаковы ма бахъыгдар»+.
25 Иаков йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Галаады хӕхбӕсты, ӕмӕ йӕ Лаван уым баййӕфта, ӕмӕ уый дӕр йе ’фсымӕртимӕ йӕ цатыртӕ уым ӕрӕвӕрдта. 26 Ӕмӕ Лаван Иаковӕн загъта: «Уый цы сарӕзтай? Цӕмӕн мӕ асайдтай? Мӕ чызджыты мын цыма хӕсты уацары райстай, уыйау сӕ куы ракодтай+. 27 Сусӕгӕй цӕмӕн алыгътӕ, цӕмӕн мӕ асайдтай ӕмӕ мын цӕуылнӕ исты загътай? Ӕз дӕ хъазгӕ-заргӕйӕ+, далайы ӕмӕ хъисфӕндыры цагъдимӕ арвыстаин+. 28 Уый фадат дӕр мын нӕ радтай, цӕмӕй мӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ мӕ чызджытӕн апъа кодтаин+. Ды ӕнӕзонд ми бакодтай. 29 Ныр уын мӕ бон у маст скӕнын+, фӕлӕ уӕ фыды Хуыцау дысон мемӕ фыны ныхас кодта ӕмӕ мӕ бафӕдзӕхста: „Кӕс, Иаковы ма бахъыгдар“+. 30 Ӕмӕ уый хорз, дӕ фыды хӕдзар ӕрымысыдтӕ ӕмӕ рацыдтӕ, фӕлӕ ма мын мӕ хуыцӕутты та цӕмӕн радавтай?»+
31 Иаков Лаванӕн дзуапп радта: «Афтӕ уымӕн бакодтон, ӕмӕ тарстӕн+, дӕ чызджыты куы байсай, уымӕй. 32 Дӕ хуыцӕутты кӕмӕ ссарай, уый та удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн+. Цыдӕриддӕр мӕм ис, уый не ’фсымӕрты раз дӕхӕдӕг фен, ӕмӕ сӕ кӕд ссарай, уӕд сӕ ахӕсс»+. Иаков та нӕ зыдта, Рахил сӕ кӕй радавта, уый+. 33 Гъемӕ Лаван бацыд Иаковы цатырмӕ, стӕй Лийӕйы цатырмӕ, федта дыууӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы цатыры дӕр+, фӕлӕ сӕ не ссардта. Лийӕйы цатыры сӕ куы бацагуырдта, уӕд бацыд Рахилы цатырмӕ. 34 Фӕлӕ Рахил уыцы терафимты райста, теуайы саргъы дзыппы сӕ сӕвӕрдта ӕмӕ сыл сбадти. Лаван ӕнӕхъӕн цатыры дӕр фӕрацагур-бацагур кодта, фӕлӕ ницы ссардта. 35 Ӕмӕ уӕд Рахил йӕ фыдӕн загъта: «Мӕ фыд+, ма мӕм смӕсты у, дӕ разы кӕй нӕ сыстадтӕн, уый тыххӕй. Мӕ бон нӕу, сылгоймагӕн куыд вӕййы, афтӕ нӕфӕразгӕ дӕн»+. Гъемӕ Лаван алы ран дӕр фӕцагуырдта, фӕлӕ терафимты не ссардта+.
36 Уӕд Иаков смӕсты+ ӕмӕ Лаванимӕ хыл кӕнын райдыдта. Ӕмӕ йын загъта: «Ӕвзӕрӕй дын цы ракодтон?+ Цавӕр тӕригъӕд мыл ис, ӕмӕ мӕ фӕдыл зилай?+ 37 Цыдӕриддӕр мӕм ис, уыдон иууылдӕр басгӕрстай, ӕмӕ дзы дӕу цы у, ахӕмӕй исты ссардтай?+ Кӕд о, уӕд ӕй ам ме ’фсымӕрты ӕмӕ де ’фсымӕрты раз ӕрӕвӕр+, ӕмӕ йӕ уыдон равзарӕнт, нӕ дыууӕйӕ раст чи у, уый+. 38 Дыууын азы дӕм фӕцардтӕн. Дӕ фыстӕй ӕмӕ дӕ сӕгътӕй иу дӕр никуы фефтыдта+. Дӕ фырытӕй дын никуы бахордтон. 39 Сырд-иу кӕй бахордта, уый дӕр дӕумӕ никуы ӕрбахастон+. Йӕ аргъ дын-иу бафыстон. Фосӕй-иу бонӕй адавтаиккой ӕви ӕхсӕвы,– мӕнӕй-иу ӕй агуырдтай+. 40 Бонӕй мӕ хур сыгъта, ӕхсӕв та уазалӕй мардтӕн, ӕмӕ-иу мӕ хуыссӕг фӕлыгъд+. 41 Афтӕмӕй дыууын азы арвыстон дӕ хӕдзары. Цыппӕрдӕс азы дын дӕ дыууӕ чызджы тыххӕй фӕкуыстон, ӕхсӕз азы та – дӕ фосы тыххӕй. Ды та, цӕуыл баныхас кодтам, уый дӕс хатты аивтай+. 42 Ӕмӕ мӕ фыды Хуыцау+, Авраамы Хуыцау ӕмӕ, Исахъ кӕмӕй тӕрсы, уыцы Хуыцау+, мемӕ куы нӕ уыдаид, уӕд мӕ ныр дӕр афтидкъухӕй арвитис. Фӕлӕ мын Хуыцау федта мӕ тухитӕ ӕмӕ мӕ фыдӕбон, ӕмӕ дын дысон бауайдзӕф кодта»+.
43 Уӕд Лаван Иаковӕн загъта: «Ацы чызджытӕ мӕ чызджытӕ сты, сывӕллӕттӕ дӕр мӕ сывӕллӕттӕ сты, уӕдӕ ацы фос дӕр мӕн сты, ӕмӕ цыдӕриддӕр уыныс, уыдон иууылдӕр мӕн ӕмӕ мӕ чызджыты сты. Ӕмӕ ныр ӕз мӕ чызджытӕн кӕнӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕвзӕрӕй цы хъуамӕ саразон? 44 Цӕй ӕмӕ бадзырд+ скӕнӕм, ӕмӕ уый уыдзӕн ӕвдисӕн нӕ дыууӕйы ’хсӕн»+. 45 Ӕмӕ уӕд Иаков дур райста ӕмӕ йӕ зӕххы нысанӕн ӕрсагъта+. 46 Уый фӕстӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Дуртӕ-ма ӕрӕмбырд кӕнут!» Уыдон дӕр дуртӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл самадтой+. Ӕмӕ стӕй уыцы дурты сӕрыл къӕбӕр бахордтой. 47 Уыцы дурты цӕнд Лаван схуыдта Йегар-Сагадуфӕ*, Иаков та йӕ схуыдта Галаад*.
48 Ӕмӕ Лаван загъта: «Абон ацы дурты цӕнд у ӕвдисӕн нӕ дыууӕйы ’хсӕн». Уый тыххӕй йӕ схуыдтой Галаад+ дӕр, 49 стӕй Хъахъхъӕнӕн мӕсыг дӕр, уымӕн ӕмӕ Лаван загъта: «Кӕрӕдзийӕ дард куы уӕм, уӕд нын Йегъовӕ хъахъхъӕнӕд нӕ алы къахдзӕф дӕр+. 50 Мӕ чызджыты мын куы ’фхӕрай+ ӕмӕ ма уыдонӕй уӕлдай ӕндӕр устытӕ куы ’рхӕссай, уӕд ӕй зон: уый адӕмӕй ӕппындӕр куы ничи фена, уӕддӕр ӕй Хуыцау фендзӕн – уый у ӕвдисӕн нӕ дыууӕйы ’хсӕн»+. 51 Лаван ма Иаковӕн ноджыдӕр загъта: «Мӕнӕ ис ацы дурты цӕнд ӕмӕ, нӕ дыууӕйы ’хсӕн нысанӕн кӕй сӕвӕрдтон, уыцы дур. 52 Ацы цӕнд дӕр ӕмӕ ацы дур дӕр сты ӕвдисӕн+, ӕз ацы цӕндӕй дарддӕр кӕй нӕ акъахдзӕф кӕндзынӕн дӕуӕн ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ ӕмӕ ды дӕр ацы цӕндӕй ӕмӕ ацы дурӕй дарддӕр кӕй нӕ акъахдзӕф кӕндзынӕ мӕнӕн ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ+. 53 Авраамы хуыцау+ ӕмӕ Нахоры хуыцау+, сӕ фыды хуыцау нын уӕд тӕрхонгӕнӕг». Иаков та расомы кодта, йӕ фыд Исахъ кӕмӕй тарст, уыцы Хуыцауӕй+.
54 Уый фӕстӕ Иаков хохыл нывонд ӕрхаста ӕмӕ йе ’фсымӕрты фӕхуыдта къӕбӕр бахӕрынмӕ+. Ӕмӕ бахордтой ӕмӕ ӕхсӕв уым хохыл арвыстой. 55 Лаван райсомӕй раджы сыстад, йӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ йӕ чызджытӕн апъа кодта+ ӕмӕ сын раарфӕ кодта+. Ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхт+.