Михей
7 Мӕгуыр мӕ бон!+ Сӕрдыгон дыргътӕ куы ’ртонынц, сӕнӕфсир куы бафснайынц, уый фӕстӕ куыд вӕййы, афтӕ дӕн+. Лӕг сӕнӕфсир ахӕрид, фӕлӕ дзы иу цупал дӕр нӕй, фыццаг чи срӕгъӕд вӕййы, уыцы легъуитӕй мӕ дзых аадджын кӕнин, фӕлӕ – нӕй!+ 2 Зӕххыл иузӕрдион адӕймаг нал баззад, адӕмы ’хсӕн иу рӕстзӕрдӕ адӕймаг дӕр нал ис+. Се ’ппӕт дӕр искӕй размӕ бабадынц, цӕмӕй туг ныккалой+. Алчи сӕ йе ’фсымӕры фӕдыл хызимӕ цуан кӕны+. 3 Ӕвзӕрдзинад аразынмӕ дӕсны сты+. Кънйаз цыдӕртӕ домы, тӕрхонгӕнӕг тӕрхон кӕны лӕвӕрттыл+, хицау йӕ зӕрдӕйы фӕнд загъта+, ӕмӕ йӕ куыд сӕххӕст кӕной, ууыл уынаффӕ кӕнынц. 4 Ӕппӕты хуыздӕр сӕ чи у, уый дӕр сындзы къутӕрӕй уӕлдай нӕу, ӕппӕты ӕнӕзӕрдӕхудт сӕ чи у, уый дӕр сындзытӕй быд кауӕй фыддӕр у+. Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн, дӕ хъахъхъӕнджытӕ цы бонӕй дзырдтой, дӕ хъуыддӕгтӕм дын ӕркӕсдзысты, зӕгъгӕ, уыцы бон+. Ӕмӕ уӕд дӕ сӕр дӕ кой уыдзӕн+.
5 Уе ’мбӕлттыл ма ӕууӕндут, уӕ хуыздӕр хӕлӕрттыл дӕр уӕ ныфс ма дарут+. Дӕ усӕн, дӕ фарсмӕ чи хуыссы, уымӕн дӕр дӕ сусӕг ныхас ма дзур+. 6 Фырт йӕ фыды ницӕмӕ дары, чызг цӕуы йӕ мады ныхмӕ+, чындз та – йе ’фсины ныхмӕ+. Адӕймагӕн йе знӕгтӕ сты йӕ бинонтӕ+.
7 Мӕнӕн та мӕ каст уыдзӕн Йегъовӕмӕ+. Цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ+. Мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн+.
8 Ма цин кӕн, ме знаг сылгоймаг+. Ӕз ахаудтӕн, фӕлӕ сыстдзынӕн+. Талынджы цӕрын+, фӕлӕ мын Йегъовӕ уыдзӕн рухс+. 9 Ӕз Йегъовӕйы мастӕн быхсдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ разы тӕригъӕд ракодтон+ – быхсдзынӕн, цалынмӕ мын мӕ хъуыддаг нӕ равзара ӕмӕ мын раст тӕрхон нӕ рахӕсса, уӕдмӕ+. Уый мӕ рухсмӕ ракӕндзӕн, ӕмӕ йын ӕз йӕ рӕстдзинад фендзынӕн+. 10 Уый фендзӕн ме знаг сылгоймаг+, афтӕ чи дзырдта: «Кӕм ис дӕ Хуыцау Йегъовӕ?»+, ӕмӕ худинаджы бын фӕуыдзӕн. Ӕз кӕсдзынӕн, йе сӕфт куыд ӕрцӕудзӕн, уымӕ+. Уынгты цъыфау ӕй сӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты+.
11 Дӕ къултӕ дын дурӕй куы аразой, уыцы бон дӕ ныхмӕ закъон нӕ уыдзӕн*+. 12 Уыцы бон дӕм адӕм ӕрцӕудзысты алы рӕттӕй: Ассирийӕ ӕмӕ Египеты горӕттӕй, Египетӕй суанг Стыр цӕугӕдоны*+ онг, денджызтӕ ӕмӕ хӕхты ’хсӕн цыдӕриддӕр зӕххытӕ ис, уырдыгӕй+. 13 Ӕмӕ зӕхх йӕ цӕрджыты тыххӕй, сӕ хъуыддӕгты тыххӕй ӕдзӕрӕг бӕстӕ суыдзӕн+.
14 Дӕ адӕмы, дӕ бынтӕ чи сты, уыцы дзугтӕ, дӕ лӕдзӕгӕй хиз+. Уыдон сӕхицӕн хъӕды, дыргъдоны астӕу хибарӕй цардысты+. Уадз ӕмӕ та, раджы заманты куыд уыд, афтӕ+ Васаны ӕмӕ Галаады хизой+.
15 «Египеты зӕххӕй куы цыдыстут, уӕд куыд уыди, афтӕ та уын диссӕгтӕ равдисдзынӕн+. 16 Адӕмтӕ сӕ фендзысты, ӕмӕ сӕм худинаг ӕркӕсдзӕн, кӕд афтӕ хъомысджын сты, уӕддӕр+. Сӕ къухтӕ сӕ дзыхтыл сӕвӕрдзысты+, сӕ хъустӕ бакъуырма уыдзысты. 17 Кӕлмытау рыг сдӕрдзысты+, зӕххыл чи быры, уыцы хилджытау сӕ фидӕрттӕй катай кӕнгӕйӕ рацӕудзысты+. Нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ зыр-зыр кӕнгӕйӕ рацӕудзысты ӕмӕ дзы тӕрсдзысты»+.
18 Чи у дӕу хуызӕн Хуыцау?+ Ды хатыр кӕныс рӕдыд ӕмӕ ма де ’взӕрст адӕмӕй чи баззад, уыдонӕн+ сӕ тӕригъӕд ницӕмӕ ӕрдарыс*+. Ды ӕнустӕм нӕ мӕсты кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ дын ӕхсызгон у адӕмы де ’нувыд уарзтӕй тавын+. 19 Ногӕй та нӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисдзынӕ+ ӕмӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ дӕ къӕхты бын ныссӕнддзынӕ+. Нӕ тӕригъӕдтӕ нын иууылдӕр денджызы арфмӕ фехсдзынӕ+. 20 Иаковыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, афтӕ иузӕрдион уыдзынӕ махыл дӕр ӕмӕ, Авраамы цы ӕнувыд уарзтӕй уарзтай, ахӕм ӕнувыд уарзтӕй уарздзынӕ мах дӕр, кӕддӕр нӕ фыдӕлтӕн куыд расомы кодтай, афтӕ+.