Райдиан
13 Уӕд Аврам йӕ усимӕ, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уыдӕттӕ йемӕ, афтӕмӕй рацыд Египетӕй ӕмӕ араст Негевмӕ+. Йемӕ уыди Лот дӕр. 2 Авраммӕ уыди бирӕ фос, стӕй бирӕ ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин дӕр+. 3 Аврам-иу йӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдта куы иу ран, куы иннӕ ран, ӕмӕ афтӕмӕй цыди Негевӕй Вефилы ’рдӕм, уый размӕ Вефил ӕмӕ Гайы+ ’хсӕн йӕ цатыр кӕм ӕрӕвӕрдта 4 ӕмӕ нывондхӕссӕн кӕм сарӕзта, уырдӕм+. Ӕмӕ уым Аврам Йегъовӕйы ном ссардта+.
5 Аврамимӕ цыди Лот дӕр. Лотӕн йӕхимӕ дӕр уыди фыстӕ, стуртӕ ӕмӕ цатыртӕ. 6 Ӕмӕ сӕм бирӕ мулк кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сын зӕхх нал фаг кодта ӕмӕ сын иумӕ цӕрӕн нал уыди+. 7 Ӕмӕ Аврамы фыййӕуттӕ ӕмӕ Лоты фыййӕуттӕ кӕрӕдзиимӕ нал фидыдтой. Уыцы зӕххыл+ та уыцы рӕстӕг цардысты ханаайнӕгтӕ ӕмӕ ферезейтӕ. 8 Уӕд Аврам Лотӕн+ загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Не ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ’хсӕн дӕр быцӕутӕ цӕмӕн хъуамӕ уа, ӕфсымӕртӕ куы стӕм?+ 9 Зӕхх иууылдӕр дӕ разы нӕй? Курын дӕ, ахицӕн у мӕнӕй. Кӕд ды галиуырдӕм ацӕуай, уӕд ӕз та рахизырдӕм ацӕудзынӕн, кӕд ды рахизырдӕм ацӕуай, уӕд ӕз та галиуырдӕм ацӕудзынӕн»+. 10 Уӕд Лот акаст ӕмӕ федта Иорданы дӕлвӕз бӕстӕ*+ ӕнӕхъӕнӕй дӕр, суанг Сигоры+ онг. Федта, кӕй уыди Йегъовӕйы цӕхӕрадонау+, Египеты зӕххау донӕфсӕст,– цалынмӕ Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕ нӕ фесӕфта, уӕдмӕ. 11 Ӕмӕ Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы дӕлвӕз бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр, ӕмӕ скӕсӕнырдӕм араст. Уыйадыл Аврам ӕмӕ Лот кӕрӕдзийӕ ахицӕн сты. 12 Аврам цард Ханааны зӕххыл, Лот та – Иорданы дӕлвӕз бӕстӕйы+ цы горӕттӕ уыди, уыдоны раз. Фӕстагмӕ та йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Содомы цур. 13 Содомы адӕм* та уыдысты хӕлд, Йегъовӕйы раз стыр тӕригъӕдтӕ арӕзтой+.
14 Лот Аврамӕй куы ахицӕн, уӕд уый фӕстӕ Йегъовӕ Аврамӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, кӕм лӕууыс, уырдыгӕй-ма акӕс цӕгатырдӕм, хуссарырдӕм, скӕсӕнырдӕм ӕмӕ ныгуылӕнырдӕм+, 15 уымӕн ӕмӕ, цы зӕхх уыныс, уый иууылдӕр ӕз ӕнустӕм ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн+. 16 Зӕххыл рыг куыд бирӕ ис, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Ӕмӕ кӕд искӕй бон суыдзӕн, зӕххыл цы рыг ис, уый банымайын, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр уыдзӕни банымайӕн+. 17 Ацу ӕмӕ ацы зӕххыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрзил, уымӕн ӕмӕ йӕ дӕуӕн ратдзынӕн»+. 18 Уый фӕстӕ Аврам дарддӕр цард цатырты. Фӕстӕдӕр ӕрцард Хевроны+, Мамрейы+ стыр бӕлӕсты раз, ӕмӕ уым Йегъовӕйӕн сарӕзта нывондхӕссӕн+.