Райдиан
26 Уыцы бӕстӕйы скодта ӕххормаг заман,– фыццаг хатт дзы ӕххормаг заман скодта Авраамы рӕстӕджы+,– ӕмӕ Исахъ ацыд Герармӕ, филистимӕгты паддзах Авимелехмӕ+. 2 Уӕд ӕм Йегъовӕ фӕзынд ӕмӕ йын загъта+: «Ма ацу Египетмӕ. Дӕ цатыртӕ ӕрӕвӕр, ӕз дын цы зӕххӕй зӕгъон, уым+. 3 Уыцы зӕххыл цӕр ӕрцӕуӕггагӕй+. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын арфӕ кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ ацы зӕххытӕ иууылдӕр дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн ратдзынӕн+, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уый+: 4 „Арвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр+. Ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты* зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр“+. 5 Ӕз уый сараздзынӕн, Авраам мӕм кӕй хъуыста ӕмӕ йын цыдӕриддӕр дзырдтон, уый кӕй кодта – мӕ фӕдзӕхстытӕ, мӕ амындтӕ ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй»+. 6 Ӕмӕ Исахъ дӕр Герары+ ӕрцард.
7 Уымы адӕм-иу Исахъы йӕ усӕй куы бафарстой, уӕд-иу сын загъта, мӕ хо у, зӕгъгӕ+. Йӕ ус кӕй у, уый зӕгъын нӕ уӕндыд, хъуыды кодта: «Ацы адӕм мӕ Ревеккӕйы тыххӕй амардзысты», уымӕн ӕмӕ рӕсугъд сылгоймаг уыди+. 8 Ӕмӕ Исахъ уым дзӕвгар куы ацард, уӕд дын иу бон филистимӕгты паддзах Авимелех рудзынгӕй ракаст ӕмӕ федта, Исахъ йӕ ус Ревеккӕйыл куыд цинтӕ кӕны, уый+. 9 Уӕд Авимелех Исахъмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Уый дӕ ус куы у, уӕд афтӕ цӕмӕн загътай, мӕ хо у, зӕгъгӕ?» Исахъ ын дзуапп радта: «Афтӕ уымӕн загътон, ӕмӕ тарстӕн, мӕ усы тыххӕй мӕ исчи куы амара»+. 10 Авимелех та йын загъта: «Уый нын цы бакуыстай?+ Гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ мӕ адӕмӕй исчи дӕ усимӕ ӕмуат ӕрцыдаид, ӕмӕ нӕ уӕд тӕригъӕды бафтыдтаис!»+ 11 Уый фӕстӕ Авимелех йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр бафӕдзӕхста: «Ацы адӕймагмӕ ӕмӕ йын йӕ усмӕ чи бавнала, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн!»
12 Уый фӕстӕ Исахъ уым байтыдта хор+, ӕмӕ уыцы аз тыллӕг систа, цы байтыдта, уымӕй сӕдӕ хатты фылдӕр+, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ арфӕ кодта+. 13 Ӕмӕ Исахъ схъӕздыг ӕмӕ йӕ мулк фылдӕрӕй-фылдӕр кодта, ӕмӕ сси тынг хъӕздыг адӕймаг+. 14 Уыди йӕм фысты дзугтӕ, стурвосы рӕгъӕуттӕ ӕмӕ бирӕ лӕггадгӕнджытӕ+, ӕмӕ йӕм филистимӕгтӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой+.
15 Йӕ фыд Авраамы рӕстӕджы йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы цъайтӕ скъахтой+, уыдон филистимӕгтӕ иууылдӕр сыджытӕй байдзаг кодтой+. 16 Ӕмӕ иу бон куы уыди, уӕд Авимелех Исахъӕн загъта: «Сыст ацы бынатӕй, уымӕн ӕмӕ махӕй бирӕ тыхджындӕр сдӕ»+. 17 Ӕмӕ Исахъ дӕр уырдыгӕй сыстад ӕмӕ йӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдта Герары+ дӕлвӕзы ӕмӕ уым ӕрцард. 18 Ӕмӕ йӕ фыд Авраам цы цъайтӕ скъахын кодта, фӕлӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ филистимӕгтӕ сыджытӕй кӕй байдзаг кодтой, уыдон Исахъ ногӕй скъахта+, ӕмӕ та сӕ хонын райдыдта, кӕддӕр сӕ йӕ фыд куыд схуыдта, афтӕ+.
19 Исахъы лӕггадгӕнджытӕ дӕлвӕзы къахын куы райдыдтой, уӕд дзы ссардтой, сыгъдӕг дон кӕм уыди, ахӕм цъай. 20 Уӕд Герары фыййӕуттӕ Исахъы фыййӕуттимӕ схыл сты+, уыцы дон мах у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Исахъ уыцы цъай схуыдта Есек*, йемӕ кӕй хыл кодтой, уый тыххӕй. 21 Уый фӕстӕ та райдыдтой ӕндӕр цъай къахын, фӕлӕ та уый тыххӕй дӕр семӕ схыл сты. Ӕмӕ уӕд уыцы цъай схуыдта Ситнӕ*. 22 Иуцасдӕры фӕстӕ Исахъ уырдыгӕй сыстад ӕмӕ та скъахта ӕндӕр цъай+, фӕлӕ ацы хатт йемӕ нал хыл кодтой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы цъай схуыдта Реховоф* ӕмӕ загъта: «Бузныг Йегъовӕйӕн, уый нын радта фаг бынат цӕрынӕн+ ӕмӕ бирӕ байзӕддӕгтӕ ацы зӕххыл»+.
23 Уырдыгӕй Исахъ ацыди Вирсавимӕ+. 24 Ӕмӕ йӕм уыцы ӕхсӕв Йегъовӕ фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕн дӕ фыд Авраамы Хуыцау+. Мацӕмӕй тӕрс+, ӕз демӕ дӕн. Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты мӕ лӕггадгӕнӕг Авраамы тыххӕй»+. 25 Ӕмӕ Исахъ уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ном ссардта+. Уым ӕрӕвӕрдта йӕ цатыр+ дӕр, ӕмӕ дзы йӕ лӕггадгӕнджытӕ скъахтой цъай.
26 Цасдӕры фӕстӕ йӕм Герарӕй ӕрбацыд Авимелех йе ’нувыд ӕмбал Ахузафимӕ ӕмӕ йе ’фсады хистӕр Фихолимӕ+. 27 Ӕмӕ сын Исахъ загъта: «Уе сӕфт мӕ куы федтат ӕмӕ мӕ уӕ цурӕй куы фӕсырдтат, уӕд мӕм ныр цӕмӕ ӕрбацыдыстут?»+ 28 Ӕмӕ йын уӕд уыдон загътой: «Мах ӕй нӕхи цӕстӕй уынӕм, Йегъовӕ демӕ кӕй ис+. Ӕмӕ ахъуыды кодтам, зӕгъгӕ дын зӕгъӕм афтӕ: „Кӕрӕдзийӕн расомы кӕнӕм+, мах дӕр ӕмӕ ды дӕр, ӕмӕ скӕнӕм бадзырд+: 29 мах дын хорз йеддӕмӕ ӕвзӕрӕй куыд ницы ракодтам ӕмӕ фарнимӕ куыд ацыдтӕ, афтӕ нын ды дӕр ӕвзӕрӕй кӕй ницы ракӕндзынӕ+. Мах ӕй уынӕм, дӕуӕн Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны“»+. 30 Уӕд сын Исахъ куывд скодта ӕмӕ дзӕбӕх фӕминас кодтой+. 31 Стӕй дыккаг бон райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн расомы кодтой+. Ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ Исахъ афӕндараст кодта ӕмӕ сӕ фӕндагыл фарнимӕ ацыдысты+.
32 Уыцы бон Исахъмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын радзырдтой, цы цъай+ скъахтой, уый тыххӕй ӕмӕ йын загътой: «Дон ссардтам!» 33 Ӕмӕ Исахъ уыцы цъай схуыдта Шивӕ*. Уыцы горӕт абоны онг дӕр Вирсави*+ уымӕн хуыйны.
34 Исавыл цыппор азы куы цыди, уӕд ракуырдта хеттаг Беерийы чызг Йегудифӕйы ӕмӕ хеттаг Елоны чызг Васемафӕйы+. 35 Уыдон Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйӕн уыдысты стыр масты хос+.