Иоил
3 «Уыцы бонты ӕмӕ уыцы рӕстӕг+, Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕй уацары чи уыд, уыдоны фӕстӕмӕ куы ’ркӕнон, уӕд+, 2 ӕппӕт адӕмты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн+ ӕмӕ сӕ Иосафаты дӕлвӕзмӕ ӕркӕндзынӕн+. Тӕрхоны сӕ ныхмӕ ӕрлӕудзынӕн мӕ адӕм ӕмӕ мӕ бынтӕ Израилы тыххӕй+ – адӕмты ’хсӕн сӕ кӕй ныппырх кодтой, уый тыххӕй. Мӕ зӕхх мын сӕ кӕрӕдзийыл байуӕрстой+. 3 Мӕ адӕмыл мын хӕлттӕ+ ӕппӕрстой, лӕппуты хӕтаг сылгоймӕгтыл ивтой+, чызджыты сӕныл уӕй кодтой, цӕмӕй стӕй нызтаиккой.
4 Тир, Сидон+ ӕмӕ Филистийы+ бӕстӕ, куыд уӕндут мӕнӕн афтӕтӕ кӕнын? Истӕй тыххӕй мӕ уӕ маст исут? Ӕмӕ мын кӕд афтӕ кӕнут, уӕд уын ӕз дӕр тынг тагъд уӕхи митӕ бакӕндзынӕн+. 5 Ме ’взист ӕмӕ мын мӕ сызгъӕрин кӕй ахастат+ ӕмӕ мын мӕ хӕзнатӕ уӕ кувӕндӕтты кӕй сӕвӕрдтат+, 6 Иудӕйы фыртты ӕмӕ Иерусалимы фыртты грекъӕгтӕн+ кӕй ауӕй кодтат+ ӕмӕ сӕ сӕ зӕххӕй хауӕггаг кӕй фӕкодтат+, 7 уый тыххӕй сӕ ӕз, кӕдӕм сӕ ауӕй кодтат+, уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн. Сымахӕн та афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ фыдмитӕ уӕхиуыл ӕрцӕудзысты+. 8 Уӕ фыртты ӕмӕ уын уӕ чызджыты Иудӕйы фырттӕн ауӕй кӕндзынӕн+, уыдон та сӕ ауӕй кӕндзысты савӕйӕгтӕн+, дардбӕстаг адӕмӕн+, уымӕн ӕмӕ уый загъта Йегъовӕ.
9 Фехъусын кӕнут адӕмтӕн+: „Уӕхи хӕстмӕ ӕрцӕттӕ кӕнут! Тыхджынты райхъал кӕнут!+ Хӕстӕг ӕрбацӕуӕнт! Рацӕуӕнт тохы лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр!+ 10 Уӕ гутӕттӕй саразут хъаматӕ, уе ’хсӕдӕн хӕсгӕрдтӕй+ – ӕрцытӕ. Лӕмӕгъ чи у, уый зӕгъӕд: „Ӕз тыхджын дӕн!“+ 11 Сыхаг адӕмтӕ, уе ’ппӕт дӕр ӕрцӕут+ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн баххуыс кӕнут, иумӕ ӕрӕмбырд ут“»+.
О Йегъовӕ, уырдӕм ӕркӕн дӕ тыхджынты+.
12 «Адӕмтӕ райхъал уӕнт ӕмӕ Иосафаты дӕлвӕзмӕ ӕрцӕуӕнт+, уымӕн ӕмӕ уым ӕрбаддзынӕн ӕмӕ тӕрхон кӕндзынӕн хӕстӕг цӕрӕг адӕмтӕн се ’ппӕтӕн дӕр+.
13 Ӕхсырф райсут+, уымӕн ӕмӕ тыллӕг сцӕттӕ+. Ӕрцӕут, уымӕн ӕмӕ сӕндуцӕн байдзаг+. Сӕн кӕдӕм кӕлы, уыцы мигӕнӕнтӕ сӕ былтӕй кӕлынц, уымӕн ӕмӕ бӕстӕ байдзаг уыцы адӕмты фыдхъуыддӕгтӕй+. 14 Дуне адӕм, дуне адӕм тӕрхоны дӕлвӕзы+, уымӕн ӕмӕ хӕстӕг у, Йегъовӕ уыцы дӕлвӕзы цы бон тӕрхон кӕндзӕн, уыцы бон+. 15 Хур ӕмӕ мӕй баталынг уыдзысты, ӕмӕ стъалытӕ нал ӕрттивдзысты+. 16 Йегъовӕ Сионӕй домбайау ныббогъ кӕндзӕн, Иерусалимӕй ныхъхъӕр кӕндзӕн+. Ӕмӕ арв ӕмӕ зӕхх базмӕлдзысты+, фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕн се ’мбӕхсӕн+ ӕмӕ Израилы фырттӕн – сӕ фидар мӕсыг+. 17 Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау+, ӕмӕ Сионы хохыл, мӕ сыгъдӕг хохыл, кӕй цӕрын+. Иерусалим суыдзӕн сыгъдӕг бынат+ ӕмӕ дзы ӕцӕгӕлонӕн йӕ къах дӕр нал уыдзӕн+.
18 Ӕмӕ уыцы бон хӕхтӕй тӕдздзӕн адджын сӕн+, къуыбыртыл кӕлдзӕн ӕхсыр ӕмӕ Иудӕйы цӕугӕдӕттӕ донӕй байдзаг уыдзысты. Йегъовӕйы хӕдзарӕй ракӕлдзӕн суадон+ ӕмӕ Акъацибӕлӕсты дӕлвӕз донӕй ӕфсаддзӕн+. 19 Египет та суыдзӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ+ ӕмӕ Едом – ӕдзӕрӕг быдыр+, Иудӕйы фырттӕн фыдмитӕ кӕй фӕкодтой, сӕ зӕххыл сын ӕнаххос туг кӕй калдтой, уый тыххӕй+. 20 Фӕлӕ Иудӕйы ӕнустӕм уыдзӕн цӕрджытӕ+, ӕмӕ Иерусалимы дӕр – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+. 21 Ӕз сӕ* ӕнаххосыл банымайдзынӕн, кӕд сӕ раздӕр нӕ нымадтон ӕнаххосыл, уӕддӕр+. Ӕмӕ Йегъовӕ цӕрдзӕн Сионыл»+.