Нымӕцтӕ
34 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн дарддӕр загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Сымах цӕут Ханааны зӕхмӕ+. Уый у, бынӕн кӕй райсдзыстут, уыцы зӕхх+, Ханааны зӕхх, ӕмӕ адон уыдзысты йӕ арӕнтӕ+.
3 Хуссарырдыгӕй уӕ арӕн цӕудзӕн Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй Едомы+ фӕрсты, ӕмӕ уӕ хуссайраг арӕнӕн йӕ кӕрон скӕсӕнырдыгӕй уыдзӕн Цӕхджын денджызы+ кӕрон. 4 Стӕй уӕ арӕн фӕзилдзӕн Акравимӕн+ йӕ хуссайраг фарсӕй, ацӕудзӕн Цинмӕ ӕмӕ фӕуыдзӕн Кадес-Варнийӕн+ хуссарырдыгӕй. Стӕй ацӕудзӕн Гацар-Аддармӕ+, уый фӕстӕ – Ацмонмӕ. 5 Ацмоны раз арӕн фӕзилдзӕн Египеты цӕугӕдоны дӕлвӕзы ’рдӕм+ ӕмӕ цӕудзӕн суанг Стыр денджызы онг+.
6 Ныгуылӕнырдыгӕй уӕ арӕн уыдзӕн+ Стыр денджызы былгӕрӕттӕ. Уый уыдзӕн уӕ арӕн ныгуылӕнырдыгӕй.
7 Цӕгатырдыгӕй уӕ арӕн цӕудзӕн афтӕ. Уӕхицӕн арӕн скӕнут Стыр денджызӕй Оры хохмӕ*+. 8 Оры хохӕй арӕн скӕнут Хаматы арӕнты онг+, ӕмӕ уыцы арӕн фӕуыдзӕн Цедады раз+. 9 Арӕн дарддӕр ацӕудзӕн Цифронмӕ ӕмӕ фӕуыдзӕн Гацар-Енаны+. Уый уыдзӕн уӕ арӕн цӕгатырдыгӕй.
10 Стӕй скӕсӕнырдыгӕй уӕхицӕн арӕн скӕнут Гацар-Енанӕй Шефамы онг. 11 Арӕн ацӕудзӕн Шефамӕй Ривлӕйы* онг, уый ис Аинӕй скӕсӕнырдӕм, стӕй ацӕудзӕн дарддӕр Киннерефы+ денджызы* скӕсӕн фарсы онг. 12 Арӕн ацӕудзӕн Иорданмӕ ӕмӕ цӕудзӕн Цӕхджын денджызы онг+. Ай уыдзӕн уӕ зӕхх+ ӕмӕ йӕ арӕнтӕ алырдыгӕй“».
13 Ӕмӕ Моисей Израилы фырттӕн загъта: «Ацы зӕхх байуардзыстут хӕлттӕ+ сӕппаргӕйӕ. Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ йӕ раттын хъӕудзӕн фараст мыггагӕн ӕмӕ иу мыггаджы ӕмбисӕн+. 14 Рувимы мыггаг сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, Гады мыггаг сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис сӕ бынтӕ райстой+. 15 Ацы дыууӕ мыггаджы ӕмӕ иу мыггаджы ӕмбис сӕ бынтӕ райстой Иорданы скӕсӕн фарс, Иерихоны раз»+.
16 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 17 «Мӕнӕ, зӕхх уын чи дих кӕндзӕн, уыдоны нӕмттӕ: сауджын Елеазар+ ӕмӕ Навины фырт Йесо+. 18 Ӕмӕ ма уӕ алы мыггагӕй дӕр, сӕ хистӕртӕй, хъӕудзӕн фӕйнӕ лӕджы, уыдон ӕххуыс кӕндзысты зӕхх дих кӕнынӕн+. 19 Мӕнӕ сӕ нӕмттӕ: Иудӕйы мыггагӕй+ Халев, Йефоннийы фырт+; 20 Симеоны мыггагӕй+ Самуил, Амиуды фырт; 21 Вениамины мыггагӕй+ Елидад, Кислоны фырт; 22 Даны мыггаджы+ хистӕртӕй Букки, Иоглийы фырт; 23 Иосифы фырттӕй+: Манассийы мыггаджы+ хистӕртӕй Ханниил, Ефоды фырт, 24 Ефремы мыггаджы+ хистӕртӕй та Кемуил, Шифтаны фырт; 25 Завулоны мыггаджы+ хистӕртӕй Елицафан, Фарнакы фырт; 26 Иссахары мыггаджы+ хистӕртӕй Фалтиил, Аззаны фырт; 27 Асиры мыггаджы+ хистӕртӕй Ахиуд, Шеломийы фырт 28 ӕмӕ Неффалимы мыггаджы+ хистӕртӕй Педаил, Амиуды фырт». 29 Адонӕн Йегъовӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй Ханааны зӕхх Израилы фырттыл адих кодтаиккой+.