Рацыд
35 Моисей Израилы фыртты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Йегъовӕ уын афтӕ бафӕдзӕхста+: 2 ӕхсӕз боны ис кусӕн+, ӕвдӕм бон та уын уыдзӕн Хуыцауы бон, сабат Йегъовӕйы кадӕн, улӕфты бон. Уыцы бон исчи исты куы куса, уӕд ӕй хъӕуы амарын+. 3 Сабаты-иу уӕ цӕрӕнбынӕттӕй иуы дӕр арт ма скӕнут».
4 Моисей ма Израилы фырттӕн ноджыдӕр загъта: «Йегъовӕ уын афтӕ бафӕдзӕхста: 5 „Йегъовӕйӕн мысайнӕгтӕ ӕрбахӕссут+. Йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр зӕгъы+, уыдон Йегъовӕйӕн мысайнагӕн ӕрбахӕссӕнт сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы+, 6 ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах, сырх-сырхид ӕндах, гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндах, сӕгъы къуымбил+, 7 сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕ, фӕлмӕн сӕрак*, акъаци хъӕдӕрмӕг, 8 сой цырагъдарӕнӕн, стӕй бальзамы сой – уыцы сой хъӕуы хӕрздӕф буд ӕмӕ сӕрмагонд сой аразынӕн+. 9 Мысайнагӕн ма ноджыдӕр ӕрбахӕссӕнт оникс дуртӕ ӕмӕ дуртӕ ефодӕн+ ӕмӕ риуылдарӕнӕн+.
10 Къухӕй хорз чи арӕхсы, уыдон се ’ппӕт дӕр+ ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ скӕнӕнт, Йегъовӕ цы загъта, уыдон иууылдӕр: 11 цатыр ӕмӕ йе ’ддаг ӕмбӕрзӕнтӕ, йӕ къӕпсыртӕ, йӕ фӕлгӕттӕ, йӕ хъилтӕ, йӕ цӕджындзтӕ ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ; 12 бадзырды чырын+, йӕ хъилтӕ+, йӕ сӕр+ ӕмӕ йӕ разы цы ӕмбӕрзӕн+ уыдзӕн ауыгъд, уый; 13 стъол+, йӕ хъилтӕ ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уа, уыдон, стӕй нывонд дзултӕ дӕр+; 14 цырагъдарӕн+ рухс кӕнынӕн ӕмӕ йемӕ цы мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уа, уыдон, стӕй цырагъдарӕны къустӕ ӕмӕ сой+ рухс кӕнынӕн; 15 нывондхӕссӕн буд судзынӕн+ ӕмӕ йӕ хъилтӕ; сӕрмагонд сой ӕмӕ хӕрздӕф буд+; стӕй, цатыры бахизӕны чи уыдзӕн, уыцы ӕмбӕрзӕн; 16 судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕсдзысты, уыцы нывондхӕссӕн+ ӕмӕ йын ӕрхуы сеткӕ дӕр, йӕ хъилтӕ ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уа, уыдон; стыр аг+ ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн; 17 кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ+, йӕ цӕджындзтӕ ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ; кӕрты бахизӕны чи уыдзӕн, уыцы ӕмбӕрзӕн; 18 цатыры къӕбӕлтӕ дӕр ӕмӕ кӕрты ӕмбӕрзӕнты къӕбӕлтӕ дӕр ӕмӕ сӕ бӕттӕнтӕ+; 19 стӕй рӕсугъд уӕфт уӕлӕдарӕс+ кувӕн бынаты лӕггад кӕнынӕн, сӕрмагонд уӕлӕдарӕс+ сауджын Ааронӕн ӕмӕ уӕлӕдарӕс йӕ фырттӕн дӕр, цӕмӕй сауджынтӕй лӕггад кӕной“».
20 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр Моисейы разӕй ацыдысты. 21 Ӕмӕ, йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта+, йӕ зӕрдӕ* кӕмӕндӕриддӕр дзырдта, уыдон ӕрбахастой Йегъовӕйӕн мысайнӕгтӕ: ӕмбырды цатырӕн ӕмӕ цатыры лӕггад кӕнынӕн, стӕй сӕрмагонд уӕлӕдарӕсӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ. 22 Цыдысты, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй йӕ зӕрдӕ кӕмӕн дзырдта, уыдон иууылдӕр, ӕмӕ хастой алыхуызон сызгъӕрин дзауматӕ: хъуырӕгънӕджытӕ, хъусцӕджытӕ, къухдарӕнтӕ ӕмӕ сылгоймаджы аивгӕнӕнтӕ. Алчидӕр сӕ Йегъовӕйӕн сызгъӕрин хаста, кӕй батилынц, ахӕм нывондӕн+. 23 Ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах, сырх-сырхид ӕндах, гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндах, сӕгъы къуымбил, сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕ ӕмӕ фӕлмӕн сӕрак кӕмӕ уыди, уыдон сӕ се ’ппӕт дӕр хастой+. 24 Йегъовӕйӕн мысайнагӕн хастой ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дӕр. Ӕмӕ акъаци хъӕдӕрмӕг кӕмӕ уыди, уыдон дӕр ӕй хастой, цӕмӕй сарӕзтаиккой, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уый.
25 Къухӕй хорз, дӕсны чи арӕхст+, уыцы сылгоймӕгтӕ ӕлвыстой ӕндӕхтӕ ӕмӕ сӕ хастой: ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах, сырх-сырхид ӕндах ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндах. 26 Иннӕ арӕхстджын сылгоймӕгтӕ та, йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта, уыдон, ӕлвыстой сӕгъы къуымбил.
27 Адӕмы хистӕртӕ та ӕрбахастой оникс дуртӕ ӕмӕ дуртӕ ефодӕн ӕмӕ риуылдарӕнӕн+. 28 Ӕрбахастой ма бальзамы сой, стӕй сой цырагъдарӕны кӕнынӕн, сӕрмагонд сой аразынӕн ӕмӕ хӕрздӕф буд аразынӕн+. 29 Нӕлгоймӕгтӕй дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕй дӕр йӕ зӕрдӕ кӕмӕн дзырдта, уыдонӕй алчидӕр цыдӕр хаста, Йегъовӕ Моисейы уылты цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ саразынӕн. Израилы фырттӕ зӕрдиагӕй хастой Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ+.
30 Уый фӕстӕ Моисей Израилы фырттӕн загъта: «Йегъовӕ равзӕрста Иудӕйы мыггагӕй Веселеилы+, Хурӕн йӕ фырт Урийы фырты. 31 Ӕмӕ йӕ схайджын кодта йӕ тыхӕй*, цӕмӕй йӕм уа зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй зона алы хъуыддаг дӕр ӕмӕ къухӕй алцы саразынмӕ дӕр уа дӕсны, 32 арӕхса цыфӕнды пълан скӕнынмӕ дӕр, сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дзауматӕ аразынмӕ+, 33 дуртӕ лӕгъз кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фӕлгӕтты ӕвӕрынмӕ ӕмӕ хъӕдӕй алыхуызон рӕсугъд дзауматӕ кӕнынмӕ+. 34 Ӕмӕ йын радта зонд, цӕмӕй йӕ бон уа иннӕты ахуыр кӕнын дӕр. Ахӕм зонд радта Даны мыггагӕй Аголиавӕн+ дӕр, Ахисамахы фыртӕн. 35 Схайджын сӕ кодта арӕхстдзинадӕй+, цӕмӕй къухӕй алцы аразынмӕ дӕр уой дӕсны, хъуымацыл ӕндахӕй алыхуызон нывтӕ кӕнынмӕ дӕр+, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндахӕй хъуымӕцтӕ уафынмӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр хъуымӕцтӕ аразынмӕ дӕр. Уыдон арӕхсынц алы куыстмӕ дӕр ӕмӕ цыфӕнды пълан скӕнынмӕ дӕр.