Иов
7 Адӕймагмӕ зӕххыл уӕззау фыдӕбон* не ’нхъӕлмӕ кӕсы?+
Йӕ царды бонтӕ ӕххуырст кусӕджы царды бонты хуызӕн не сты?+
4 Куы схуыссын, уӕд фӕзӕгъын: «Кӕд та сбон уыдзӕн ӕмӕ кӕд сыстдзынӕн?»+
Ӕхсӕв куы ныддаргъ вӕййы, уӕд суанг боныцъӕхтӕм мӕхицӕн ӕнцой нал фӕарын.
6 Тынуафӕг куыд тагъд фӕкусы, уымӕй тагъддӕр тӕхынц мӕ бонтӕ+,
Сӕ кӕрон ӕрцӕуы ӕмӕ ныфсы цъыртт никӕцӕй зыны+.
7 О Хуыцау, ӕрхъуыды-ма кӕн, мӕ цард дымгӕйӕ уӕлдай кӕй нӕу+,
Мӕ цӕст хорзӕй кӕй никуыуал ницы фендзӕн.
8 Чи мӕ уыны, уый цӕст мӕ нал фендзӕн,
Ӕрбакӕсдзынӕ мӕм, фӕлӕ ӕз нал уыдзынӕн+.
9 Мигъы къуымбил апырх вӕййы ӕмӕ фӕцыдӕр вӕййы,
12 Ау, денджыз кӕнӕ стыр денджызон цӕрӕгой дӕн,
Цӕмӕй мын хъахъхъӕнӕг сӕвӕрай?+
13 Афтӕ куы фӕзӕгъын, мӕ хуыссӕн мӕ ӕрсабыр кӕндзӕн,
Мӕ сынтӕг мын мӕ маст фӕрогдӕр кӕндзӕн, зӕгъгӕ,
14 Уӕд мӕ алыхуызон фынтӕй стӕрсын кӕныс,
Цӕстылуайӕнтӕй мӕ тас бауадзыс.
15 Ӕмӕ уӕд фӕзӕгъын, фӕлтау фӕхуыдуг у,
Ме стджытӕм кӕсыны бӕсты мӕлӕт+ хуыздӕр.
16 Цард мын сӕнад+, ӕнустӕм цӕрын дӕр мӕ нӕ фӕнды.
Ныууадз мӕ, уымӕн ӕмӕ мӕ царды бонтӕ комулӕфтӕй уӕлдай не сты+.
17 Цы у зӕххон адӕймаг+, ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнай
Ӕмӕ йӕм де ’ргом здахай,
18 Алы райсом ӕм дӕ хъус дарай
Ӕмӕ йӕ алы къахдзӕфыл дӕр фӕлварай?+
19 Дӕ цӕстӕнгас мӕ иуварс цӕуылнӕ аздахыс?+
Мӕ ту аныхъуырын мӕ уӕддӕр бауадз.
20 Кӕд тӕригъӕд ракодтон, уӕддӕр ӕвзӕрӕй цы сарӕзтон дӕуӕн – адӕммӕ йӕ цӕст Чи дары, уымӕн?+
Мӕнмӕ цӕмӕн ныхъхъавыдтӕ, цӕмӕн дын сдӕн уаргъ?