Псалом
Давиды ӕнкъард зарӕг. Вениамины байзӕддаг Кушы ныхӕсты фӕстӕ Йегъовӕйӕн кӕй зарыд, уый.
7 О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау+, де уазӕг бакодтон мӕхи+.
Мӕ фӕдыл чи зилы, уыдонӕй мӕ бахиз ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн+,
2 Цӕмӕй мын мӕ уд домбайау мачи акъабӕзтӕ кӕна+,
Ма мӕ аныхъуыра, ирвӕзынгӕнӕг мын куы нӕ уа, уӕд+.
3 О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, кӕд ӕвзӕрӕй исты ракодтон+,
Кӕд мӕ къухтӕй хӕрам хъуыддаг сарӕзтон+,
4 Кӕд искӕмӕн йӕ хорздзинад ӕвзӕрӕй бафыстон+,
Кӕнӕ кӕд, мемӕ чи тох кӕны ӕмӕ кӕмӕн ницы уайы, уыдонӕй искӕмӕн йӕ исбон байстон+,
5 Уӕд знаг мӕ фӕдыл зилӕд+,
Ӕрцахсӕд мӕ ӕмӕ мын мӕ цард зӕххы ныннӕмӕд,
Мӕ кад мын рыджы сӕвдулӕд. (Села́)
6 Сыст, о Йегъовӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ+,
Сыст, мемӕ чи тох кӕны ӕмӕ мыл йӕ масты цӕхӕртӕ чи калы, уыдоны ныхмӕ+.
Райхъал у мӕн тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ ды загътай, раст тӕрхон кӕй сӕххӕст уыдзӕн+.
7 Адӕмтӕ ӕрӕмбырд уӕнт ӕмӕ дыл ӕртыхсӕнт,
Ды та раздӕх дӕ бӕрзонд бынатмӕ ӕмӕ сӕ ныхмӕ рацу.
10 Мӕ уарт ис Хуыцаумӕ+, рӕстзӕрдӕ адӕмы+ Ирвӕзынгӕнӕгмӕ.
11 Хуыцау у раст Тӕрхонгӕнӕг+,
Хуыцау алы бон дӕр хӕссы тӕрхон.
12 Адӕймаг йе ’взӕрдзинад куы нӕ ныууадза+, уӕд Хуыцау йӕ хъама сцыргъ кӕндзӕн+,
Йе ’рдын ӕрбакъӕдз кӕндзӕн, ӕрцӕттӕ йӕ кӕндзӕн, цӕмӕй дзы фехса+.