Есфир
8 Уыцы бон паддзах Ахашверош дзуттӕгты знаг+ Аманы хӕдзар радта паддзахы ус Есфирӕн+. Мардохей та паддзахмӕ бацыд, уымӕн ӕмӕ Есфир паддзахӕн загъта, Мардохей йын куыд бавӕййы, уый+. 2 Уӕд паддзах раласта йӕ къухдарӕн – мыхуыримӕ къухдарӕн+, Аманӕй фӕстӕмӕ кӕй байста, уый,– ӕмӕ йӕ Мардохейӕн радта. Есфир та Мардохейы сӕвӕрдта Аманы хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕгӕй+.
3 Стӕй Есфир паддзахмӕ ногӕй бацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын кӕугӕйӕ лӕгъстӕ кодта+, цӕмӕй дзуттӕгты бахызтаид+, агагаг Аман сын цы фыдбылыз ракӕнынмӕ+ хъавыд ӕмӕ сӕ ныхмӕ цы фыдвӕнд скодта+, уымӕй. 4 Паддзах Есфирмӕ йӕ сызгъӕрин лӕдзӕгӕй бацамыдта+, ӕмӕ уӕд Есфир сыстад, паддзахы раз слӕууыд 5 ӕмӕ загъта: «Кӕд паддзах разы у ӕмӕ йын кӕд йӕ хорзӕх ссардтон+, кӕд уый паддзахмӕ раст кӕсы ӕмӕ кӕд ӕз йӕ зӕрдӕмӕ цӕуын, уӕд ахӕм уынаффӕ рахӕссӕд, цӕмӕй, паддзахы ӕппӕт дӕлбар бӕстӕты+ цы дзуттӕгтӕ цӕры, уыдоны фесафыны тыххӕй+ агагаг Амадафы фырт+ Аман цы ныффыста, уый ивд ӕрцӕуа+. 6 Мӕ адӕмы мын бӕллӕх куыд баййафдзӕн ӕмӕ мын мӕ хиуӕтты куыд цӕгъддзысты, уымӕ ӕнцад куыд кӕсон?»
7 Ӕмӕ паддзах Ахашверош паддзахы ус Есфирӕн ӕмӕ дзуттаг Мардохейӕн загъта: «Аманы хӕдзар ӕз радтон Есфирӕн+, йӕхи та йын хъӕдыл ӕрцауыгътой+, дзуттӕгтӕм йӕ къух кӕй систа, уый тыххӕй. 8 Сымах дӕр паддзахы номӕй ныффыссут+, дзуттӕгты тыххӕй уӕ цы фӕнды, уый ӕмӕ йыл паддзахы къухдарӕны мыхуыр сӕвӕрут, уымӕн ӕмӕ паддзахы номӕй фыст цы ’рцӕуа ӕмӕ паддзахы къухдарӕны мыхуыр ӕвӕрд цӕуыл ӕрцӕуа, уымӕн аивӕн нӕй»+.
9 Гъемӕ ӕртыккаг мӕйы, ома сиваны мӕйы, мӕйӕн йӕ дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзахы писырты ӕрӕмбырд кодтой+, ӕмӕ уыдон ныффыстой, Мардохей дзуттӕгтӕн, сатраптӕн+, хицӕуттӕн ӕмӕ, Индийӕ суанг Ефиопийы онг паддзахы дӕлбар цы сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы уыд+, уыдоны кънйӕзтӕн цы зӕгъинаг уыд, уый. Алы бӕстӕмӕ дӕр ныффыстой йӕхи дамгъӕтӕй+ ӕмӕ алы адӕммӕ дӕр – сӕхи ӕвзагыл+. Дзуттӕгтӕм дӕр сӕ ныффыстой сӕхи дамгъӕтӕй ӕмӕ сӕхи ӕвзагыл+.
10 Мардохей паддзах Ахашверошы номӕй+ фыстӕджытӕ ныффыста ӕмӕ сыл паддзахы къухдарӕны+ мыхуыр сӕвӕрдта+, стӕй сӕ хабархӕсджытимӕ постхӕссӕг бӕхтыл+, паддзахы дугъон бӕхтыл, арвыста. 11 Фыстӕджыты фыст уыди, зӕгъгӕ, паддзах алы горӕтты цӕрӕг дзуттӕгтӕн бар дӕтты, цӕмӕй ӕрӕмбырд уой+ ӕмӕ сӕ цард бахъахъхъӕной: алы адӕмы ’хсӕн дӕр ӕмӕ алы дӕлбар бӕстӕйы дӕр амарой, ныццӕгъдой ӕмӕ фесафой+, йе сӕфт сӕ чи уыдта, уыцы гӕрзифтонг лӕгты, стӕй сывӕллӕтты ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр, сӕ исбон та сын фӕхӕссой+. 12 Паддзах Ахашверошы дӕлбар цы бӕстӕтӕ ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр уыцы хъуыддаг хъуамӕ бакодтаиккой иу бон+ – дыууадӕсӕм мӕйӕн, ома адары мӕйӕн+, йе ’ртындӕсӕм бон+. 13 Уыцы фыстӕджыты цы фыст уыд+, уый паддзахы дӕлбар бӕстӕтӕн се ’ппӕтӕн дӕр хъуамӕ закъон суыдаид, ӕмӕ йӕ хъуамӕ алы адӕмтӕн дӕр фехъусын кодтаиккой, цӕмӕй уыцы бонмӕ дзуттӕгтӕ цӕттӕ уыдаиккой се знӕгтӕй сӕ маст райсынмӕ+. 14 Паддзахы ныхасмӕ гӕсгӕ хабархӕсджытӕ+ атагъд кодтой, паддзахы постхӕссӕг бӕхтыл абадтысты ӕмӕ фӕдисы цыдӕй араст сты+. Уӕдмӕ закъон Сузӕйы+ галуаны дӕр фехъусын кодтой.
15 Мардохей та паддзахы разӕй рацыд ӕрвхуыз хъуымацӕй ӕмӕ урс кӕттагӕй конд паддзахы уӕлӕдарӕсы+, стыр сызгъӕрин кадыхуды ӕмӕ хуыздӕр хъуымацӕй, тарсырх къуымбилӕй+ конд пӕлӕзы+. Ӕмӕ горӕт Сузӕйы адӕм фырцинӕй зӕххыл нал хӕцыдысты, алырдыгӕй хъуысти цины хъӕртӕ+. 16 Дзуттӕгтыл хур ракаст ӕмӕ сын хъӕлдзӕгдзинад+, стыр цин ӕмӕ кады рӕстӕг скодта. 17 Ӕмӕ паддзахы дӕлбар бӕстӕтӕй ӕмӕ горӕттӕй паддзахы уынаффӕ ӕмӕ закъон кӕдӕмдӕриддӕр фӕхӕццӕ, уым дзуттӕгты хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ циндзинадӕн кӕрон нӕ уыд, уыцы бон сын уыди куывд+ ӕмӕ бӕрӕгбон. Ӕмӕ уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕмтӕй+ бирӕтӕ сӕхи дзуттӕгтӕ схуыдтой+, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгтӕй тӕрсын райдыдтой+.