Есфир
9 Дыууадӕсӕм мӕйы, ома адары+ мӕйы, мӕйӕн йе ’ртындӕсӕм бон, паддзахы уынаффӕ ӕмӕ закъон сӕххӕст кӕныны+ бон – дзуттӕгты знӕгтӕ цы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, нӕ дӕлбар сӕ бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, уыцы бон – хабар рауад иннӕрдӕм: дзуттӕгтӕ сӕхӕдӕг сӕ дӕлбар бакодтой, се сӕфт сӕ чи уыдта, уыдоны+. 2 Паддзах Ахашверошы дӕлбар цыдӕриддӕр бӕстӕтӕ уыд+, уым цӕрӕг дзуттӕгтӕ сӕ горӕтты ӕрӕмбырд сты+, цӕмӕй ныццагътаиккой, фыдбылыз ракӕнынмӕ+ сын чи хъавыд, уыдоны. Ӕмӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд сӕ ныхмӕ фӕлӕууын, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр тӕрсын райдыдтой+. 3 Ӕмӕ дӕлбар бӕстӕты кънйӕзтӕ+ се ’ппӕт дӕр, сатраптӕ+, хицӕуттӕ ӕмӕ, паддзахы хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон+ дзуттӕгтӕн ӕххуыс кодтой, уымӕн ӕмӕ Мардохейӕ тарстысты+. 4 Паддзахы хӕдзары Мардохей уыд нымад лӕг+, ӕмӕ, паддзахы дӕлбар цыдӕриддӕр бӕстӕтӕ уыд, уыдоныл йӕ кад+ айхъуыст, уымӕн ӕмӕ Мардохей тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта+.
5 Дзуттӕгтӕ се знӕгты хъамайӕ цӕгъдын райдыдтой+, мардтой сӕ ӕмӕ сӕ бындзагъд кодтой. Цы сӕ фӕндыд, уый кодтой, се сӕфт сӕ чи уыдта, уыдонӕн+. 6 Сузӕйы галуаны+ дӕр сӕ мардтой, ӕмӕ ныццагътой фондзсӕдӕ лӕджы. 7 Стӕй ма амардтой Паршандафӕйы, Далфоны, Асфафӕйы, 8 Порафӕйы, Адалийы, Аридафӕйы, 9 Пармашфӕйы, Арисайы, Аридайы ӕмӕ Вайезафӕйы дӕр – 10 дзуттӕгты знаг+ Амадафы фырт Аманы+ дӕс фырты+. Фӕлӕ сын сӕ мулкмӕ нӕ бавнӕлдтой+.
11 Уыцы бон паддзахӕн фехъусын кодтой, Сузӕйы галуаны цал адӕймаджы амардтой, уый.
12 Ӕмӕ паддзах Ахашверош паддзахы ус Есфирӕн загъта+: «Дзуттӕгтӕ Сузӕйы галуаны+ ныццагътой фондзсӕдӕ лӕджы, Аманы дӕс фырты дӕр амардтой. Ӕмӕ уӕд иннӕ дӕлбар бӕстӕты+ та цытӕ бакуыстаиккой?+ Ноджыдӕр ма дӕ исты хъӕуы? Зӕгъ ӕй, ратдзынӕн дын ӕй+. Цавӕр курдиат ма дӕм ис?+ Сӕххӕст дын ӕй кӕндзынӕн». 13 Есфир загъта: «Кӕд паддзах разы у+, уӕд Сузӕйы дзуттӕгтӕн бар раттӕд, цӕмӕй, абон куыд бакодтой, афтӕ кӕной райсом дӕр+. Аманы дӕс фырты та хъӕдыл ӕрцауындзӕнт»+. 14 Ӕмӕ паддзах бардзырд радта, цӕмӕй афтӕ бакӕной+. Закъон Сузӕйы фехъусын кодтой, ӕмӕ Аманы дӕс фырты дӕр ӕрцауыгътой.
15 Адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм+ бон, Сузӕйы чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕ ногӕй ӕрӕмбырд сты ӕмӕ та Сузӕйы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы амардтой. Фӕлӕ сын сӕ мулкмӕ нӕ бавнӕлдтой+.
16 Паддзахы дӕлбар бӕстӕты+ чи цард, уыцы дзуттӕгтӕ дӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй сӕ цард+ бахъахъхъӕдтаиккой. Гъемӕ се знӕгтӕй сӕ маст райстой+ – се сӕфт сӕ чи уыдта, уыдонӕй ӕвдай фондз мин адӕймаджы ныццагътой. Фӕлӕ сын сӕ мулкмӕ нӕ бавнӕлдтой. 17 Уый уыд адары мӕйы ӕртындӕсӕм бон. Цыппӕрдӕсӕм бон та ницы куыстой, уыцы бон скодтой куывд+, ӕмӕ сын уыди цины бон+.
18 Сузӕйы чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕ та ӕрӕмбырд сты ӕртындӕсӕм+ бон ӕмӕ цыппӕрдӕсӕм бон. Ӕмӕ та фынддӕсӕм бон дӕр ницы куыстой, уыцы бон скодтой куывд, ӕмӕ сын уыди цины бон+. 19 Уымӕ гӕсгӕ, дзуттӕгтӕй гыццыл горӕтты чи цард, уыдон дӕр адары мӕйы+ цыппӕрдӕсӕм бон скодтой куывд ӕмӕ сын уыди цины бон+, амондджын бон+, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хуынтӕ ӕрвыстой+.
20 Мардохей+ уыцы хабӕрттӕ иууылдӕр ныффыста ӕмӕ фыстӕджытӕ арвыста, паддзах Ахашверошы дӕлбар бӕстӕты+ цыдӕриддӕр дзуттӕгтӕ цард, уыдонмӕ, хӕстӕг рӕттӕм дӕр ӕмӕ дард рӕттӕм дӕр. 21 Бафӕдзӕхста сын+, цӕмӕй алы аз дӕр адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон ӕмӕ фынддӕсӕм бон бӕрӕг кӕной, 22 уымӕн ӕмӕ дзуттӕгтӕ се знӕгтӕй уыцы бонты фервӕзтысты+ ӕмӕ уыцы мӕй сӕ маст+ раивта циндзинадмӕ ӕмӕ сӕ хъыг – бӕрӕгбонмӕ. Мардохей сӕм ныффыста, цӕмӕй уыцы бонтӕ скӕной куывды ӕмӕ цины бонтӕ, кӕрӕдзийӕн хуынтӕ ӕрвитой+ ӕмӕ мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕной+.
23 Дзуттӕгтӕ сразы сты, ӕнӕуи дӕр цы райдыдтой кӕнын ӕмӕ сӕм Мардохей цӕй тыххӕй ныффыста, ууыл. 24 Дзуттӕгты знаг+, агагаг+ Амадафы фырт+ Аман+, дзуттӕгты фесафынвӕнд скодта+ ӕмӕ сӕппарын кодта пур+, ома хӕлттӕ+, цӕмӕй сӕ мӕты бафтыдтаид ӕмӕ сӕ ныццагътаид. 25 Фӕлӕ Есфир паддзахы раз куы ’рлӕууыд, уӕд паддзах уынаффӕ рахаста ӕмӕ ныффыста+: «Аман дзуттӕгты ныхмӕ цы фыдвӕнд скодта+, уый йӕхи сӕрыл ӕрцӕуӕд»+. Гъемӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыртты дӕр хъӕдыл ӕрцауыгътой+. 26 Ӕмӕ уый тыххӕй уыцы бонтӕ схуыдтой Пурим, дзырд «пур»-мӕ+ гӕсгӕ. Ӕмӕ фыстӕджы+ цыдӕриддӕр фыст уыд, стӕй сӕхӕдӕг цы федтой ӕмӕ сӕхиуыл цы бавзӕрстой, уымӕ гӕсгӕ 27 дзуттӕгтӕ сразы сты ӕмӕ сӕхимӕ хӕс райстой, сӕхӕдӕг дӕр, сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр ӕмӕ ма сӕм чи ӕрбаиу уа, уыдон се ’ппӕт дӕр+ уыцы дыууӕ боны алы аз дӕр сӕ афоныл кӕй бӕрӕг кӕндзысты, фыстӕджы куыд фыст уыд, афтӕ. 28 Уыцы бонтӕ хъуамӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ сӕ зӕрдыл дардтаиккой ӕмӕ сӕ бӕрӕг кодтаиккой алы бинонтӕ дӕр, алы дӕлбар бӕстӕйы дӕр ӕмӕ алы горӕты дӕр. Дзуттӕгтӕ пуримы бонтӕ хъуамӕ макуы аивтаиккой, ӕмӕ хъуамӕ сӕ байзӕддӕгтӕй дӕр ма ферох уыдаиккой+.
29 Паддзахы ус Есфир, Авихаилы чызг+, ӕмӕ Мардохей сӕ бартӕй спайда кодтой ӕмӕ пуримы фӕдыл дзуттӕгтӕм дыккаг фыстӕг дӕр ныффыстой. 30 Ӕмӕ Мардохей, Ахашверошы паддзахады+ сӕдӕ дыууын авд дӕлбар бӕстӕйы цыдӕриддӕр дзуттӕгтӕ цард+, уыдонмӕ фыстӕджытӕ арвыста фарн ӕмӕ рӕстдзинады* ныхӕстимӕ+, 31 цӕмӕй Пуримы бонтӕ сӕ афоныл бӕрӕг кӕной, дзуттаг Мардохей ӕмӕ паддзахы ус Есфир сын куыд бафӕдзӕхстой ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхиуыл ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтыл+ цы хӕс сӕвӕрдтой+, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй-иу ӕрхъуыды кӕной, ком куыд дардтой+ ӕмӕ ӕххуысмӕ куыд дзынӕзтой, уый+. 32 Есфиры бардзырд ноджы тынгдӕр сфидар кодта, Пуримы+ тыххӕй цы загъд уыд, уый, ӕмӕ йӕ ныхас чиныджы фыст ӕрцыд.