Хъуыддӕгтӕ
12 Уыцы рӕстӕг паддзах Ирод* ӕмбырдӕй кӕйдӕрты райдыдта карзӕй ӕфхӕрын+. 2 Хъамайӕ амарын кодта+ Иоанны ӕфсымӕр Иаковы+. 3 Уыцы хъуыддаг дзуттӕгты зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд+, уый куы федта, уӕд Петры дӕр ӕрцахсын кодта. Уый уыди Донгонд дзулты бӕрӕгбоны рӕстӕг+. 4 Куы йӕ ’рцахсын кодта, уӕд ӕй ахӕстоны бакӕнын кодта+ ӕмӕ ӕфсӕддонты цыппар къордӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ хъахъхъӕдтаиккой. Алы къорды дӕр уыди цыппар ӕфсӕддоны. Куадзӕны фӕстӕ та фӕнд кодта Петры адӕммӕ ракӕнын+. 5 Петр ахӕстоны куы уыд, уӕд ӕмбырд та уый тыххӕй Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куывта+.
6 Ирод ӕй адӕммӕ ракӕнынмӕ куы хъавыд, уый размӕ ӕхсӕв Петр, йӕ къухтӕ рӕхыстӕй баст, афтӕмӕй, фынӕй кодта дыууӕ ӕфсӕддоны ’хсӕн. Дуары цур дӕр лӕууыдысты хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ ахӕстон хъахъхъӕдтой. 7 Ӕвиппайды йӕ разы февзӕрд Йегъовӕйы зӕд+, ӕмӕ ахӕстоны уат ныррухс. Зӕд Петры фӕсонтӕм бавнӕлдта, райхъал ӕй кодта+ ӕмӕ йын загъта: «Рӕвдздӕр сыст!» Ӕмӕ Петрӕн йӕ рӕхыстӕ йӕ къухтӕй ӕрхаудысты+. 8 Уӕд ын зӕд+ загъта: «Дӕ астӕу ӕрбабӕтт ӕмӕ дӕ дзабыртӕ скӕн». Уый дӕр афтӕ бакодта. Стӕй йын зӕд загъта: «Дӕ пӕлӕз ӕрбакӕн+ ӕмӕ мӕ фӕдыл рацу». 9 Петр дӕр рахызт ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыд, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрста, зӕд цы сарӕзта, уый ӕцӕг кӕй уыд. Афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ цӕстылуайӕн уыны+. 10 Фыццаг ӕмӕ дыккаг хъахъхъӕнджыты къорды рӕзты ахызтысты, бахӕццӕ сты, ахӕстонӕй горӕтмӕ кӕуыл ис ахизӕн, уыцы ӕфсӕйнаг кулдуармӕ, ӕмӕ сын кулдуар йӕхи ӕгъдауӕй байгом+. Уӕд ӕддӕмӕ рахызтысты, иу уынгыл ацыдысты, ӕмӕ зӕд ӕвиппайды фӕцыдӕр. 11 Уӕд Петр йӕхимӕ ’рцыд ӕмӕ загъта: «Ныр ӕй бамбӕрстон, Йегъовӕ мӕм йӕ зӕды+ кӕй рарвыста ӕмӕ мӕ Ироды къухӕй кӕй фервӕзын кодта+, ӕмӕ дзуттӕгты фӕндиаг дӕр нӕ фӕдӕн».
12 Петр уый куы бамбӕрста, уӕд ацыд Марийӕтӕм,– Марийӕ уыди, Марк+ кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны мад. Уыдонмӕ та уыцы рӕстӕг ӕрӕмбырд бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ куывтой. 13 Петр кулдуар куы бахоста, уӕд рацыд лӕггадгӕнӕг-чызг Родӕ, цымӕ чи хойы, зӕгъгӕ. 14 Ӕмӕ Петры хъӕлӕс куы базыдта, уӕд фырцинӕй кулдуар дӕр нал бакодта, фӕлӕ хӕдзармӕ балыгъд ӕмӕ сын афтӕ, кулдуары раз, дам, Петр лӕууы. 15 Уыдон ын загътой: «Дӕ сӕрызонд фӕцыд?» Чызг уӕддӕр ныллӕууыд, уый у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уӕд загътой: «Уӕд та йӕ зӕд у!»+ 16 Петр та кулдуар хоста ӕмӕ хоста. Дуар ын куы бакодтой ӕмӕ йӕ куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. 17 Фӕлӕ сын Петр къухӕй ацамыдта+, цӕмӕй ӕрсабыр уыдаиккой, ӕмӕ сын бӕстон радзырдта, Йегъовӕ йӕ ахӕстонӕй куыд ракодта, уый. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар Иаковӕн+ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр фехъусын кӕнут». Уый фӕстӕ уырдыгӕй рацыд ӕмӕ ӕндӕр ранмӕ араст.
18 Куы сбон+, уӕд ӕфсӕддонтӕ скатай сты, Петр цы фӕци, зӕгъгӕ. 19 Ирод+ ӕй фӕцагуырдта, ӕмӕ йӕ куы не ссардта, уӕд хъахъхъӕнджыты ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ сӕ ӕрфарста, стӕй бардзырд радта, цӕмӕй сӕ бафхӕрдтаиккой+. Уый фӕстӕ Ирод Иудейӕйӕ Кесаримӕ ӕрцыд ӕмӕ иуцасдӕр уым баззад.
20 Ирод та тынг мӕсты уыд Тир ӕмӕ Сидоны адӕммӕ. Гъемӕ йӕм адӕм ӕмбырдӕй бацыдысты, йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Власты сӕхи ’рдӕм фӕкодтой ӕмӕ паддзахӕй курын райдыдтой, бафидауӕм, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ хӕринаг+ цыди паддзах Ироды бӕстӕйӕ. 21 Иу бон, адӕм иумӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Ирод бӕрӕгбоны уӕлӕдарӕсы тӕрхоны бадӕныл ӕрбадт ӕмӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын райдыдта. 22 Адӕм та хъӕр систой: «Уый адӕймаджы хъӕлӕс нӕу, уый хуыцауы хъӕлӕс у!»+ 23 Уӕд ӕй ӕвиппайды Йегъовӕйы зӕд ӕрцавта+, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн цы кад ӕмбӕлы, уый йӕхи бакодта+, ӕмӕ фӕрынчын ӕмӕ йӕ лыстӕг кӕлмытӕ бахордтой, ӕмӕ амард.
24 Йегъовӕйы ныхас+ та тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ хъуыстгонд цыди+.
25 Варнавӕ+ ӕмӕ Савл та Иерусалимы ӕфсымӕртӕн, цӕмӕйдӕриддӕр хъуыди, уымӕй куы баххуыс кодтой+, уӕд фӕстӕмӕ Антиохимӕ аздӕхтысты. Ӕмӕ семӕ ракодтой, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны+ дӕр.