Иаковы
5 Ныр та сымахмӕ у мӕ ныхас, хъӕздгуытӕ+. Кӕут ӕмӕ дзыназут, уӕ сӕр цы бӕллӕхтӕ баййафдзӕн, ууыл+. 2 Уӕ фӕллӕйттӕ бамбыдысты, уӕ дарӕс уын рӕмпӕг бахордта+. 3 Уӕ сызгъӕрин ӕмӕ уе ’взистыл згӕ схӕцыд, ӕмӕ уыцы згӕ уӕ ныхмӕ уыдзӕн ӕвдисӕн ӕмӕ уын уӕ буар бахӕрдзӕн. Уӕхицӕн цы ӕрӕмбырд кодтат+, уый фӕстаг бонты+ уыдзӕн зынджы хуызӕн+. 4 Уӕ хуымтӕ уын чи карста, уыдоны мыздӕй уӕхицӕн цы ныууагътат+, уый дзыназы+, ӕмӕ хуымгӕрдджыты ӕрдиаг фехъуыст+ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕмӕ. 5 Зӕххыл хъалцард фӕкодтат ӕмӕ уӕ монцты фӕдыл цыдыстут+. Фос се ’ргӕвдӕн бонмӕ куыд снард вӕййынц, афтӕ снард сты уӕ зӕрдӕтӕ+. 6 Сымах рӕстгӕнӕджы фӕаххосджын кодтат ӕмӕ йӕ амардтат. Уӕдӕ уӕ ныхмӕ куыннӕ хъуамӕ уа!+
7 Ме ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау цалынмӕ не ’рцӕуа*+, уӕдмӕ ут фӕразон. Зӕхкусӕг дӕр фӕразонӕй фенхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ тыллӕгмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ нӕ рауарынц, уӕдмӕ+. 8 Афтӕ сымах дӕр фӕразон ут+, фидар кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ, уымӕн ӕмӕ Хицауы ӕрцыдмӕ* бирӕ нал баззад+.
9 Ме ’фсымӕртӕ, уӕ кӕрӕдзийӕ хъаст ма кӕнут, цӕмӕй тӕрхонгонд ма ӕрцӕуат+. Тӕрхонгӕнӕг мӕнӕ къӕсӕрыл лӕууы+. 10 Зындзинӕдтӕн быхсын+ ӕмӕ фӕразын куыд хъӕуы+, уымӕй, ме ’фсымӕртӕ, бафӕзмут+, Йегъовӕйы номӕй чи дзырдта+, уыцы пехуымпарты+. 11 О, мах амондджын хонӕм, кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууыд, уыдоны+. Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд, уый тыххӕй+, ӕмӕ зонут, Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уый дӕр+, ӕмӕ уый фӕрцы базыдтат, Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у+.
12 Фыццаджыдӕр та уын, ме ’фсымӕртӕ, уый зӕгъын, ӕмӕ сомы мауал кӕнут, нӕдӕр арвӕй, нӕдӕр зӕххӕй ӕмӕ нӕдӕр ӕндӕр истӕмӕй+. Фӕлӕ кӕд «о» загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд «о», кӕд «нӕ» загътат, уӕд – «нӕ», цӕмӕй тӕрхонгонд ма ӕрцӕуат+.
13 Исчи уӕ зындзинӕдтӕ ӕвзары? Уӕд Хуыцаумӕ кувӕд+. Исчи уӕ хорз зӕрдӕйы уагыл у? Уӕд зарӕд кады зарджытӕ+. 14 Исчи уӕ рынчын у?+ Уӕд фӕдзурӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм+, ӕмӕ йын уыдон скувӕнт ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы номӕй сойӕ байсӕрдӕнт+. 15 Ӕмӕ уырнындзинадӕй райгуыргӕ куывды фӕрцы рынчын сдзӕбӕх уыдзӕн+, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн+. Ӕмӕ кӕд исты тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕд ын уыдон дӕр хатыргонд ӕрцӕудзысты+.
16 Уӕдӕ уӕ кӕрӕдзийӕн ӕргом дзурут+ уӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ кӕрӕдзийы тыххӕй кувут, цӕмӕй сдзӕбӕх уат+. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн стыр тых ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ фехъуысы+. 17 Илийа дӕр мах хуызӕн адӕймаг уыд+, фӕлӕ скуывта, цӕмӕй къӕвда ма уыдаид+, ӕмӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг зӕхмӕ иу ӕртах дӕр не ’рхауд. 18 Стӕй та ногӕй скуывта, ӕмӕ къӕвда ӕруарыд, ӕмӕ зӕхх тыллӕг радта+.
19 Ме ’фсымӕртӕ, исчи уӕ раст фӕндагӕй куы адзӕгъӕл уа ӕмӕ йӕ иннӕ куы раздаха+, 20 уӕд ӕй зонут: тӕригъӕдджыны рӕдыд фӕндагӕй чи раздаха+, уый йӕ* мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн+, ӕмӕ тӕригъӕдджынӕн хатыргонд ӕрцӕудзысты бирӕ тӕригъӕдтӕ+.