Псалом
Амонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг.
65 О Хуыцау, Сионыл+ дӕуӕн ӕмбӕлы кад, дӕ разы ӕмбӕлы ӕнӕдзургӕйӕ лӕууын.
Цӕй тыххӕй дын расомы кодтам, уыдон сӕххӕст кӕндзыстӕм+.
2 Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау, дӕумӕ ӕрцӕудзысты адӕм иууылдӕр+.
4 Амондджын у уыцы адӕймаг, ды кӕй равзӕрстай ӕмӕ дӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодтай+,
Цӕмӕй дӕ кӕртыты цӕра+.
Мах бафсӕддзыстӕм дӕ хӕдзары хорздзинӕдтӕй+,
Дӕ рухс кувӕндоны хорздзинӕдтӕй+.
5 Ды нын дзуапп ратдзынӕ, рӕстдзинады номыл цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сараздзынӕ, уыдонӕй+,
О нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау+,
Дӕуыл дарынц сӕ зӕрдӕ, зӕххы кӕрӕтты ӕмӕ дард денджызты былгӕрӕтты чи цӕры, уыдон+.
8 Зӕххы кӕрӕтты чи цӕры, уыдон фӕтӕрсдзысты дӕ диссӕгтӕй+.
Ды хурыскаст ӕмӕ хурныгуылд фырцинӕй зарынтыл фӕкӕныс+.
9 Ды де ’ргом раздӕхтай зӕхмӕ, цӕмӕй йыл алцыдӕр парахатӕй уа+,
Алцӕмӕй йӕ хъӕздыг кӕныс.
Хуыцауӕй цы цӕугӕдон цӕуы, уый йӕ былтӕй кӕлы+.
Ды афтӕ бакодтай, ӕмӕ сӕ хоры хуымтӕ тыллӕг дӕттынц+,
Ӕмӕ афтӕмӕй зӕххӕн дӕттыс бӕркад+.