Исай
5 Кӕй уарзын, уымӕн зардзынӕн зарӕг – зарӕг, кӕй уарзын, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ сӕнӕфсирдоны тыххӕй+. Кӕй уарзын, уымӕн къуыбырыл, хъӕздыг зӕххыл, уыди сӕнӕфсирдон. 2 Уый йын йӕ зӕхх скъахта, дуртӕй йӕ ссыгъдӕг кодта ӕмӕ дзы ӕппӕты хуыздӕр сырх сӕнӕфсиры талатӕ ныссагъта, астӕуӕй та дзы самадта мӕсыг+. Стӕй дзы скъахта сӕндуцӕн дзыхъхъ дӕр+. Ӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ каст хорз сӕнӕфсирмӕ+, фӕлӕ йын дзы ӕрзад хъӕддаг сӕнӕфсиртӕ+.
3 «Ӕмӕ ныр, Иерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ Иудӕйы адӕм, уӕ хорзӕхӕй, мӕн ӕмӕ мӕ сӕнӕфсирдоны ’хсӕн тӕрхонгӕнӕгӕй ныллӕуут+. 4 Мӕ сӕнӕфсирдонӕн цы нӕ сарӕзтон, ахӕмӕй ма исты ис?+ Ӕз ӕм хорз сӕнӕфсирмӕ куы ӕнхъӕлмӕ кастӕн, уӕд дзы хъӕддаг сӕнӕфсиртӕ цӕмӕн ӕрзад? 5 Ӕмӕ уын ныр зӕгъдзынӕн, мӕ сӕнӕфсирдонӕн цы бакӕндзынӕн, уый. Йӕ быру йын айсдзынӕн+, ӕмӕ арты хай бауыдзӕн+. Йӕ дурӕй амад къул ын ныппырх кӕндзынӕн, ӕмӕ йӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты+. 6 Ӕдзӕллагӕй йӕ ныууадздзынӕн+. Нӕ йӕ бахсӕддзынӕн ӕмӕ йӕ нӕ барувдзынӕн+, ӕмӕ сындзыты ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы бын фӕуыдзӕн+. Ӕмӕ мигътӕн бардзырд ратдзынӕн, цӕмӕй йыл иу ӕртах дӕр ма ӕрӕппарой+. 7 Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы сӕнӕфсирдон+ у Израилы хӕдзар, Иудӕйы адӕм сты, кӕй уарзта, уыцы сӕнӕфсирбӕлӕстӕ+. Уый ӕнхъӕлмӕ каст, рӕстӕй кӕй тӕрхон кӕндзысты+, фӕлӕ федта, закъон кӕй халынц. Ӕнхъӕлмӕ каст, раст хъуыддӕгтыл хӕст кӕй уыдзысты, фӕлӕ йӕм фехъуыст адӕмы дзыназын»+.
8 Додой сӕ къона, йӕ хӕдзӕрттӕ чи фылдӕр кӕны+, йӕ хуымтӕм хуымтӕ чи ’фтауы! Афтид бынат дзы нал баззад+, ӕмӕ ныр уыцы зӕххыл уӕхи йеддӕмӕ ничиуал цӕры. 9 Ӕз мӕхи хъустӕй фехъуыстон, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ кӕй расомы кодта: бирӕ хӕдзӕрттыл, кӕд цыфӕнды стыр ӕмӕ рӕсугъд сты, уӕддӕр ахӕм бон акӕндзӕн, ӕмӕ уыдзысты диссагӕн дзуринаг, иу цӕрӕг дӕр дзы нал баззайдзӕн+. 10 Дӕс акры*+ цы сӕнӕфсирдон ахсы, уымӕй сӕн ӕрцӕудзӕн ӕрмӕстдӕр иу дурын*+, хоры иу хомерӕй* ӕрзайдзӕн ӕрмӕстдӕр иу ефӕ*+.
11 Додой сӕ къона, райсомӕй раджы чи сысты ӕмӕ карз нозт агурӕг чи фӕзилы+, суанг талынгтӕм сӕн чи фӕнуазы ӕмӕ фыррасыгӕй, цы фӕкӕны, уый чи нал фембары!+ 12 Сӕ куывдты хъуысы дыууадӕстӕнон фӕндыр ӕмӕ хъисфӕндыры цагъд, дала ӕмӕ уадындзы цагъд, стӕй дзы сӕн дӕр ӕрӕвӕрынц+. Фӕлӕ Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕм та нӕ кӕсынц, нӕ йын уынынц йӕ къухты фыдӕбон+.
13 Уый тыххӕй мын мӕ адӕмы уацары акӕндзысты – акӕндзысты сӕ, кӕй мӕ нӕ зонынц, уый тыххӕй+. Сӕ кадджынтӕ мӕлдзысты ӕххормагӕй+, сӕ адӕм мӕлдзысты дойныйӕ+. 14 Гъе уый тыххӕй ингӕн* ӕфсис нӕ зоны, йӕ дзых ныххӕлиу кодта+, ӕмӕ уырдӕм ныццӕудзӕн горӕты кад, йӕ адӕм, йӕ хъӕлӕба ӕмӕ, цин чи кӕны, уыдон+. 15 Зӕххон адӕймаг ӕрныллӕг уыдзӕн, адӕймаг ӕгады бынатмӕ ӕрхаудзӕн, бӕрзонд бынат чи ахсы, уыдон сӕ цӕстытӕ бынмӕ ӕруадздзысты+. 16 Ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ сбӕрзонд уыдзӕн тӕрхоны фӕрцы+, ӕцӕг Хуыцау, Сыгъдӕг Хуыцау+, йӕ ном срухс кӕндзӕн рӕстдзинады фӕрцы+. 17 Уӕрыччытӕ уым хиздзысты, цыма сӕрвӕты хизынц, уыйау, ӕмӕ ӕцӕгӕлӕттӕ сӕхи ӕфсаддзысты, ӕдзӕрӕг бынӕтты цы зайа, уымӕй, раздӕр хӕрзхаст фос кӕм хызтысты, уым+.
18 Додой сӕ къона, фыдракӕнд мӕнгдзинады бӕндӕнтӕй йӕ фӕстӕ чи ласы, фос уӕрдоны куыд баифтындзынц, афтӕ йӕхи тӕригъӕды чи баифтындзы+, 19 афтӕ чи дзуры: «Йӕ куыст фӕтагъддӕр кӕнӕд, тагъддӕр арӕзт ӕрцӕуӕд, цӕмӕй йӕ фенӕм! Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы фӕнд тагъддӕр сӕххӕст уӕд, цӕмӕй йӕ базонӕм!»+
20 Додой сӕ къона, хорз ӕвзӕр чи хоны, ӕвзӕр та – хорз+, талынгӕй рухс чи зӕгъы, рухсӕй та – талынг, мастӕй – адджын, адджынӕй та – маст!+
21 Додой сӕ къона, йӕхи цӕсты зондджын чи у, йӕхимӕ ӕмбаргӕ чи кӕсы!+
22 Додой сӕ къона, сӕн нуазынмӕ сӕрӕн чи у ӕмӕ йӕ лӕгдзинад карз нозт аразынӕй чи ӕвдисы+, 23 гӕртамы тыххӕй фыдгӕнӕджы рӕстгӕнӕг чи схоны+ ӕмӕ рӕстгӕнӕджы чи фӕаххосджын кӕны!+
24 Арты ӕвзӕгтӕ хъӕмп куыд аныхъуырынц+, арт хус кӕрдӕг куыд асудзы, афтӕ сӕ бындзӕфхад бамбийдзӕн ӕмӕ тӕф кӕндзӕн+, сӕ дидинӕг бахус уыдзӕн ӕмӕ рыгау атӕхдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы закъоныл сӕ къух систой+, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы ницӕмӕ ӕрдардтой+. 25 Йегъовӕйы маст уый тыххӕй ссыгъд йӕ адӕммӕ. Ӕмӕ сӕм йӕ къух сисдзӕн ӕмӕ сӕ ӕрцӕвдзӕн+. Хӕхтӕ базмӕлдзысты+ ӕмӕ сӕ мӕрдтӕ уынгты бырӕттау уыдзысты+.
Уый тыххӕй нӕ сабыр кӕны йӕ маст, уый тыххӕй у йӕ къух хӕрдмӕ ист. 26 Уый, дард ран чи цӕры, уыцы стыр адӕмӕн+ сӕвӕрдта амонӕн цӕджындз ӕмӕ, зӕххы кӕрон чи цӕры, уыдонмӕ фехситт кодта+. Уыдон уайтагъд уым балӕудзысты+. 27 Иу дӕр дзы нӕ бафӕллайы ӕмӕ нӕ фӕкӕлы. Иуы дӕр дзы хуыссӕг нӕ ахсы ӕмӕ дзы иу дӕр фынӕй нӕ кӕны. Уыдонӕн сӕ рӕттӕ сӕ астӕутыл не суӕгъд уыдзысты ӕмӕ сӕ дзабырты бӕттӕнтӕ нӕ аскъуыйдзысты, 28 уымӕн ӕмӕ сӕ фаттӕ сты цыргъ, се ’рдынтӕ иууылдӕр ӕрбакъӕдз кодтой+. Сӕ бӕхты сӕфтӕджытӕ сты раст ӕхсондуры хуызӕн+, сӕ бӕхуӕрдӕтты цӕлхытӕ – уаддымгӕйы хуызӕн+. 29 Уыдон домбайау ныббогъ кӕнынц, ныббогъ кӕнынц ӕвзонг домбӕйттау+. Ныббогъ кӕндзысты, сӕ амӕттагыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ йӕ аскъӕфдзысты, ӕмӕ йӕ ничи фервӕзын кӕндзӕн+. 30 Уыцы бон сӕ амӕттаджы сӕрмӕ куы ныббогъ кӕной, уӕд уый уыдзӕн денджызы хъӕры хуызӕн+. Адӕймаг уыцы зӕхмӕ куы акӕса, уӕд дзы саудалынг йеддӕмӕ ницы фендзӕн+. Ӕмӕ йыл доны ӕртӕхтӕ кӕй хаудзӕн, уый тыххӕй рухс батар уыдзӕн.