Матфейы
27 Куы ’рбабон, уӕд сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр уынаффӕ кӕнын райдыдтой, Йесойы куыд амарой, ууыл+. 2 Ӕмӕ йӕ сбастой, стӕй йӕ акодтой ӕмӕ йӕ радтой Пилаты къухмӕ, бӕстӕйы хицауы къухмӕ+.
3 Мӕлӕты тӕрхон ын кӕй рахастой, уый йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ куы базыдта, уӕд фӕсмонӕй йӕхицӕн ӕнцой нал ардта, ӕмӕ уыцы ӕртын+ ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ сауджынты хистӕртӕм ӕмӕ хистӕр лӕгтӕм бахаста. 4 Ӕмӕ сын загъта: «Ӕз стыр тӕригъӕд ракодтон, рӕстаг адӕймаджы* ауӕй кодтон»+. Уыдон та йын загътой: «Уый махмӕ нӕ хауы! Уый дӕхи хъуыддаг у!»+ 5 Уӕд ӕвзист ӕхцатӕ кувӕндоны фехста, стӕй ацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта+. 6 Сауджынты хистӕртӕ та ӕвзист ӕхцатӕ систой ӕмӕ загътой: «Кувӕндоны хӕзнадоны сӕ нӕй ныппарӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы туджы аргъ сты». 7 Уыйадыл бауынаффӕ кодтой, ӕмӕ уыцы ӕхцатӕй балхӕдтой дурынгӕнӕджы зӕхх бӕлццӕтты ныгӕнынӕн. 8 Ӕмӕ уыцы зӕхх ныронг дӕр хонынц «Туджы зӕхх»+. 9 Афтӕ сӕххӕст, пехуымпар Йереми* цы загъта, уый: «Ӕмӕ райстой ӕртын ӕвзист ӕхцайы+ – ахӕм аргъ ын скодтой Израилы фырттӕй чидӕртӕ – 10 ӕмӕ дзы дурынгӕнӕджы+ зӕхх балхӕдтой, Йегъовӕ мын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ».
11 Йесо та ӕрлӕууыд бӕстӕйы хицауы раз, ӕмӕ йӕ уый бафарста: «Ды дзуттӕгты паддзах дӕ?»+ Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс»+. 12 Фӕлӕ йӕ сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ куы аххосджын кодтой+, уӕд та ӕппындӕр ницы сдзырдта+. 13 Ӕмӕ йын уӕд Пилат загъта: «Дӕ ныхмӕ цас цыдӕртӕ дзурынц, уый нӕ хъусыс?»+ 14 Фӕлӕ Йесойӕн йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд, ӕмӕ бӕстӕйы хицау стыр дисы бафтыд+.
15 Бӕстӕйы хицаумӕ уыди ахӕм ӕгъдау, ӕмӕ-иу уыцы бӕрӕгбоны рауагъта иу ахст лӕджы – адӕмы-иу кӕй бафӕндыд, уый+. 16 Уыцы рӕстӕджы та ахӕстоны бадтис иу зындгонд фыдгӕнӕг, Вараввӕ+, зӕгъгӕ. 17 Ӕмӕ адӕм куы сӕмбырд сты, уӕд сӕ Пилат бафарста: «Кӕй уын рауадзон, Вараввӕйы ӕви, Чырысти кӕй хонынц, уыцы Йесойы?»+ 18 Афтӕ сӕ уымӕн бафарста, ӕмӕ йӕ зыдта, йӕ къухмӕ йӕ уый тыххӕй кӕй радтой+, ӕмӕ йӕм хӕлӕг кодтой+. 19 Стӕй ма, тӕрхоны бадӕныл куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус дӕр кӕйдӕр ӕрбарвыста, зӕгъгӕ йын афтӕ зӕгъ: «Уыцы рӕстгӕнӕгӕн мацы бакӕн+, уымӕн ӕмӕ абон фыны+ уый тыххӕй бирӕ фӕхъизӕмар кодтон». 20 Фӕлӕ сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ адӕмы сардыдтой, зӕгъгӕ, дзурут, цӕмӕй Вараввӕйы рауадза+, Йесойы та амара. 21 Бӕстӕйы хицау сӕ бафарста: «Ацы дыууӕйӕ уын кӕй рауадзон?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Вараввӕйы»+. 22 Ӕмӕ та сӕ уӕд Пилат бафарста: «Чырысти кӕй хонынц, уыцы Йесойӕн та куыд бакӕнон?» Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр ӕмхъӕлӕсӕй загътой: «Хъӕдыл ӕй байтындз!»+ 23 Уый та сӕ бафарста: «Цӕмӕн? Ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр хъӕр кӕнын райдыдтой: «Хъӕдыл ӕй байтындз!»+
24 Пилат куы федта, адӕммӕ кӕй ницы хъары, ӕмӕ ма змӕнтын дӕр кӕй райдыдтой, уӕд дон рахаста+, адӕмы раз йӕ къухтӕ ныхсадта ӕмӕ загъта: «Ацы лӕджы туг мӕныл нӕй. Уӕ бар уӕхи». 25 Ӕмӕ йын адӕм ӕмхъӕлӕсӕй загътой: «Йӕ туг махыл ӕмӕ нӕ сывӕллӕттыл уӕд»+. 26 Уый фӕстӕ сын Вараввӕйы рауагъта, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта+ ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ хъӕдыл байтыгътаиккой+.
27 Уӕд ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой бӕстӕйы хицауы галуанмӕ, ӕгас ӕфсадмӕ фӕдзырдтой ӕмӕ йыл ӕрӕмбырд сты+. 28 Уыдон ын йӕ дзаумӕттӕ раластой ӕмӕ йыл сӕнтсырх пӕлӕз скодтой+. 29 Уый фӕстӕ сындзытӕй кадыхуд сбыдтой ӕмӕ йын ӕй йӕ сӕрыл ӕркодтой, йӕ рахиз къухмӕ та йын радтой хъӕз лӕдзӕг. Ӕмӕ йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдысты ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтой+: «Ӕгас нӕм цу, дзуттӕгты Паддзах!»+ 30 Ӕмӕ йыл фӕтутӕ кодтой+, стӕй йын йӕ лӕдзӕг райстой ӕмӕ йын дзы йӕ сӕр фӕхостой. 31 Куы дзы фӕхынджылӕг кодтой+, уӕд ын йӕ пӕлӕз раластой, фӕстӕмӕ йыл йӕхи дарӕс скодтой ӕмӕ йӕ акодтой хъӕдыл байтындзынмӕ+.
32 Фӕндагыл сӕ размӕ фӕци иу киренӕйаг лӕг, Симон+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын йӕ хъизӕмӕртты хъӕд уымӕн ахӕссын кодтой. 33 Голгофӕ+, ома Сӕрыкӕхц, кӕй хонынц, уыцы бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, 34 уӕд ын радтой сӕн мастимӕ+ хӕццӕйӕ. Фӕлӕ дзы куы ацахуыста, уӕд дзы нуазын нӕ бакуымдта+. 35 Хъӕдыл ӕй куы байтыгътой+, уӕд та йын йӕ уӕлӕдарӕсыл+ хӕлттӕ сӕппӕрстой+ ӕмӕ сӕ байуӕрстой кӕрӕдзийыл. 36 Стӕй сбадтысты ӕмӕ йӕ хъахъхъӕдтой. 37 Йӕ сӕрмӕ та йын бакодтой фӕйнӕджы гӕбаз – фыст ыл уыд, цӕмӕй йӕ аххосджын кодтой, уый: «Ай у Йесо – дзуттӕгты Паддзах»+.
38 Йемӕ ма хъӕдтыл байтыгътой дыууӕ абырӕджы дӕр – сӕ иуы йӕ рахиз фарс, иннӕйы та йӕ галиу фарс+. 39 Сӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыди, уыдон та-иу сӕ сӕртӕ батылдтой+ ӕмӕ йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой+: 40 «Кувӕндон куы хӕлдтай+ ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ куы арӕзтай! Дӕхи фервӕзын кӕн! Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд хъизӕмӕртты хъӕдӕй ӕрхиз!»+ 41 Афтӕ дзы хынджылӕг кодтой сауджынты хистӕртӕ, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ дӕр+: 42 «Иннӕты ирвӕзын кодта, йӕхи фервӕзын кӕнын та йӕ бон нӕу! Израилы Паддзах+ куы у – ӕрхизӕд хъизӕмӕртты хъӕдӕй, ӕмӕ йыл уӕд баууӕнддзыстӕм+. 43 Хуыцауӕй уыди ныфсджын, гъемӕ кӕд Хуыцауы хъӕуы, уӕд ӕй фервӕзын кӕнӕд+. Афтӕ куы дзырдта: „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“»+. 44 Суанг ма йын, йемӕ кӕй байтыгътой, уыцы абырджытӕ дӕр алы ӕвзӕртӕ дзырдтой+.
45 Ӕхсӕзӕм сахатыл* бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг+, ӕмӕ афтӕ уыди суанг фарӕстӕм сахатмӕ*+. 46 Фарӕстӕм сахатмӕ ’ввахс Йесо хъӕрӕй сдзынӕзта: «Ели, Ели, лама савахфани?», ома, «мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?»+ 47 Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, уым чи лӕууыд, уыдонӕй чидӕртӕ загътой: «Илийамӕ дзуры»+. 48 Ӕмӕ уайтагъд сӕ иу ауад, губкӕ раскъӕфта, туаг+ сӕны йӕ атылдта, стӕй йӕ хъӕз лӕдзӕгыл ӕрсагъта ӕмӕ йын ӕй йӕ дзыхмӕ схаста+. 49 Фӕлӕ иннӕтӕ дзырдтой: «Уадз ӕй! Бакӕсӕм ӕм, кӕддӕра йӕм Илийа ӕрцӕуид ӕмӕ йӕ фервӕзын кӕнид»+. [Сӕ иу арц фелвӕста, йӕ фарс ын дзы барӕхуыста, ӕмӕ дзы ракалд туг ӕмӕ дон.]*+ 50 Йесо та ногӕй хъӕрӕй сдзынӕзта ӕмӕ амард*+.
51 Уӕд, кувӕндоны мидӕг цы ӕмбӕрзӕн+ уыд, уый уӕлейӕ бынмӕ ӕрыскъуыд ӕмӕ дыууӕ дихы фӕци+, стӕй зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты+. 52 Зӕппӕдзтӕ дӕр фегом сты, ӕмӕ сыгъдӕджытӕй* бирӕты мӕрдтӕ ӕддӕмӕ рахаудысты, 53 ӕмӕ сӕ бирӕтӕ федтой. (Ӕмӕ уӕлмӕрды чи уыд, уыдон, Йесо куы райгас, уый фӕстӕ ӕрцыдысты сыгъдӕг горӕтмӕ+.) 54 Ӕфсӕддон хицау ӕмӕ ма йемӕ Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыдон та зӕххӕнкъуыст ӕмӕ, цы ’рцыд, ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыди»+.
55 Уым ма дӕрддзӕф лӕууыдысты ӕмӕ уыдӕттӕм кастысты бирӕ сылгоймӕгтӕ дӕр+ – уыдон суанг Галилейӕйӕ йемӕ фӕцыдысты, цӕмӕй йын лӕггад кодтаиккой+. 56 Семӕ уыди Марийӕ Магдалинӕ, Иаков ӕмӕ Иосийы мад Марийӕ, стӕй Иаков ӕмӕ Иоанны* мад дӕр+.
57 Изӕрырдӕм, йӕхӕдӕг дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг чи сси, иу ахӕм аримафейаг хъӕздыг лӕг, Иосиф, зӕгъгӕ+, 58 бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы Йесойы мард ракуырдта+. Пилат бардзырд радта, цӕмӕй йын ӕй радтаиккой+. 59 Иосиф ын йӕ мард рахаста, сыгъдӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг хъуымацы йӕ батыхта+ 60 ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы кӕй бакъахта ӕмӕ уымӕй размӕ ӕвӕрд кӕм ничима уыди, уыцы зӕппадзы+. Стӕй зӕппадзмӕ бахизӕныл стыр дур бафӕлдӕхта ӕмӕ ацыди+. 61 Фӕлӕ Марийӕ Магдалинӕ ӕмӕ иннӕ Марийӕ уым баззадысты, бадтысты ингӕны раз+.
62 Иннӕ бон, Цӕттӕгӕнӕн боны+ фӕстӕ, хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд сты Пилатмӕ 63 ӕмӕ йын загътой: «Нӕ буц хицау, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы цӕстфӕлдахӕг ма ӕгас куы уыди, уӕд афтӕ кӕй дзырдта, ӕртӕ боны+ фӕстӕ райгас уыдзынӕн, зӕгъгӕ. 64 Уӕдӕ зӕгъ, цӕмӕй йын ӕртыккаг бонмӕ йӕ ингӕн хъахъхъӕной, науӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрцӕудзысты, адавдзысты+ йӕ ӕмӕ стӕй дзурдзысты: „Мӕрдтӕй райгас!“ Уӕд фӕстаг сайд фыццаг сайдӕй фыддӕр уыдзӕн». 65 Пилат сын загъта: «Хъахъхъӕнджытӕ+ уӕм ис, ацӕут ӕмӕ уӕ куыд фӕнды, афтӕ йӕ хъахъхъӕнут». 66 Уыдон ацыдысты ӕмӕ ингӕнмӕ бахизӕны дурыл мыхуыр сӕвӕрдтой+, йӕ разы та йын слӕууын кодтой хъахъхъӕнджыты.