2 Азфыстыты
27 Иофам+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын фондз азы ӕмӕ ӕхсӕрдӕс азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Йерушӕ+, уыди Садокы чызг. 2 Иофам арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+, йӕ фыд Ози куыддӕриддӕр кодта, афтӕ+, ӕрмӕст Йегъовӕйы кувӕндонмӕ никуы бацыд+. Фӕлӕ адӕм нырма цыдысты сӕфты фӕндагыл+. 3 Иофам сарӕзта Йегъовӕйы хӕдзары уӕллаг кулдуар+ ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ сарӕзта Офелы къулыл+ дӕр. 4 Стӕй ма Иудӕйы+ хӕхбӕсты сарӕзта горӕттӕ+, хъӕдты+ та – фидӕрттӕ+ ӕмӕ мӕсгуытӕ+. 5 Иофам хӕцыд Аммоны фыртты+ паддзахимӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз. Гъемӕ йын уыцы аз Аммоны фырттӕ бафыстой сӕдӕ таланты ӕвзист, дӕс мин стыр дурыны*+ мӕнӕу+ ӕмӕ дӕс мин стыр дурыны та – хъӕбӕрхор+. Аммоны фырттӕ йын уыйбӕрц бафыстой дыккаг аз дӕр ӕмӕ ӕртыккаг аз дӕр+. 6 Иофам кодта тыхджынӕй-тыхджындӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз цыди раст фӕндагыл*+.
7 Иофамы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та+, куыд хӕцыд ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕтты тыххӕй, фыст ис Израилы ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхты чиныджы+. 8 Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын фондз азы ӕмӕ ӕхсӕрдӕс азы уыд паддзах Иерусалимы+. 9 Ӕппынфӕстаг Иофам йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Давиды горӕты+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахаз+.