Исай
48 Байхъусут, Иаковы хӕдзарвӕндаг, сымах, йӕхи Израилы номӕй чи хоны+ ӕмӕ Иудӕйӕ*+ чи равзӕрд, Йегъовӕйы номӕй чи сомы кӕны+ ӕмӕ Израилы Хуыцауы тыххӕй чи дзуры+, фӕлӕ уый ӕцӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ чи нӕ кӕны+. 2 Уыдон сӕхи хонынц сыгъдӕг горӕтӕй+ рацӕуӕг ӕмӕ сӕ ныфс дарынц Израилы Хуыцауыл+ – йӕ ном у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+.
3 «Фыццаг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон ӕз бирӕ раздӕр фехъусын кодтон. Уыдон-иу мӕ дзыхӕй рацыдысты ӕмӕ-иу сӕ ӕз фехъусын кодтон+. Ӕз архайдтон ӕвиппайды, ӕмӕ-иу уыдӕттӕ сӕххӕст сты+. 4 Ӕз ӕй зыдтон, ды ӕнӕсӕттон кӕй дӕ+, дӕ бӕрзӕйы нуӕрттӕ ӕфсӕйнаг кӕй сты+, дӕ ных – ӕрхуы+, 5 ӕмӕ дын алцыдӕр рагацау уый тыххӕй дзырдтон. Хабар-иу цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ-иу дын ӕй фехъусын кодтон+, цӕмӕй афтӕ ма загътаис: „Уыдон мӕ хуыцау бакодта, мӕ гуымирыйы ӕмӕ ме ’фсӕйнаг хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ ӕрцыдысты“+. 6 Ды уыдӕттӕ фехъуыстай+, ӕмӕ-ма сыл дӕ цӕст ахӕсс+. Ау, иннӕтӕн дӕр сӕ нӕ радзурдзыстут?+ Ӕз дын амӕй фӕстӕмӕ хъусын кӕнын ног цыдӕртӕ, сусӕг чи уыд ӕмӕ кӕй тыххӕй нӕ зыдтай, ахӕм цыдӕртӕ+. 7 Уыдон хъуамӕ ныртӕккӕ сӕххӕст уой, раздӕр никуы уыдысты. Уыдӕтты тыххӕй абоны онг нӕ фехъуыстай ӕмӕ афтӕ нӕ зӕгъдзынӕ, ӕз сӕ зыдтон, зӕгъгӕ+.
8 О, ды уый тыххӕй нӕ фехъуыстай+, зонгӕ дӕр ӕй нӕ кодтай ӕмӕ уӕдӕй абоны онг дӕ хъус гом нӕ уыд. Ӕз ӕй зонын, ды ӕдзух гадзрахатӕй кӕй цыдтӕ+ ӕмӕ дӕ афтӕ кӕй дзурынц, ай йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ фыдгӕнӕг у, зӕгъгӕ+. 9 Мӕ номы тыххӕй ӕз мӕ маст бауромдзынӕн+, мӕ кады тыххӕй мӕхиуыл хӕцдзынӕн, цӕмӕй уӕ ма фесафон+. 10 Ӕз дӕ ссыгъдӕг кодтон, фӕлӕ ӕвзистау нӕ+. Ӕз дӕ равзӕрстон, тайынгӕнӕн пецы куы уыдтӕ,– хъизӕмӕрттӕ куы ’взӕрстай,– уӕд+. 11 Мӕ номы тыххӕй, мӕ номы тыххӕй архайдзынӕн ӕз+. Куыд хъуамӕ бауадзон мӕ ном фӕчъизи кӕнын?+ Ӕз мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн+.
12 Байхъус мӕм, о Иаков, ды, ме ’взӕрст Израил. Ӕз ныр дӕр уыцы Хуыцау дӕн+. Ӕз дӕн фыццаг+, стӕй фӕстаг дӕр ӕз дӕн+. 13 Мӕ къух бындур ӕрӕвӕрдта зӕххӕн+, мӕ рахиз къух айтыгъта арв+. Ӕз сӕм фӕдзурын, цӕмӕй иумӕ мӕ разы ӕрлӕууой+.
14 Иууылдӕр ӕрӕмбырд ут ӕмӕ байхъусут+. Уыдонӕй йӕ исчи загъта? Йегъовӕ йӕ бауарзта+, ӕмӕ уый Вавилонӕн бакӕндзӕн, Хуыцауы цы фӕнды, уый+, ӕмӕ йӕ цонг халдейтыл уӕз кӕндзӕн+. 15 Уый ӕз загътон. Ӕз ӕм фӕдзырдтон+, ӕрбакодтон ӕй ӕмӕ йӕ рӕствӕндаг фӕкӕндзынӕн+.
16 Хӕстӕг мӕм ӕрбацӕут ӕмӕ байхъусут. Райдианӕй дӕр ӕз ӕмбӕхст ран нӕ дзырдтон+. Уый куы сӕххӕст, уӕд ӕз уым уыдтӕн».
Ӕмӕ мӕ ныр Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ рарвыста ӕмӕ мӕ йӕ тыхӕй* схайджын кодта+. 17 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, дӕ Ӕлхӕнӕг+, Израилы Сыгъдӕг Хуыцау+: «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны+, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны+. 18 Тӕхуды, ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕм куы хъусис!+ Уӕд дӕ фарн суаид цӕугӕдоны хуызӕн+, дӕ рӕстдзинад – денджызы уылӕнты хуызӕн+. 19 Дӕ цот змисау сбирӕ уаиккой, дӕ байзӕддӕгтӕ, дӕуӕй чи рацӕуа, уыдон – змисы муртау+. Ӕмӕ дӕ ном мӕ разӕй нӕ фесӕфид ӕмӕ афтӕ никуы уаид, цӕмӕй йӕ кой дӕр мауал уа»+.
20 Рацӕут Вавилонӕй!+ Лидзгӕ ут халдейтӕй+. Цины хъӕр кӕнут ӕмӕ йӕ дзурут, фехъусын ӕй кӕнут+. Уыцы хабар суанг зӕххы кӕронмӕ фехъусын кӕнут+. Дзурут афтӕ: «Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Иаковы балхӕдта+. 21 Ӕдзӕрӕг быдыртыл+ сӕ куы кодта, уӕд дойныйӕ+ нӕ мардысты. Уый афтӕ бакодта, цӕмӕй сын къӕдзӕхӕй дон ракалдаид, къӕдзӕх афаста, цӕмӕй дзы дон рагуылф кодтаид»+.
22 «Фыдгӕнджытӕн фарн нӕй»,– зӕгъы Йегъовӕ+.