Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нымӕцтӕ 11
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Нымӕцтӕ 11:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 9:22
  • +Пс 78:21; 106:18

Нымӕцтӕ 11:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 32:11; Д.з 9:19; Пс 106:23; Иак 5:16

Нымӕцтӕ 11:3

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Нысан кӕны «судзын; арт; зынг».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 9:22

Нымӕцтӕ 11:4

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 12:38; Лв 24:10
  • +1Кр 10:10
  • +Пс 78:18, 22; 106:14

Нымӕцтӕ 11:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 16:3

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    11/2020, 25 ф.

Нымӕцтӕ 11:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 16:35; Нм 21:5

Нымӕцтӕ 11:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 16:14; Не 9:20; Ин 6:31, 33, 51
  • +Рц 16:31
  • +Рд 2:12

Нымӕцтӕ 11:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 16:16
  • +Рц 16:23
  • +Рц 16:31

Нымӕцтӕ 11:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 78:24

Нымӕцтӕ 11:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 11:1; Д.з 32:22; Пс 78:21
  • +Ӕм 29:27

Нымӕцтӕ 11:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 17:4; Д.з 1:12

Нымӕцтӕ 11:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Фс 2:7
  • +Ис 40:11
  • +Рд 13:15; 26:3; 50:24; Рц 13:5

Нымӕцтӕ 11:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 18:18; Д.з 1:9

Нымӕцтӕ 11:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 19:4; Иов 6:9

Нымӕцтӕ 11:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 24:1, 9
  • +Д.з 16:18

Нымӕцтӕ 11:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 17:22; Рц 19:11; 25:22; 34:5; Нм 12:5
  • +Нм 11:25; 12:8
  • +Нм 27:18; 1См 10:6; 2Пд 2:15; Не 9:20; Хъд 2:17
  • +Рц 18:22

Нымӕцтӕ 11:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 19:10
  • +Рц 16:7
  • +Нм 11:4, 5
  • +Рц 16:8

Нымӕцтӕ 11:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 78:29; 106:15
  • +Нм 21:5

Нымӕцтӕ 11:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 12:2; Рц 12:37; 38:26; Нм 1:46

Нымӕцтӕ 11:22

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 15:33

Нымӕцтӕ 11:23

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 18:14; Ис 50:2; 59:1; Мч 10:27; Лк 1:37
  • +Ис 55:11; Йер 44:28; Тит 1:2; Дзт 6:18

Нымӕцтӕ 11:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 11:16

Нымӕцтӕ 11:25

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 33:9; Нм 12:5; Д.з 31:15
  • +Пс 99:7
  • +Нм 11:17; 2Пд 2:9, 15
  • +1См 10:6; 19:20

Нымӕцтӕ 11:28

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 17:9; 24:13; 33:11; Нм 27:18; Д.з 31:3
  • +Мч 9:38

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    1/2017, 30 ф.

Нымӕцтӕ 11:29

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ил 2:28; Хъд 26:29

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    1/2017, 30 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/8/2004, 31 ф.

Нымӕцтӕ 11:31

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 78:26; 135:7
  • +Рц 16:13; Пс 78:27; 105:40

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/9/2011, 14 ф.

Нымӕцтӕ 11:32

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Иу хомер у 220 л.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 16:36; Йез 45:11

Нымӕцтӕ 11:33

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 78:30; 106:15
  • +Пс 78:31
  • +1Кр 10:10

Нымӕцтӕ 11:34

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Нысан кӕны «фӕндтӕ ныгӕнӕн бынӕттӕ».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 33:16; Д.з 9:22
  • +1Кр 10:6

Нымӕцтӕ 11:35

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 33:17; Д.з 1:1

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Ным. 11:1Д.з 9:22
Ным. 11:1Пс 78:21; 106:18
Ным. 11:2Рц 32:11; Д.з 9:19; Пс 106:23; Иак 5:16
Ным. 11:3Д.з 9:22
Ным. 11:4Рц 12:38; Лв 24:10
Ным. 11:41Кр 10:10
Ным. 11:4Пс 78:18, 22; 106:14
Ным. 11:5Рц 16:3
Ным. 11:6Рц 16:35; Нм 21:5
Ным. 11:7Рц 16:14; Не 9:20; Ин 6:31, 33, 51
Ным. 11:7Рц 16:31
Ным. 11:7Рд 2:12
Ным. 11:8Рц 16:16
Ным. 11:8Рц 16:23
Ным. 11:8Рц 16:31
Ным. 11:9Пс 78:24
Ным. 11:10Нм 11:1; Д.з 32:22; Пс 78:21
Ным. 11:10Ӕм 29:27
Ным. 11:11Рц 17:4; Д.з 1:12
Ным. 11:121Фс 2:7
Ным. 11:12Ис 40:11
Ным. 11:12Рд 13:15; 26:3; 50:24; Рц 13:5
Ным. 11:14Рц 18:18; Д.з 1:9
Ным. 11:151Пд 19:4; Иов 6:9
Ным. 11:16Рц 24:1, 9
Ным. 11:16Д.з 16:18
Ным. 11:17Рд 17:22; Рц 19:11; 25:22; 34:5; Нм 12:5
Ным. 11:17Нм 11:25; 12:8
Ным. 11:17Нм 27:18; 1См 10:6; 2Пд 2:15; Не 9:20; Хъд 2:17
Ным. 11:17Рц 18:22
Ным. 11:18Рц 19:10
Ным. 11:18Рц 16:7
Ным. 11:18Нм 11:4, 5
Ным. 11:18Рц 16:8
Ным. 11:20Пс 78:29; 106:15
Ным. 11:20Нм 21:5
Ным. 11:21Рд 12:2; Рц 12:37; 38:26; Нм 1:46
Ным. 11:22Мф 15:33
Ным. 11:23Рд 18:14; Ис 50:2; 59:1; Мч 10:27; Лк 1:37
Ным. 11:23Ис 55:11; Йер 44:28; Тит 1:2; Дзт 6:18
Ным. 11:24Нм 11:16
Ным. 11:25Рц 33:9; Нм 12:5; Д.з 31:15
Ным. 11:25Пс 99:7
Ным. 11:25Нм 11:17; 2Пд 2:9, 15
Ным. 11:251См 10:6; 19:20
Ным. 11:28Рц 17:9; 24:13; 33:11; Нм 27:18; Д.з 31:3
Ным. 11:28Мч 9:38
Ным. 11:29Ил 2:28; Хъд 26:29
Ным. 11:31Пс 78:26; 135:7
Ным. 11:31Рц 16:13; Пс 78:27; 105:40
Ным. 11:32Рц 16:36; Йез 45:11
Ным. 11:33Пс 78:30; 106:15
Ным. 11:33Пс 78:31
Ным. 11:331Кр 10:10
Ным. 11:34Нм 33:16; Д.з 9:22
Ным. 11:341Кр 10:6
Ным. 11:35Нм 33:17; Д.з 1:1
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30
  • 31
  • 32
  • 33
  • 34
  • 35
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Нымӕцтӕ 11:1–35

Нымӕцтӕ

11 Иуафон адӕм Йегъовӕйы раз сӕ цардӕй хъаст кӕнын райдыдтой+. Йегъовӕ уый куы фехъуыста, уӕд сӕм йӕ маст ссыгъд. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ, кӕройнаг цатырты раз чи уыд, уыцы адӕмы ныхъуырын райдыдта+. 2 Уӕд адӕм Моисеймӕ фӕфӕдис сты, баххуыс нын кӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ Моисей Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта+, ӕмӕ арт ахуыссыд. 3 Уыцы бынат схуыдтой Таверӕ*+, уымӕн ӕмӕ сыл уым Йегъовӕйӕ рацыд арт.

4 Се ’хсӕн алы адӕмыхӕттытӕй цы адӕм уыд+, уыдон сӕ хиуарзон фӕндтӕ ӕргом кӕнын райдыдтой+, ӕмӕ та Израилы фырттӕ дӕр райдыдтой ӕрдиаг кӕнын ӕмӕ дзурын: «Чи нын ратдзӕн дзидза?+ 5 Египеты лӕвар хордтам+ кӕсаг, хордтам дзы джитъритӕ, харбызтӕ, хъӕдындзтӕ, нурытӕ! 6 Ныр та нӕ уд удыл нал хӕцы. Ацы маннӕ йеддӕмӕ ницы уынӕм»+.

7 Маннӕ+ уыди киндзӕйы+ мыггӕгты хуызӕн, стӕй уыди бӕласы хӕрздӕф чъиуы хуызӕн+. 8 Адӕм-иу ацыдысты ӕмӕ йӕ ӕмбырд кодтой+. Ӕрмгуыройӕ-иу ӕй ӕрыссадтой кӕнӕ-иу ӕй фӕхты ныммур кодтой, стӕй-иу ӕй кӕнӕ аджы сфыхтой+, кӕнӕ та-иу дзы скодтой дзултӕ. Маннӕ кодта соимӕ конд адджын гуылы ад+. 9 Цатыртӕ кӕм уыдысты, уым-иу ӕхсӕв ӕртӕх куы ’рбадт, уӕд-иу зӕххыл ӕрбадт маннӕ дӕр+.

10 Моисей фехъуыста, алчидӕр йӕ бинонтимӕ йӕ цатыры бахизӕны раз кӕй ӕрдиаг кӕны. Ӕмӕ Йегъовӕйы маст тынг ссыгъд+, ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Моисейы цӕсты уыдысты тынг ӕвзӕр+. 11 Уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Дӕ лӕггадгӕнӕджы ахӕм бӕллӕхы цӕмӕн баппӕрстай? Цӕуыл мӕм смӕсты дӕ, цӕмӕн мыл сӕвӕрдтай ахӕм уаргъ – ӕппӕт ацы адӕмы?+ 12 Ацы адӕмӕн ӕз исты сӕ мад дӕн? Ӕз сӕ ныййардтон? Мӕнӕн цӕмӕн зӕгъыс, сывӕллонгӕс дзидзидай сывӕллоны йӕ хъӕбысы куыд фӕхӕссы+, афтӕ сӕ дӕ хъӕбысы хӕсс+, зӕгъгӕ, сӕ фыдӕлтӕн цы зӕххы тыххӕй расомы кодтай, уырдӕм?+ 13 Кӕцӕй хъуамӕ ӕрхӕссон ӕз дзидза ӕппӕт ацы адӕмӕн? Кӕуынц ӕмӕ мын дзурынц, дзидза нын ратт, ӕмӕ бахӕрӕм, зӕгъгӕ. 14 Мӕ бон нӕу иунӕгӕй ахӕм уаргъ, ӕппӕт ацы адӕмы, хӕссын, ӕгӕр уӕззау мын у+. 15 Кӕд мын афтӕ кӕныс, уӕд мӕ фӕлтау амар+, кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, уӕд, ӕмӕ мӕ цы бӕллӕх баййӕфта, уый ма уынон».

16 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Израилы хистӕр лӕгтӕй ӕрӕмбырд кӕн ӕвдай лӕджы+, адӕмы хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ хицӕуттӕ чи сты, кӕй зоныс, ахӕмты+. Ӕрбакӕн сӕ ӕмбырды цатыры размӕ ӕмӕ уым демӕ иумӕ ӕрлӕууӕнт. 17 Ӕз ӕрцӕудзынӕн+ ӕмӕ уым демӕ ныхас кӕндзынӕн+. Ӕмӕ ды цы тыхӕй хайджын дӕ, уымӕй райсдзынӕн+ ӕмӕ дзы уыдоны схайджын кӕндзынӕн. Ӕмӕ дын уыдон ӕххуыс кӕндзысты ацы уаргъ, ацы адӕмы, хӕссынӕн, цӕмӕй йӕ иунӕгӕй ма хӕссай+. 18 Адӕмӕн та афтӕ зӕгъ: „Райсоммӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут+, райсом ӕнӕмӕнг хӕрдзыстут дзидза. Йегъовӕйы раз афтӕ нӕ куыдтат+, чи нын ратдзӕн дзидза, Египеты нын куыд хорз уыди, зӕгъгӕ?+ Йегъовӕ уын ӕнӕмӕнг ратдзӕн дзидза. Ӕнӕмӕнгӕй дзидза хӕрдзыстут+. 19 Иу бон, дыууӕ боны, фондз боны, дӕс боны ӕмӕ дыууын боны нӕ хӕрдзыстут, 20 фӕлӕ ӕнӕхъӕн мӕй, цалынмӕ уӕ фындзыхуынчъытӕй нӕ ракӕла ӕмӕ уын нӕ фенад уа, уӕдмӕ+, уымӕн ӕмӕ сымах уӕ къух систат Йегъовӕйыл, уе ’хсӕн чи ис, ууыл, ӕмӕ йӕ разы куыдтат, цӕмӕн рацыдыстӕм Египетӕй, зӕгъгӕ“»+.

21 Уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Цы адӕмы ’хсӕн дӕн, уым ис ӕхсӕзсӕдӕ мин фистӕг лӕджы+, ды та афтӕ зӕгъыс: „Ӕз сын ратдзынӕн дзидза, ӕмӕ йӕ хӕрдзысты ӕнӕхъӕн мӕй!“ 22 Фысты дзугтӕ ӕмӕ сын стурты рӕгъӕуттӕ дӕр куы аргӕвдӕм, уӕд дӕр сын сфаг уыдзысты?+ Науӕд сын, денджызы цы кӕсаг ис, уый иууылдӕр куы ’рцахсӕм, уӕд дӕр сын сфаг уыдзӕн?»

23 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ау, Йегъовӕйы къух цыбыр у?+ Ныр ӕй фендзынӕ, цы дзурын, уый ӕрцӕудзӕн ӕви нӕ»+.

24 Уый фӕстӕ Моисей рацыд ӕмӕ адӕмӕн Йегъовӕйы ныхӕстӕ радзырдта. Стӕй адӕмы хистӕр лӕгтӕй ӕвдай лӕджы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ цатыры алыварс ӕрлӕууын кодта+. 25 Ӕмӕ Йегъовӕ ӕрцыд мигъы+ ӕмӕ йемӕ дзурын райдыдта+. Стӕй, Моисей цы тыхӕй* уыд хайджын, уымӕй райста+ ӕмӕ дзы ӕвдай хистӕр лӕгӕй алкӕй дӕр схайджын кодта. Ӕмӕ куыддӕр уыцы тыхӕй схайджын сты, афтӕ сӕхи пехуымпартау дарын райдыдтой. Фӕлӕ уый фӕстӕ сӕхи афтӕ нал дардтой+.

26 Ныр хистӕр лӕгтӕй дыууӕйӕ, цатыртӕ кӕм уыдысты, уым баззадысты. Иуӕн дзы йӕ ном уыди Елдад, иннӕмӕн та – Модад. Ӕмӕ уыдон дӕр уыцы тыхӕй схайджын сты, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр иннӕтимӕ фыст уыдысты, ӕрмӕст ӕмбырды цатыры размӕ не ’рбацыдысты. Гъемӕ, цыма пехуымпартӕ уыдысты, сӕхи афтӕ дарын райдыдтой. 27 Уӕд иу лӕппу азгъордта ӕмӕ Моисейӕн фӕхабар кодта: «Цатыртӕ кӕм сты, уым Елдад ӕмӕ Модад сӕхи афтӕ дарынц, цыма пехуымпартӕ сты!» 28 Уӕд дын Навины фырт Йесо, йе ’рыгон бонтӕй фӕстӕмӕ Моисейы лӕггадгӕнӕг чи уыд+, уый, афтӕ куы бакӕнид: «Моисей, мӕ буц хицау, зӕгъ сын, цӕмӕй афтӕ ма кӕной!»+ 29 Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Мӕнӕн тӕрсыс, ӕви? Ма тӕрс. Мӕ зӕрдӕ зӕгъы, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм иууылдӕр куы уаиккой пехуымпартӕ, Йегъовӕ се ’ппӕты дӕр куы схайджын кӕнид йӕ тыхӕй!»+ 30 Фӕстӕдӕр Моисей Израилы хистӕр лӕгтимӕ ацыд, цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм.

31 Уӕд Йегъовӕ дымгӕ+ сыстын кодта, ӕмӕ уыцы дымгӕ денджызӕй ӕрбахаста уӕрццытӕ+. Ӕмӕ сӕ ныккалдта, цатыртӕ кӕм ӕвӕрд уыдысты, уыцы бынаты алыварс: иуырдӕм дӕр иу боны цыдӕн, ӕмӕ иннӕрдӕм дӕр иу боны цыдӕн, зӕххӕй та уыдысты дыууӕ ӕлмӕрины* бӕрзӕндыл. 32 Ӕмӕ адӕм рацыдысты, ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон, ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ӕмӕ ма иннӕ бон дӕр ӕмбырд кодтой уӕрццытӕ. Ӕппӕты къаддӕр чи ӕрӕмбырд кодта, уымӕн уыдысты дӕс хомеры*+. Ӕмӕ сӕ сӕхицӕн цатырты алыварс алы рӕтты равӕрдтой. 33 Ӕмӕ адӕмӕн дзидза нырма сӕ дӕндӕгты ’хсӕн уыди+, нырма йӕ нӕ баууылдтой, афтӕ сӕм Йегъовӕйы маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ цӕгъдын райдыдта, тынг сӕ фӕцагъта+.

34 Уыцы бынат схуыдтой Киброт-Гаттаавӕ*+, уымӕн ӕмӕ уым баныгӕдтой, йӕ хиуарзон фӕндтыл чи ацыд, уыцы адӕмы+. 35 Киброт-Гаттаавӕйӕ адӕм араст сты Асирофмӕ ӕмӕ уым, Асирофы, ӕрлӕууыдысты+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын