Иов
16 Уӕд Иов загъта:
2 «Ӕз ахӕм ныхӕстӕ бирӕ фехъуыстон.
Сымах уе ’ппӕт дӕр стут ницӕйаг ныфсӕвӕрджытӕ!+
3 Афтид ныхӕстӕн искуы кӕрон уыдзӕн?+
Мӕсты цӕуыл кӕныс, цӕмӕн кӕныс ахӕм ныхӕстӕ?
4 Мӕнӕн дӕр мӕ бон у, сымах куыд дзурут, афтӕ дзурын.
Мӕ уд цы раны ис, уӕ удтӕ дӕр уыцы раны куы уыдаиккой,
Уӕд ӕз дӕр уӕ ныхмӕ ахӕм зондджын ныхӕстӕ кодтаин?+
Науӕд-иу сымахмӕ кӕсгӕйӕ мӕ сӕр батылдтаин?+
6 Куы фӕдзурын, уӕд дӕр мӕ рыст не ’рсабыр вӕййы+,
Куы ницы фӕдзурын, уӕд дӕр мын ӕнцондӕр нӕ фӕвӕййы.
7 Фӕлӕ мын Хуыцау ныр мӕ хъарутӕ байста+,
Мӕ фарсмӕ чи уыд, уыдонӕй иуӕн дӕр ницыуал ныууагъта.
8 Стӕй ма мыл фидар ныххӕцыдтӕ. Уыцы хъуыддаг у ӕвдисӕн+,
Ӕмӕ мӕ тӕригъӕддаг уавӕр цӕуы мӕ ныхмӕ, комкоммӕ мӕ ныхмӕ дзуры.
9 Йӕ судзгӕ маст мӕ удхарӕй мары, йӕ зӕрдӕйы мӕм маст хӕссы+.
Йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс мӕм цӕуы+.
Ме знаджы цӕстытӕ мӕ нынныхстысты+.
10 Сӕ дзыхтӕ мӕм бахӕлиу кодтой+,
Фидистӕ мын кӕнынц, мӕ рустӕ мын хойынц.
Мӕ ныхмӕ дунейӕ ӕрӕмбырд сты+.
11 Хуыцау мӕ дӕтты гыццыл лӕппуты къухмӕ,
Фыдгӕнджыты къухтӕм мӕ ӕппары+.
12 Ӕз ӕрсабыр дӕн, фӕлӕ та мӕ ныууыгъта+.
Мӕ бӕрзӕйыл мын ныххӕцыд ӕмӕ мӕ зӕххыл ныццавта,
Йӕ фаттӕ мыл уадзы.
13 Йӕ фатӕхсджытӕ+ мӕ алыварс ӕрӕмбырд сты.
Уый мын мӕ уыргтӕ+ пырх кӕны ӕмӕ мын тӕригъӕд ӕппындӕр нӕ кӕны.
Мӕ масты дзӕкъулӕй мын мӕ маст зӕхмӕ уадзы.
14 Къулау мӕ куы иу ран, куы иннӕ ран батоны,
Тыхджын лӕгау мӕм ӕрбабырсы+.
16 Мӕ цӕсгом кӕуынӕй ныссырх+,
Мӕ цӕстыты бынтӕ ныссау сты+.
17 Афтӕмӕй та мӕ къухтӕ фыддзинадӕй дзаг не сты
Ӕмӕ кувын сыгъдӕг цӕсгомӕй+.
18 О зӕхх, курын дӕ, мӕ туг мын ма бамбӕхс!+
Мӕ дзыназын ма басусӕг уӕд!
19 Мӕн тыххӕй чи дзуры, уый уӕлӕрвты ис,
Ме ’вдисӕн – бӕрзондыл+.
20 Ме ’мбӕлттӕ сты, мӕ ныхмӕ чи дзуры, ахӕм минӕвӕрттӕ+.
Мӕнӕн та ме ’ргом здӕхт у Хуыцаумӕ – мӕ цӕстытӕ цъынд дӕр не ’ркӕнын+.
21 Хъуамӕ зӕххон адӕймаджы ӕмӕ Хуыцауы ’хсӕн хъуыддаг ӕвзӕрст ӕрцӕуа,
Дыууӕ адӕймаджы ’хсӕн куыд ӕрцӕуы ӕвзӕрст, афтӕ+.