Михей
4 Фӕстаг бонты+, Йегъовӕйы хӕдзар+ цы хохыл+ ис, уый фидар ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн хӕхты цъуппытӕй дӕр уӕлдӕр, суыдзӕн къуыбыртӕй дӕр бӕрзонддӕр+, ӕмӕ йӕм адӕмтӕ агуылф кӕндзысты+. 2 Бирӕ адӕмтӕ ацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Рацӕут+, ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ, Иаковы Хуыцауы хӕдзары размӕ+. Уый нын йӕ фӕндӕгтӕ бацамондзӕн+, ӕмӕ мах цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл»+. Уымӕн ӕмӕ закъон рацӕудзӕн Сионӕй, Йегъовӕйы ныхас – Иерусалимӕй+. 3 Уый тӕрхон кӕндзӕн бирӕ адӕмты ’хсӕн+ ӕмӕ дард рӕтты цӕрӕг хъомысджын адӕмты пайдайӕн+ хъуыддӕгтӕ сраст кӕндзӕн+. Ӕмӕ уыдон сӕ хъаматӕй сараздзысты гутӕттӕ, сӕ ӕрцытӕй – ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕ+. Иу адӕм иннӕ адӕммӕ хъама нал сисдзӕн ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты+. 4 Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуибӕласы бын+, ӕмӕ сын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн+, уымӕн ӕмӕ уыцы ныхас ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕйы дзыхӕй рацыд+.
5 Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цӕудзысты сӕ хуыцӕутты номӕй+, мах та цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй+ ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ+.
6 «Уыцы бон,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, къуылых чи цӕуы, уыцы адӕмы+, ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, алы рӕтты чи ныппырх, уыцы адӕмы+, зындзинӕдтӕ кӕмӕн ӕвзарын кодтон, уыдоны. 7 Къуылых чи цӕуы, уыцы адӕмы се ’ппӕты сафын нӕ бауадздзынӕн+ ӕмӕ, йӕ зӕххӕй хауӕггаг чи фӕци, уыдонӕй скӕндзынӕн тыхджын адӕм+. Ӕмӕ Сионы хохыл Йегъовӕ уыдзӕн сӕ паддзах, ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр+.
8 Дӕумӕ та, дзуджы мӕсыг, Сионы чызджы обау+, дӕумӕ ӕнӕмӕнг уыдзӕн, фыццаг дӕм цы стыр бартӕ уыди, уыдон+ – Иерусалимы чызджы чи у, уыцы паддзахад+.
9 Уӕдӕ дӕ хъӕлӕсыдзаг цӕуыл хъӕр кӕныс?+ Паддзах дын нӕй, ӕви дӕ уынаффӕгӕнӕг нал ис? Арӕг сылгоймагау фыррыстӕй куы ныкъкъӕдзтӕ дӕ+. 10 Сионы чызг, арӕг сылгоймагау фыррыстӕй тухӕн кӕн+, уымӕн ӕмӕ уӕд горӕтӕй рацӕудзынӕ ӕмӕ дӕ быдыры цӕрын бахъӕудзӕн+. Суанг дӕ Вавилоны онг бахъӕудзӕн цӕуын+. Уым дӕ фервӕзын кӕндзысты+. Уым дӕ Йегъовӕ де знӕгты къухӕй фӕстӕмӕ балхӕндзӕн+.
11 Дӕ ныхмӕ рацӕудзысты бирӕ адӕмтӕ. Уыдон дзурынц: „Фӕчъизи йӕ кӕнӕнт, ӕмӕ уӕд мах Сионы сӕфтмӕ цингӕнгӕйӕ кӕсдзыстӕм“+. 12 Фӕлӕ уыдон Йегъовӕйы хъуыдытӕ нӕ зонынц ӕмӕ йын йӕ фӕндтӕ не ’мбарынц+. Ног карст хоры куыристӕ найгӕнӕн мусмӕ куыд ӕрӕмбырд кӕнынц, афтӕ сӕ уый иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн+.
13 Сыст, Сионы чызг, ӕмӕ най кӕн+, уымӕн ӕмӕ дын ӕз дӕ сыкъа фестын кӕндзынӕн ӕфсӕйнаг, дӕ сӕфтӕджытӕ та – ӕрхуы, ӕмӕ бирӕ адӕмты ныссӕнддзынӕ+. Уыдон кӕйдӕр фӕллойӕ цы мулк скодтой, уый снывонд кӕндзынӕ Йегъовӕйӕн+, ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ – ӕгас зӕххы ӕцӕг Хицауӕн, ӕмӕ уыдзысты табуйаг»+.