Ромӕгтӕм
11 Уӕдӕ уӕ фӕрсын: ау, Хуыцау йӕ адӕмыл йӕ къух исгӕ скодта?+ Уымӕн гӕнӕн нӕй! Ӕз мӕхӕдӕг дӕр израилаг+ дӕн, Авраамы байзӕддӕгтӕй, Вениамины+ мыггагӕй. 2 Хуыцау йӕ адӕмыл, фыццаг йе ’ргом кӕмӕ раздӕхта, уыдоныл, йӕ къух нӕ систа+. Нӕ йӕ зонут, Фыстад Илийайы тыххӕй цы зӕгъы? Уый Хуыцауӕн Израилӕй афтӕ хъаст кодта+: 3 «Йегъовӕ, дӕ пехуымпарты дын ныццагътой, дӕ нывондхӕссӕнтӕ дын ныппырх кодтой. Ӕрмӕстдӕр ма ӕз баззадтӕн, ӕмӕ мӕн дӕр марынмӕ хъавынц*»+. 4 Фӕлӕ йын Хуыцау цы загъта?+ «Ӕз мӕхицӕн ныууагътон авд мин адӕймаджы – уыдон Ваалы раз сӕ зонгуытыл нӕ лӕууыдысты»+. 5 Афтӕ абон дӕр фӕзынд, Хуыцау йе стыр хорзӕхы фӕрцы кӕй равзӕрста+, ахӕм гыццыл къорд+. 6 Ӕмӕ кӕд стыр хорзӕхы+ фӕрцы ӕрцыдысты ӕвзӕрст, уӕд уый сӕ хъуыддӕгты+ фӕрцы нал у – науӕд ма стыр хорзӕх цӕй стыр хорзӕх уаид+.
7 Ӕмӕ уӕд цы зӕгъӕн ис? Израил афтӕ зӕрдиагӕй цы агуры, уый йӕ къухы нӕ бафтыд+, ӕвзӕрстыты+ къухы та бафтыд. Иннӕтӕн та сӕ зонд ныкъкъуырма+. 8 Ӕмӕ фыст дӕр афтӕ у: «Хуыцау сыл тарф фынӕй бафтыдта+, радта сын ахӕм цӕстытӕ, цӕмӕй ма уыной, ӕмӕ ахӕм хъустӕ, цӕмӕй ма хъусой, ӕмӕ афтӕ сты абоны онг дӕр»+. 9 Афтӕ Давид дӕр зӕгъы: «Сӕ фынг сын фестӕд хыз, къӕппӕг ӕмӕ цӕлхдур, ӕмӕ райсӕнт, цы сын ӕмбӕлы, уый+. 10 Сӕ цӕстырухс батар уӕд, цӕстӕй куыд нал уыной, ӕмӕ мыггагмӕ ныггуыбыр уӕнт»+.
11 Уӕдӕ уӕ фӕрсын: ау, афтӕ фӕкалдысты ӕмӕ афтӕ ахаудысты+, ӕмӕ мауал сыстой? Уый афтӕ нӕу! Фӕлӕ кӕй фӕрӕдыдысты+, уый иннӕ адӕмтӕн ӕрхаста ирвӕзындзинад+, ӕмӕ уый фӕрцы израилӕгтӕ катайы бацыдысты+. 12 Ӕмӕ уӕдӕ кӕд, уыдон кӕй фӕрӕдыдысты, уый фӕрцы дуне схъӕздыг, ӕмӕ, кӕй фӕкъаддӕр сты, уый фӕрцы иннӕ адӕмтӕ схъӕздыг сты+, уӕд цас хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, сӕ нымӕц куы баххӕст уа+, уый та!
13 Ныр та сымахмӕ, иннӕ адӕмтӕй чи у, уыдонмӕ, у мӕ ныхас. Ӕз мӕхӕдӕг дӕр иннӕ адӕмтӕм+ ӕрвыст апостол+ дӕн, ӕмӕ стыр аргъ кӕнын+, мӕ бар цы куыст ис, уымӕн+. 14 Уый фӕрцы кӕд ме ’мтуг адӕм катайы бацӕуиккой ӕмӕ дзы кӕйдӕрты+ уӕддӕр фервӕзын кӕнин+. 15 Хуыцау сӕ кӕй ныууагъта+, уый фӕрцы дунейӕн байгом фӕндаг йемӕ бафидауынӕн+. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд, фӕстӕмӕ сӕ йӕхимӕ куы ’рбаввахс кӕна, уый та куыд уыдзӕн? Афтӕ нӕ уыдзӕн, цыма мӕлӕтӕй цардмӕ раздӕхтысты? 16 Ӕмӕ кӕд, хыссӕйӕ фыццаг+ цы гуыл сисынц, уый табуйаг у, уӕд хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр табуйаг у. Ӕмӕ кӕд бӕласӕн йӕ уидаг табуйаг у+, уӕд къалиутӕ дӕр табуйаг сты.
17 Фӕлӕ кӕд Хуыцау къалиутӕй иуты ӕрсаста, ӕмӕ дӕу та, хъӕддаг оливӕбӕлас уӕвгӕйӕ, иннӕ къалиуты ’хсӕн бафтыдта+ ӕмӕ семӕ оливӕбӕласы+ уидагӕй сой+ цъирыс, 18 уӕд саст къалиутыл ӕнӕрвӕссон ма кӕн. Кӕд сыл ӕнӕрвӕссон кӕныс+, уӕд та дӕ рох ма уӕд: уидаг дӕуыл нӕ хӕцы+, фӕлӕ ды хӕцыс уидагыл+. 19 Ӕмӕ уӕд ды, чи зоны, зӕгъай: «Къалиутӕ уый тыххӕй ӕрсаста+, цӕмӕй бӕласыл мӕн бафтауа»+. 20 О, уый афтӕ у. Фӕлӕ уыдоны, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд+, уый тыххӕй ӕрсаста, ды та лӕууыс уырнындзинады фӕрцы+. Гъемӕ уӕдӕ дӕхицӕй ма ныббуц у+, фӕлӕ дӕхимӕ кӕс+. 21 Кӕд Хуыцау бӕласӕн йӕхи къалиутыл нӕ бацауӕрста, уӕд дӕуыл дӕр нӕ бацауӕрддзӕн+. 22 Уӕдӕ йӕ зон: Хуыцау хӕларзӕрдӕ+ дӕр у ӕмӕ тызмӕг+ дӕр. Тызмӕг у+, чи йӕ ныууагъта, уыдонмӕ, дӕумӕ та – хӕларзӕрдӕ, ӕрмӕст кӕд дарддӕр дӕр йӕ хӕларзӕрдӕдзинады аккаг+ уай, уӕд. Кӕд нӕ, уӕд та дӕу дӕр акъуырдзӕн+. 23 Ӕмӕ уыдоны та, кӕд сӕм уырнындзинад фӕзына, уӕд фӕстӕмӕ бӕласыл бафтаудзӕн+, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ бон у уый бакӕнын. 24 Кӕд дӕу хъӕддаг оливӕбӕласӕй ралыг кодтой ӕмӕ дӕ, цӕхӕрадоны чи зайы, уыцы оливӕбӕласыл бафтыдтой+,– кӕд афтӕ ничи кӕны, уӕддӕр,– уӕд уыцы къалиутӕ та цас ӕнцондӕрӕй уыдзӕн бафтауӕн, цы оливӕбӕласӕй сӕ ралыг кодтой, ууыл!+
25 Ме ’фсымӕртӕ, фӕнды мӕ, цӕмӕй ацы сусӕгдзинад*+ зонат, ӕмӕ уӕхимӕ зондджын ма кӕсат: Израилы адӕмӕй иутӕн сӕ зонд ныкъкъуырма+, ӕмӕ уый афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ иннӕ адӕмтӕй, цас хъуамӕ уой, уыйбӕрц+ нӕ ӕрӕмбырд уа, уӕдмӕ+. 26 Ӕмӕ афтӕ фервӕздзӕн ӕгас Израил+ дӕр. Фыст дӕр афтӕ у: «Сионӕй+ ӕрцӕудзӕн ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ Иаковы+ байзӕддӕгтӕн се ’нӕхуыцау хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕндзӕн. 27 Ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдтӕй куы ссыгъдӕг кӕнон+, уӕд семӕ скӕндзынӕн бадзырд»+. 28 Хорз хабармӕ кӕй нӕ хъусынц, уымӕ гӕсгӕ уыдон сты Хуыцауы знӕгтӕ, ӕмӕ уый у уӕ пайдайӕн+. Фӕлӕ сӕ Хуыцау кӕй равзӕрста, уымӕ гӕсгӕ та сты йӕ уарзон адӕм – сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уый хатырӕй+. 29 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау искӕмӕн йӕ хорздзинӕдтӕй куы бахай кӕны ӕмӕ искӕй куы равзары, уӕд ыл фӕсмон нӕ фӕкӕны+. 30 Мӕнӕ сымах кӕддӕр Хуыцауы коммӕ куыд нӕ кастыстут+, фӕлӕ уӕм ныр Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ куыд равдыста, уыдон ӕгоммӕгӕс+ кӕй уыдысты, уый фӕрцы, 31 афтӕ ныр та уыдон нӕ кӕсынц йӕ коммӕ, ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцау сымахмӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ+, цӕмӕй ныр уыдонмӕ дӕр равдиса фӕлмӕнзӕрдӕдзинад. 32 Хуыцау сӕ се ’ппӕты дӕр ӕгоммӕгӕсдзинады уацайрӕгтӕ скодта+, цӕмӕй се ’ппӕтмӕ дӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса+.
33 О, куыд ӕнӕкӕрон* сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ*+, йӕ зонд+ ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ!+ Кӕй зонд аххӕсдзӕн йӕ тӕрхӕттыл+, ӕмӕ йын чи раиртасдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕ! 34 Афтӕ фыст у: «Чи базыдта Йегъовӕйы хъуыдытӕ+, науӕд ын чи уыд уынаффӕгӕнӕг?»+ 35 Кӕнӕ «йын чи цы фӕци, ӕмӕ йын ӕй хъуамӕ бафида?»+ 36 Ӕппӕт дӕр уымӕй цӕуы, ӕппӕт дӕр уый фӕрцы ис ӕмӕ ӕппӕт дӕр уый тыххӕй у+. Кад ын уӕд ӕнустӕм+. Аммен.