Исай
53 Мах цы хабар фехъуыстам, ууыл чи баууӕндыд?+ Ӕмӕ кӕмӕн раргом+ Йегъовӕйы цонджы хъару?+ 2 Уый адӕмы раз сзайдзӕн къалиуау+ ӕмӕ уыдзӕн уидаджы хуызӕн ӕнӕдон бӕстӕйы. Уымӕн нӕдӕр уындджын бакаст ис, нӕдӕр кадджын у+. Ӕмӕ йӕ куы фенӕм, уӕд йӕ бакаст ахӕм нӕ уыдзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа+.
3 Адӕм ӕй ӕппындӕр ницӕмӕ дардтой, сӕхи дзы дард ластой+,– рыст ӕмӕ низ цы у, уый чи базыдта, уымӕй+. Мах-иу дзы нӕхи иннӕрдӕм азылдтам, цӕмӕй йын йӕ цӕсгом ма уыдтаиккам+. Ӕппындӕр ӕй ницӕмӕ дардтой, ӕмӕ йӕ мах нымадтам ницӕйагыл+. 4 Ӕцӕгдӕр, уый нын нӕ низтӕ ахаста+ ӕмӕ нын нӕ рыст йӕхимӕ айста+. Мах та афтӕ ӕнхъӕл уыдыстӕм, ӕмӕ йӕ Хуыцау бакодта+ тухиты+, бӕллӕхты ӕмӕ хъизӕмӕртты хай+. 5 Фӕлӕ уый барӕхуыстой+ нӕ фыдракӕндты тыххӕй+, нӕ тӕригъӕдты тыххӕй йын бавзарын кодтой хъизӕмӕрттӕ+. Цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый нын ӕрхаста фарн+ ӕмӕ йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы+ сдзӕбӕх стӕм+. 6 Мах не ’ппӕт дӕр фыстау адзӕгъӕл стӕм+, алчидӕр нӕ ацыд йӕхи фӕндагыл, ӕмӕ Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ иууылдӕр ууыл сӕвӕрдта+. 7 Уый уыд тынг уынгӕджы+, ӕмӕ йӕхи радта, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид+, фӕлӕ йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. Уӕрыкк ӕргӕвдынмӕ куыд фӕкӕнынц, афтӕ акодтой уый дӕр+, ӕмӕ фыс йе ’лвынджыты раз куыд сабыр фӕлӕууы, афтӕ уымӕн дӕр йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд+.
8 Уый баййӕфта ӕфхӕрд, акодтой йӕ, раст тӕрхон ын не скодтой, афтӕмӕй+. Йӕ равзӕрды хабӕрттыл ын лӕмбынӕг чи ахъуыды кӕндзӕн?+ Удӕгӕсты зӕххӕй+ йӕ айстой+. Мӕ адӕмы фыдракӕндты+ тыххӕй йӕ амардтой+. 9 Ӕмӕ йӕ бавӕрдзысты фыдгӕнджытимӕ+, куы амӕла, уӕд уыдзӕн хъӕздгуытимӕ+. Афтӕмӕй та ницы фыддзинад ракодта+, йӕ дзыхӕй иу мӕнг ныхас дӕр не схауд+.
10 Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид+, уый йыл низ бафтыдта+. О Хуыцау, кӕд ын ды йӕ уд аххосы тыххӕй нывондӕн ӕрхӕссай+, уӕд уый фендзӕн йӕ байзӕддӕгты+, йӕ царды бонтыл бафтдзӕн+ ӕмӕ йӕ къухӕй сараздзӕн+, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый+. 11 Йӕ уд мӕстытӕ кӕй бавзӕрста, уый тыххӕй фендзӕн хорз хъуыддӕгтӕ+ ӕмӕ йӕ зӕрдӕ барухс уыдзӕн+. Уыцы рӕстгӕнӕг, мӕ лӕггадгӕнӕг+, йӕ зонындзинӕдты фӕрцы бирӕтӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуой+. Уый сын сӕ тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн+. 12 Ӕмӕ йын ӕз уый тыххӕй ратдзынӕн хай бирӕтимӕ+, ӕмӕ цы байса, уый адих кӕндзӕн тыхджынтимӕ+, уымӕн ӕмӕ уый йӕ уд радта мӕлӕтмӕ+ ӕмӕ йӕ банымадтой фыдгӕнӕгыл+. Уый ахаста бирӕты тӕригъӕдтӕ+ ӕмӕ хӕцыд фыдгӕнджыты сӕрыл+.