Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Лукайы 23
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Лукайы 23:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 27:2; Мч 15:1; Ин 18:28

Лукайы 23:2

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «цезӕрӕн», ома Ромы императорӕн.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 21:10; Пс 35:11
  • +Ин 12:19; Хъд 24:5
  • +Ӕм 25:18; Мч 12:17
  • +Ин 1:49; 18:36

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 291 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/4/2011, 21 ф.

    «Кувут Хуыцауӕн», 160, 161 фф.

Лукайы 23:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 27:11; 1Тм 6:13

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 291 ф.

Лукайы 23:4

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ин 18:38; Дзт 7:26; 1Пт 2:22

Лукайы 23:7

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Кӕс Лк 3:1, фип.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лк 3:1

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 292 ф.

Лукайы 23:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лк 9:9
  • +Мф 14:1; Мч 6:14

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 292 ф.

Лукайы 23:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 39:1; Ис 53:7

Лукайы 23:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 25:7

Лукайы 23:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 53:3; Лк 9:22
  • +Пс 22:7

Лукайы 23:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 4:27

Лукайы 23:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ин 18:38

Лукайы 23:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 23:29

Лукайы 23:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 27:26; Ин 19:1

Лукайы 23:17

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Кӕс Мф 17:21, фип.

Лукайы 23:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 49:7
  • +Мф 27:20; Мч 15:11; Ин 18:40

Лукайы 23:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 27:22; Мч 15:12; Ин 19:12

Лукайы 23:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мч 15:13; Ин 19:6

Лукайы 23:22

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 27:23; Мч 15:14

Лукайы 23:23

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 23:2; Ин 19:15

Лукайы 23:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мч 15:15; Ин 19:16

Лукайы 23:25

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ӕм 17:15
  • +Мф 27:26

Лукайы 23:26

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мч 15:21; Ин 19:17

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 296, 297 фф.

Лукайы 23:28

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 28:57; Йер 9:19; Мч 13:17; Лк 19:44

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 296, 297 фф.

Лукайы 23:29

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 24:19; Лк 21:23

Лукайы 23:30

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 2:19; Ос 10:8; Рар 6:16

Лукайы 23:31

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ӕм 11:31; Йер 25:29; Йез 20:47; 1Пт 4:17

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 297 ф.

Лукайы 23:32

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ис 53:12; Мф 27:38

Лукайы 23:33

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 27:33
  • +Ин 19:18

Лукайы 23:34

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Цыппӕрдигъон къӕлӕтты цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдон рагон къухфыстытӕй кӕцыдӕрты не сты, ӕндӕрты та сты.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 7:60
  • +Пс 22:18; Ис 53:12; Мф 27:35; Мч 15:24

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    4/2021, 8, 9 фф.

    «Баввахс у Иегъовӕмӕ», 297 ф.

Лукайы 23:35

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «Чырысти».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Зх 12:10
  • +Пс 22:8
  • +Мф 27:42; Мч 15:31

Лукайы 23:36

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 22:7
  • +Пс 69:21

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 298, 299 фф.

Лукайы 23:37

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 298, 299 фф.

Лукайы 23:38

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 27:37; Мч 15:26; Ин 19:19

Лукайы 23:39

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 26:68; 27:44; Мч 15:32

Лукайы 23:40

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йер 5:3

Лукайы 23:41

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пт 1:19

Лукайы 23:42

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Комк. «дӕ паддзахадмӕ куы ’рцӕуай».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лк 1:32

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ»,

    8/2018, 8 ф.

Лукайы 23:43

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ин 5:29; Хъд 24:15
  • +Ис 11:6; 35:1; 65:17; Рар 21:1

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    4/2021, 9 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    7/2019, 30 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    12/2018, 6, 7 фф.

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 299, 314–316 фф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/6/2014, 10 ф.

    1/6/2013, 14, 15 фф.

    1/3/2013, 9 ф.

    15/8/2009, 10, 11 фф.

    «Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ»,

    8/2018, 8 ф.

    «Ахуыргӕнӕг», 188–190 фф.

    «Базонынад», 8, 9 фф.

Лукайы 23:44

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Хурыскастӕй нымайгӕйӕ, ома боны 12 сахатмӕ ’ввахс.

  • *

    Хурыскастӕй нымайгӕйӕ, ома боны 3 сахатмӕ ’ввахс.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ам 8:9; Мф 27:45; Мч 15:33

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 300 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    15/3/2008, 32 ф.

Лукайы 23:45

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 26:31; 36:35
  • +Дзт 10:20

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 301 ф.

Лукайы 23:46

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 31:5; Хъд 7:59
  • +Мф 27:50

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    4/2021, 12, 13 фф.

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 300 ф.

Лукайы 23:47

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 27:54

Лукайы 23:48

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 301 ф.

Лукайы 23:49

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 38:11; 88:8
  • +Мф 27:55; Мч 15:40; Лк 8:2

Лукайы 23:50

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Кӕнӕ «Синедрионы». Кӕс 51 ст. дӕр.

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 27:57; Мч 15:43; Ин 19:38

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    10/2017, 18 ф.

Лукайы 23:51

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 37:21
  • +Мч 15:43; Лк 2:25

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    10/2017, 18, 19 фф.

Лукайы 23:52

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 27:58

Лукайы 23:53

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 21:23
  • +Ис 53:9
  • +Мф 27:59; Мч 15:46

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (ахуыр кӕнынӕн),

    10/2017, 19, 20 фф.

Лукайы 23:54

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 12:6; Мф 27:62; Мч 15:42; Ин 19:42
  • +Рц 20:10; Д.з 5:14

Лукайы 23:55

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ин 5:28
  • +Мф 27:61; Мч 15:47

Лукайы 23:56

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 26:7
  • +Рц 16:29; 20:8; 31:15; Д.з 5:12

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 303 ф.

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Лук. 23:1Мф 27:2; Мч 15:1; Ин 18:28
Лук. 23:21Пд 21:10; Пс 35:11
Лук. 23:2Ин 12:19; Хъд 24:5
Лук. 23:2Ӕм 25:18; Мч 12:17
Лук. 23:2Ин 1:49; 18:36
Лук. 23:3Мф 27:11; 1Тм 6:13
Лук. 23:4Ин 18:38; Дзт 7:26; 1Пт 2:22
Лук. 23:7Лк 3:1
Лук. 23:8Лк 9:9
Лук. 23:8Мф 14:1; Мч 6:14
Лук. 23:9Пс 39:1; Ис 53:7
Лук. 23:10Хъд 25:7
Лук. 23:11Ис 53:3; Лк 9:22
Лук. 23:11Пс 22:7
Лук. 23:12Хъд 4:27
Лук. 23:14Ин 18:38
Лук. 23:15Хъд 23:29
Лук. 23:16Мф 27:26; Ин 19:1
Лук. 23:18Ис 49:7
Лук. 23:18Мф 27:20; Мч 15:11; Ин 18:40
Лук. 23:20Мф 27:22; Мч 15:12; Ин 19:12
Лук. 23:21Мч 15:13; Ин 19:6
Лук. 23:22Мф 27:23; Мч 15:14
Лук. 23:23Рц 23:2; Ин 19:15
Лук. 23:24Мч 15:15; Ин 19:16
Лук. 23:25Ӕм 17:15
Лук. 23:25Мф 27:26
Лук. 23:26Мч 15:21; Ин 19:17
Лук. 23:28Д.з 28:57; Йер 9:19; Мч 13:17; Лк 19:44
Лук. 23:29Мф 24:19; Лк 21:23
Лук. 23:30Ис 2:19; Ос 10:8; Рар 6:16
Лук. 23:31Ӕм 11:31; Йер 25:29; Йез 20:47; 1Пт 4:17
Лук. 23:32Ис 53:12; Мф 27:38
Лук. 23:33Мф 27:33
Лук. 23:33Ин 19:18
Лук. 23:34Хъд 7:60
Лук. 23:34Пс 22:18; Ис 53:12; Мф 27:35; Мч 15:24
Лук. 23:35Зх 12:10
Лук. 23:35Пс 22:8
Лук. 23:35Мф 27:42; Мч 15:31
Лук. 23:36Пс 22:7
Лук. 23:36Пс 69:21
Лук. 23:38Мф 27:37; Мч 15:26; Ин 19:19
Лук. 23:39Мф 26:68; 27:44; Мч 15:32
Лук. 23:40Йер 5:3
Лук. 23:411Пт 1:19
Лук. 23:42Лк 1:32
Лук. 23:43Ин 5:29; Хъд 24:15
Лук. 23:43Ис 11:6; 35:1; 65:17; Рар 21:1
Лук. 23:44Ам 8:9; Мф 27:45; Мч 15:33
Лук. 23:45Рц 26:31; 36:35
Лук. 23:45Дзт 10:20
Лук. 23:46Пс 31:5; Хъд 7:59
Лук. 23:46Мф 27:50
Лук. 23:47Мф 27:54
Лук. 23:49Пс 38:11; 88:8
Лук. 23:49Мф 27:55; Мч 15:40; Лк 8:2
Лук. 23:50Мф 27:57; Мч 15:43; Ин 19:38
Лук. 23:51Рд 37:21
Лук. 23:51Мч 15:43; Лк 2:25
Лук. 23:52Мф 27:58
Лук. 23:53Д.з 21:23
Лук. 23:53Ис 53:9
Лук. 23:53Мф 27:59; Мч 15:46
Лук. 23:54Рц 12:6; Мф 27:62; Мч 15:42; Ин 19:42
Лук. 23:54Рц 20:10; Д.з 5:14
Лук. 23:55Ин 5:28
Лук. 23:55Мф 27:61; Мч 15:47
Лук. 23:56Мф 26:7
Лук. 23:56Рц 16:29; 20:8; 31:15; Д.з 5:12
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30
  • 31
  • 32
  • 33
  • 34
  • 35
  • 36
  • 37
  • 38
  • 39
  • 40
  • 41
  • 42
  • 43
  • 44
  • 45
  • 46
  • 47
  • 48
  • 49
  • 50
  • 51
  • 52
  • 53
  • 54
  • 55
  • 56
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Лукайы 23:1–56

Лукайы

23 Уӕд иууылдӕр сыстадысты ӕмӕ Йесойы Пилатмӕ акодтой+. 2 Ӕмӕ йӕ уым райдыдтой аххосджын кӕнын+: «Ацы лӕг нын нӕ адӕмы сафы+, нӕ уадзы паддзахӕн* хъалон фидын+, йӕхицӕй та дзуры, ӕз, дам, дӕн Чырысти, паддзах»+. 3 Уӕд ӕй Пилат бафарста: «Ды дзуттӕгты паддзах дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс»+. 4 Ӕмӕ уӕд Пилат сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы аххос ссардтон»+. 5 Фӕлӕ уыдон уӕддӕр сӕхи дзырд кодтой: «Адӕмы ахуыр кӕны ӕмӕ сӕ змӕнты ӕгас Иудейӕйы дӕр – Галилейӕйӕ райдай, ӕмӕ суанг мӕнӕ ацы бынаты онг». 6 Пилат уый куы фехъуыста, уӕд сӕ афарста, ацы лӕг галилейаг у, зӕгъгӕ. 7 Ӕмӕ, Ироды*+ дӕлбар чи уыд, уыцы бӕстӕйӕ кӕй у, уый куы базыдта, уӕд ӕй уымӕ арвыста – уыцы рӕстӕг Ирод дӕр Иерусалимы уыд.

8 Ирод Йесойы куы федта, уӕд тынг бацин кодта – рагӕй бӕллыд йӕ фенынмӕ+, уымӕн ӕмӕ йын йӕ кой хъуыста+ ӕмӕ йӕ ныфс уыд, исты диссаг кӕй сараздзӕн. 9 Ӕмӕ йӕ райдыдта бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕрсын, фӕлӕ йын уый дзуапп нӕ лӕвӕрдта+. 10 Сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ та-иу сыстадысты ӕмӕ йӕ уыцы мӕстыйӕ алыхуызон хъуыддӕгты аххосджын кодтой+. 11 Уӕд ын Ирод йӕ хъахъхъӕнджытимӕ райдыдта алы ӕфхӕрӕн митӕ кӕнын+, скодта йыл хъӕздыг дарӕс ӕмӕ дзы хынджылӕг кодта+. Стӕй йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста. 12 Ӕмӕ уыцы бон Ирод ӕмӕ Пилат+ балымӕн сты, афтӕмӕй та уӕдмӕ знӕгтӕ уыдысты.

13 Уый фӕстӕ Пилат фӕсидт сауджынты хистӕртӕм, адӕмы разамонджытӕм ӕмӕ адӕммӕ 14 ӕмӕ сын загъта: «Ацы лӕджы мӕм ӕрбакодтат, адӕмы, дам, хицауады ныхмӕ ардауы. Ӕмӕ йӕ ӕз дӕр уӕ разы ӕрфарстон, фӕлӕ йӕ цӕмӕй аххосджын кӕнут, ахӕмӕй йӕм ницы ссардтон+. 15 Ирод дӕр ӕм ницы аххос ссардта, мӕнӕ нӕм ӕй фӕстӕмӕ ӕрбарвыста. Уӕдӕ йын мӕлӕты тӕрхон+ цӕй тыххӕй рахӕссон, ахӕмӕй ницы сарӕзта. 16 Гъемӕ йӕ бафхӕрдзынӕн+ ӕмӕ йӕ ауадздзынӕн». 17* –– 18 Фӕлӕ адӕм ӕмдзыхӕй ныхъхъӕр кодтой: «Амар ӕй!+ Рауадз нын Вараввӕйы!»+ 19 Уыцы лӕг та ахӕстоны бадт, горӕты адӕмы хицауады ныхмӕ кӕй сыстын кодта ӕмӕ кӕйдӕр кӕй амардта, уый тыххӕй. 20 Пилат та сӕм ногӕй басидт, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыдис Йесойы ссӕрибар кӕнын+. 21 Фӕлӕ уӕд уыдон сӕ дзыхыдзаг хъӕр кӕнын райдыдтой: «Байтындз ӕй! Хъӕдыл ӕй байтындз!»+ 22 Ӕмӕ та сын ӕртыккаг хатт дӕр загъта: «Цӕмӕн? Ӕвзӕрӕй цы ракодта? Марын ӕй цӕй тыххӕй хъӕуы, ӕз ӕм ахӕмӕй ницы ссардтон. Бафхӕрдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ ауадздзынӕн»+. 23 Уӕд дзы ноджы тынгдӕр домын райдыдтой, цӕмӕй йӕ хъӕдыл байтыгътаид. Адӕм афтӕ хъӕр кодтой, ӕмӕ уый дӕр басаст+. 24 Гъемӕ Пилат, адӕм дзы куыд домдтой, ахӕм тӕрхон рахаста+: 25 ссӕрибар кодта+, кӕй дзы домдтой, уыцы лӕджы – адӕмы хицауады ныхмӕ кӕй сыстын кодта ӕмӕ кӕйдӕр кӕй амардта, ахӕстоны уый тыххӕй чи бадт, уыцы лӕджы. Йесойы хъуыддаг та алыг кодта, уыдоны куыд фӕндыд, афтӕ+.

26 Ӕфсӕддонтӕ йӕ куы фӕцӕйкодтой, уӕд фӕндагыл баурӕдтой, хъӕуӕй чи ӕрбацӕйцыд, иу ахӕм киренӕйаг лӕджы, Симон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын хъизӕмӕртты хъӕд йе ’ккой скодтой, цӕмӕй йӕ Йесойы фӕстӕ хастаид+. 27 Йесойӕн та йӕ фӕдыл цыд дуне адӕм. Се ’хсӕн уыди бирӕ сылгоймӕгтӕ, ӕмӕ йыл сӕхи хостой ӕмӕ йыл ӕрдиаг кодтой. 28 Йесо сӕм разылд ӕмӕ сын загъта: «Иерусалимы чызджытӕ, мӕныл ма кӕут. Кӕут уӕхиуыл ӕмӕ уӕ сывӕллӕттыл+, 29 уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дзурдзысты: „Амондджын сты, ӕнӕзӕнӕг чи у, чи нӕ ныййардта ӕмӕ дзидзи чи нӕ дардта, уыцы сылгоймӕгтӕ!“+ 30 Уӕд хӕхтӕн дзурдзысты: „Ӕркӕлут ныл!“, ӕмӕ къуыбыртӕн: „Бамбӕхсут нӕ!“+ 31 Уымӕн ӕмӕ, кӕд удӕгас бӕласӕн кӕнынц афтӕ, уӕд цымӕ, куы бахус уа, уӕд та цы уыдзӕн?»+

32 Йесоимӕ ма марынмӕ кодтой дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр+. 33 Ӕмӕ, Сӕрыкӕхц+ кӕй хонынц, уыцы бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым Йесойы дӕр ӕмӕ уыцы дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр хъӕдтыл байтыгътой – сӕ иуы йӕ рахиз фарс, иннӕйы та йӕ галиу фарс+. 34 [Фӕлӕ Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн+, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый не ’мбарынц».]* Стӕй йын йӕ дарӕсыл хӕлттӕ сӕппӕрстой, кӕмӕ дзы цы ’рхаудзӕн, зӕгъгӕ+. 35 Адӕм дӕр лӕууыдысты ӕмӕ йӕм кастысты+. Сӕ разамонджытӕ та йыл худтысты: «Иннӕты ирвӕзын кодта, гъемӕ йӕхи дӕр фервӕзын кӕнӕд+, кӕд Хуыцауы сӕрст*, Хуыцауы ӕвзӕрст у, уӕд»+. 36 Суанг ма дзы ӕфсӕддонтӕ дӕр хынджылӕг кодтой+ – бацыдысты йӕм ӕмӕ йын нуазын кодтой туаг сӕн+, 37 ӕмӕ йын дзырдтой: «Кӕд дзуттӕгты паддзах дӕ, уӕд дӕхи фервӕзын кӕн». 38 Йӕ сӕрмӕ та уыд фыст: «Ай у дзуттӕгты паддзах»+.

39 Йӕ фарсмӕ цы фыдгӕнджытӕ уыд ауыгъд, уыдонӕй та йӕ иу ӕфхӕрын райдыдта+: «Чырысти нӕ дӕ? Фервӕзын кӕн дӕхи дӕр ӕмӕ мах дӕр». 40 Уӕд ын иннӕ бауайдзӕф кодта: «Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсыс, ӕви? Дӕхицӕн дӕр дын ахӕм тӕрхон куы рахастой+. 41 Ӕмӕ махӕн афтӕ хъуыди, нӕ хъуыддӕгты тыххӕй нын цы ’мбӕлд, уый нын бакодтой, ацы адӕймаг та ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта»+. 42 Ӕмӕ уый фӕстӕ загъта: «Йесо, паддзах куы суай*, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн»+. 43 Йесо йын загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ+ Дзӕнӕты»+.

44 Уыдаид иу-ӕхсӕзӕм сахат*, ӕмӕ бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг, ӕмӕ афтӕ уыди суанг фарӕстӕм сахатмӕ*+, 45 уымӕн ӕмӕ хур нал рухс кодта. Уӕд, кувӕндоны мидӕг цы ӕмбӕрзӕн+ уыд, уый йӕ астӕуыл ӕрыскъуыд+. 46 Ӕмӕ Йесо хъӕрӕй сдзынӕзта: «Мӕ Фыд, дӕ къухтӕм дӕттын мӕ уд*»+. Уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд амард+. 47 Цы ’рцыд, уый ӕфсӕддон хицау куы федта, уӕд Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдта ӕмӕ загъта: «Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр рӕстгӕнӕг уыд»+. 48 Уыцы хабармӕ бакӕсынмӕ цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдон, цытӕ ӕрцыд, уый куы федтой, уӕд сӕ риутӕ хойгӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты. 49 Йесойы чи зыдта, уыдон та иууылдӕр лӕууыдысты дӕрддзӕф ран+. Йӕ фӕдыл Галилейӕйӕ цы сылгоймӕгтӕ рацыд, уыдон дӕр уым лӕууыдысты ӕмӕ уыдӕттӕм кастысты+.

50 Уым уыд иу лӕг, Иосиф, зӕгъгӕ, Уынаффӕдоны* уӕнг, хорз ӕмӕ рӕстаг адӕймаг+ – 51 уый разы нӕ уыд, Уынаффӕдоны цы сфӕнд кодтой ӕмӕ цы арӕзтой, уыимӕ+. Уый уыд Аримафейӕ, дзуттӕгтӕ кӕм цард, уыцы горӕтӕй, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст Хуыцауы паддзахадмӕ+. 52 Уыцы адӕймаг бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы Йесойы мард ракуырдта+. 53 Гъемӕ йӕ хъӕдӕй ӕриста+, ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг хъуымацы йӕ батыхта ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы кӕй бакъахта+ ӕмӕ ӕвӕрд кӕм ничима уыд, уыцы зӕппадзы+. 54 Уӕд уыд Цӕттӕгӕнӕн бон+, ӕмӕ уӕдмӕ ӕризӕр, сабатмӕ+ бирӕ нал хъуыд. 55 Йесоимӕ Галилейӕйӕ цы сылгоймӕгтӕ рацыд, уыдон дӕр ацыдысты, цӕмӕй федтаиккой зӕппадз+, стӕй йын йӕ мард куыд бавӕрдтой, уый дӕр+. 56 Ӕмӕ уӕд фӕстӕмӕ аздӕхтысты, цӕмӕй хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ӕмӕ хӕрздӕф сойтӕ ӕрцӕттӕ кодтаиккой+. Фӕлӕ Закъонмӕ гӕсгӕ сабаты+, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ницы куыстой.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын