Раргомад
13 Ӕмӕ ӕрлӕууыд денджызы был змисыл+.
Ӕмӕ федтон денджызӕй+ иу сырды+ схизгӕ, дӕс сыкъаимӕ+ ӕмӕ авд сӕримӕ+. Йӕ сыкъатыл уыди дӕс кадыхуды, йӕ сӕртыл та – Хуыцауы фауӕн+ нӕмттӕ. 2 Цы сырды федтон, уый уыди фыранчы+ хуызӕн, фӕлӕ йӕ дзӕмбытӕ уыдысты арсы+ дзӕмбыты хуызӕн, йӕ дзых та – домбайы+ дзыхы хуызӕн. Уыцы сырдӕн залиаг калм+ радта йӕ тых, йӕ паддзахбадӕн ӕмӕ стыр бартӕ+.
3 Йӕ сӕртӕй иу цыма мӕлӕтдзаг цӕф уыди, афтӕ мӕм зынди, фӕлӕ йын уыцы мӕлӕтдзаг цӕф+ байгас. Ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр сырдыл дис кодта ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыд. 4 Ӕмӕ бакуывтой залиаг калмӕн, уымӕн ӕмӕ сырдӕн радта бартӕ. Бакуывтой сырдӕн дӕр ӕмӕ загътой: «Чи у ацы сырды хуызӕн? Кӕй бон у йемӕ схӕцын?» 5 Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд ӕвзаг хъал ныхӕстӕ кӕнынӕн+ ӕмӕ Хуыцауы фауынӕн+. Лӕвӕрд ын уыди бар, цӕмӕй цыппор дыууӕ мӕйы+ дӕргъы архайа. 6 Ӕмӕ сырд райдыдта Хуыцауы фауын+. Фаудта йын йӕ ном ӕмӕ йӕ цӕрӕн бынат – уӕлӕрвты чи цӕры, уыдоны+. 7 Ӕмӕ йын лӕвӕрд уыд бар+, цӕмӕй сыгъдӕджытимӕ тох кӕна ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз уа+. Лӕвӕрд ма йын ӕрцыд тых дӕр, цӕмӕй йӕ бар цӕуа алы мыггагыл, алы адӕмыхаттыл, алы ӕвзагыл ӕмӕ алы адӕмыл дӕр. 8 Ӕмӕ йын зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр кувдзысты. Дунейы фӕзындӕй*+ фӕстӕмӕ уыдонӕй иуы ном дӕр, ӕргӕвст+ чи ӕрцыд, уыцы Уӕрыччы царды тыхтоны фыст не ’рцыд+.
9 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд+. 10 Уацары цӕугӕ кӕмӕн у, уый уацары ацӕудзӕн+. Хъамайӕ искӕй чи амара, уый хъуамӕ хъамайӕ мард ӕрцӕуа+. Уӕдӕ сыгъдӕджытӕ+ хъуамӕ уой фидар+ ӕмӕ сӕм уа уырнындзинад+.
11 Ӕмӕ федтон ӕндӕр сырды+ зӕххы хуылфӕй сцӕйцӕугӕ+. Уыдис ын уӕрыччы сыкъаты хуызӕн дыууӕ сыкъайы, фӕлӕ дзургӕ та скодта залиаг калмау+. 12 Уый, фыццаг сырдмӕ+ цы бартӕ ис, ӕппӕт уыцы бартӕй архайы фыццаг сырды цӕстыты раз. Ӕмӕ зӕхх ӕмӕ йыл чи цӕры, уыдоны кувын кӕны, йӕ мӕлӕтдзаг цӕф кӕмӕн байгас, уыцы фыццаг сырдӕн+. 13 Ӕмӕ ӕвдисы ахӕм стыр диссӕгтӕ+, ӕмӕ адӕмы цӕстыты раз арвӕй зӕхмӕ арт дӕр ӕрцӕуын кӕны.
14 Ӕмӕ йын сырды раз цы диссӕгтӕ ӕвдисыны бар лӕвӕрд ӕрцыд, уыдонӕй зӕххыл цӕрӕг адӕмы сайы ӕмӕ сын дзуры, цӕмӕй, хъамайӕ+ цӕф чи уыд, фӕлӕ чи райгас, уыцы сырды ныв+ скӕной. 15 Ӕмӕ йын лӕвӕрд уыди бар, цӕмӕй цард бауадза сырды нывы ӕмӕ цӕмӕй уыцы ныв дзыхӕй дзура ӕмӕ, сырды нывӕн+ чи нӕ кува, уыдоны се ’ппӕты дӕр марын кӕна.
16 Ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕй дӕр+ – хуымӕтӕгтӕй ӕмӕ номдзыдтӕй, хъӕздгуытӕй ӕмӕ мӕгуыртӕй, сӕрибар адӕмӕй ӕмӕ цагъартӕй – домы, цӕмӕй сын сӕ рахиз къухтыл кӕнӕ сӕ ныхтыл нысан сӕвӕрой+ 17 ӕмӕ цӕмӕй уыцы нысан кӕуыл уа, ома сырды ном+ кӕнӕ йӕ номы нымӕц+, уыдон йеддӕмӕ макӕй бон уа ӕлхӕнын дӕр ӕмӕ уӕй кӕнын дӕр. 18 Ам хъӕуы зонд: ӕмбаргӕ чи у, уый сырды нымӕц банымайӕд, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймаджы+ нымӕц. Уыцы нымӕц та у ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз+.