2 Самуилы
18 Давид йӕ адӕмы банымадта ӕмӕ сын сӕ сӕргъы сӕвӕрдта хистӕртӕ: кӕй – мин адӕймаджы сӕргъы, кӕй та – сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы+. 2 Стӕй Давид адӕмӕн се ’ртыккаг хай арвыста+ Иоавимӕ+, иннӕ ӕртыккаг хай – Саруйӕйы фырт Авессӕимӕ+, Иоавы ӕфсымӕримӕ+, ӕмӕ иннӕ ӕртыккаг хай та – гефаг Иттаимӕ+. Паддзах адӕмӕн загъта: «Мӕхӕдӕг дӕр уемӕ цӕуын хӕцынмӕ». 3 Фӕлӕ йын адӕм загътой: «Ма рацу+. Мах не ’ппӕт дӕр сӕ разӕй лидзӕг куы фӕуӕм, уӕд нӕ ницӕмӕ ӕрдардзысты+. Ӕмӕ не ’мбис куы фӕцагъды уа, уӕд сӕм уый дӕр нымады нӕ уыдзӕн. Ды та мах хуызӕттӕй дӕс мины аргъ дӕ+. Хуыздӕр уыдзӕн, горӕтӕй нын куы ӕххуыс кӕнай»+. 4 Уӕд сын паддзах загъта: «Куыд зӕгъат, афтӕ бакӕндзынӕн»+. Ӕмӕ паддзах лӕууыд кулдуары раз+, адӕм та иууылдӕр сӕдӕгӕйттӕй ӕмӕ мингӕйттӕй цыдысты горӕтӕй+. 5 Паддзах Иоавы, Авессӕйы ӕмӕ Иттайы бафӕдзӕхста: «Лӕппуйӕн, Авессаломӕн, мӕ хатырӕй ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут»+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр фехъуыстой, паддзах Авессаломы тыххӕй хистӕрты се ’ппӕты дӕр куыд бафӕдзӕхста, уый.
6 Адӕм израилӕгты ныхмӕ быдырмӕ рацыдысты ӕмӕ Ефремы хъӕды семӕ схӕцыдысты+. 7 Давиды лӕггадгӕнджытӕ израилӕгты+ ныппырх кодтой+ ӕмӕ дзы тынг бирӕ фӕцагътой: дыууын мин адӕймаджы фӕмард уыцы бон. 8 Ӕгас зӕхх дӕр, цӕст кӕй онг ӕххӕссыд, уый онг, тохы быдыр фестад. Ӕниу, уыцы бон хъамайӕ уыйбӕрц адӕм нӕ фӕцагъды, хъӕды дзы цас фӕмард.
9 Авессалом йӕ хӕргӕфсыл фӕцӕйуад ӕмӕ хӕрхӕмбӕлд фӕци Давиды лӕггадгӕнджытыл. Хӕргӕфс ӕй бахаста стыр пӕлӕхсар бӕласы бынмӕ, ӕмӕ Авессаломӕн йӕ сӕрыхъуынтӕ бӕласы къалиутыл стыхстысты, ӕмӕ ӕрцауындзӕг+. Цы хӕргӕфсыл бадт, уый та алыгъд. 10 Иу чидӕр ӕй федта ӕмӕ Иоавӕн+ загъта: «Авессаломы федтон, иу стыр бӕласыл ӕрцауындзӕг». 11 Уӕд ын Иоав загъта: «Ӕмӕ йӕ кӕд федтай, уӕд ӕй тӕккӕ уыцы ран цӕуылнӕ амардтай? Ӕз дын уый тыххӕй дӕс ӕвзист ӕхцайы ӕмӕ рон радтаин»+. 12 Фӕлӕ уый Иоавӕн дзуапп радта: «Иу мин ӕвзист ӕхцайы мын куы сбарстаиккой, уӕд дӕр ӕз паддзахы фыртмӕ мӕ къух нӕ систаин. Нӕхи хъустӕй йӕ фехъуыстам, паддзах дӕуӕн, Авессӕйӕн ӕмӕ Иттайӕн куыд загъта, лӕппуйы, Авессаломы, бахъахъхъӕнут, зӕгъгӕ+. 13 Йӕ ныхасмӕ йын куы нӕ байхъуыстаин ӕмӕ йын йӕ фырты куы амардтаин, уӕд паддзахыл гадзрахатӕй рацыдаин. Уыцы хъуыддаг паддзах ӕнӕмӕнг базыдтаид+, ды та дӕхи бамбӕхстаис». 14 Уӕд Иоав загъта: «Дӕ разы лӕууынмӕ мӕ не ’вдӕлы!» Ӕмӕ ӕртӕ стыр фаты райста ӕмӕ сӕ Авессаломы зӕрдӕйы ныссагъта+. Авессалом та нырма удӕгас уыди+, бӕласыл куыд ӕрцауындзӕг, афтӕмӕй лӕууыд. 15 Стӕй Иоавы хӕцӕнгарзхӕсджытӕ дӕсӕй Авессаломы алыварс алӕууыдысты ӕмӕ ма йӕ уыдон дӕр фӕцӕфтӕ кодтой, ӕмӕ амарди+. 16 Уӕд Иоав сыкъайӕ ныууасыд+, цӕмӕй адӕм израилӕгты фӕстейӕ мауал сырдтаиккой. Ӕмӕ Иоав адӕмы фӕстӕмӕ раздӕхта. 17 Уый фӕстӕ Авессаломы хъӕды стыр дзыхъхъы ныппӕрстой ӕмӕ йыл уӕлейӕ дуртӕ ныккалдтой, стыр цӕнд дзы скодтой+. Израилӕгтӕ та иууылдӕр сӕ хӕдзӕрттӕм фӕлыгъдысты.
18 Авессалом та, ӕгас ма куы уыд, уӕд Паддзахы дӕлвӕзы+ йӕхӕдӕг йӕхи номыл цӕджындз сӕвӕрдта+, фырт мын нӕй, ӕмӕ мӕ ном ферох уыдзӕн+, зӕгъгӕ. Гъемӕ уыцы цӕджындз схуыдта йӕ номӕй+, ӕмӕ йӕ абоны онг дӕр хонынц Авессаломы кады цырт.
19 Садокы фырт Ахимаас+ та загъта: «Ауадз мӕ, адугъ кӕнон ӕмӕ паддзахмӕ хабар фӕхӕццӕ кӕнон, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ хъуыддаг рӕстӕй равзӕрста ӕмӕ йӕ фервӕзын кодта йе знӕгты къухӕй»+. 20 Фӕлӕ йын Иоав загъта: «Абон хабархӕссӕг ды нӕ уыдзынӕ. Ӕндӕр хатт уыдзынӕ, фӕлӕ абон нӕ, уымӕн ӕмӕ паддзахы фырт амард»+. 21 Стӕй Иоав ефиопаг лӕгӕн*+ загъта: «Ацу ӕмӕ паддзахӕн радзур, цы федтай, уый». Ефиопаг лӕг Иоавӕн йӕ сӕрӕй акуывта ӕмӕ адугъ кодта. 22 Садокы фырт Ахимаас та ногӕй ныллӕгъстӕ кодта Иоавӕн: «Цы уа, уый уӕд, ауадз мӕ, ӕмӕ ӕз дӕр ефиопаджы фӕдыл азгъорон». Фӕлӕ йын Иоав загъта: «Цӕмӕн, мӕ лӕппу? Цавӕр хабар фехъусын кӕндзынӕ?» 23 Уый йын уӕддӕр афтӕ: «Цы уа, уый уӕд, ауадз мӕ, ӕмӕ азгъорон». Уӕд ын Иоав загъта: «Омӕ хорз, азгъор!» Ахимаас дӕр азгъордта, Иорданы дӕлвӕз бӕстӕйыл+ цы фӕндаг цӕуы, ууыл, ӕмӕ ефиопаджы разӕй фӕци.
24 Уыцы рӕстӕг Давид бадт дыууӕ кулдуары ’хсӕн+. Хъахъхъӕнӕг+ схызт къулмӕ, кулдуары сӕрмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй акаст. Ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ чидӕр ӕрбазгъоры. 25 Хъахъхъӕнӕг ныхъхъӕр кодта ӕмӕ паддзахӕн загъта, цы федта, уый. Уӕд паддзах загъта: «Кӕд иунӕгӕй у, уӕд цыдӕр хабар ӕрбахӕссы». Уый та хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта. 26 Уӕдмӕ хъахъхъӕнӕг федта, ноджыдӕр ма иу чидӕр кӕй ӕрбазгъоры. Ӕмӕ дуаргӕсмӕ ныхъхъӕр кодта: «Кӕс-ма, иу чидӕр ма ӕрбазгъоры!» Паддзах загъта: «Уый дӕр хабархӕссӕг у». 27 Хъахъхъӕнӕг загъта: «Фыццаг чи ӕрбазгъоры, уый мӕм Садокы фырт Ахимаасы+ хуызӕн кӕсы, уый хуызӕн згъоры+». Уӕд паддзах загъта: «Уый хорз лӕг у+, ӕмӕ хъуамӕ хорз хабар+ ӕрбахӕсса». 28 Уӕдмӕ Ахимаас ныхъхъӕр кодта: «Алцыдӕр хорз у!» Ӕмӕ паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын зӕххы онг ныллӕг акуывта. Стӕй загъта: «Табу+ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн, мӕ буц хицауы ныхмӕ чи рацыд, уыдоны дын дӕ къухмӕ чи радта!»+
29 Фӕлӕ йӕ паддзах бафарста: «Авессалом дзӕбӕх у?» Ахимаас ын дзуапп радта: «Иоав паддзахы лӕггадгӕнӕджы ӕмӕ дӕ цагъары куы ’рвыста, уӕд федтон, адӕм кӕрӕдзи мидӕг кӕй систы, фӕлӕ цы уыд, уымӕн ницы базыдтон»+. 30 Паддзах ын загъта: «Иуварс алӕуу, мӕнӕ ам ӕрлӕуу». Уый дӕр иуварс алӕууыд ӕмӕ афтӕ лӕууыд.
31 Уӕдмӕ ефиопаг+ лӕг дӕр ӕрбахӕццӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ буц хицауӕн хабар ӕрбахастон: абон дын Йегъовӕ дӕ хъуыддаг рӕстӕй равзӕрста ӕмӕ дӕ фервӕзын кодта, дӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр»+. 32 Фӕлӕ йӕ паддзах бафарста: «Авессалом дзӕбӕх у?» Ефиопаг лӕг дзуапп радта: «Уыйау фӕуӕнт+ мӕ буц хицауы, паддзахы знӕгтӕ ӕмӕ, йӕ ныхмӕ чидӕриддӕр рацыд, уыдон».
33 Уӕд паддзах арвы цӕфау фӕци. Ӕмӕ, кулдуары сӕр цы уат уыд, уырдӕм ссыд+ ӕмӕ ныббогъ-богъ кодта. Дыууӕрдӕм рацу-бацу кодта ӕмӕ хъарӕг кодта: «Уӕ мӕ хъӕбул Авессалом! Мӕ хъӕбул, мӕ хъӕбул+ Авессалом! Фӕлтау ӕз куы амардаин дӕ бӕсты, мӕ хъӕбул Авессалом, мӕ хъӕбул!»+