Иов
28 Ис ахӕм бынат, ӕмӕ дзы ссарынц ӕвзист.
Кӕнӕ ахӕм бынат, ӕмӕ дзы ис, сыгъдӕг кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм сызгъӕрин+.
2 Зӕххы ӕфсӕйнаг къахынц+,
Дурӕй исынц ӕрхуы.
4 Адӕм кӕм цӕрынц, уырдыгӕй дард ӕрзӕткъахӕн* скӕны+,
Йӕ къах дӕр кӕм ничи ӕрӕвӕры, рох дӕр кӕй фӕкодтой, ахӕм рӕтты.
Зӕххон адӕмӕй чидӕртӕ уырдӕм бӕндӕнӕй бастӕй ныххизынц ӕмӕ афтӕмӕй бӕндӕныл ауыгъдӕй фӕкусынц.
5 Зӕхх дӕтты хӕринаг+.
Зӕххы хуылф иууылдӕр у къахт, раст ӕй цыма арт бахордта, уыйау.
6 Йӕ дуртӕ кӕм сты, уым ис сапфиртӕ+,
Ис дзы сызгъӕрин змис.
8 Нӕ йӕ ныннадтой тыхджын хъӕддаг сырдтӕ,
Никуы йыл ацыд ӕвзонг домбай дӕр.
9 Адӕймагӕн йӕ къух баххӕссы ӕхсондурмӕ,
Афӕлдахы хӕхтӕ, сӕ бындзӕфхӕдтӕй сӕ фӕхицӕн кӕны.
10 Къӕдзӕхты бакъахы донцӕуӕнтӕ+,
Ӕмӕ йӕ цӕст фены алыхуызон хӕзнатӕ.
11 Цӕугӕдӕттӕ кӕцӕй кӕлынц, уыцы бынӕттӕ ӕрӕхгӕны+,
Ӕмӕ, ӕмбӕхст цы у, уый рухсмӕ рахӕссы.
12 Фӕлӕ зонд та кӕм ис ссарӕн?+
Ӕмӕ кӕм ис йӕ бынат ӕмбарындзинадӕн?
13 Зӕххон адӕймаг ын йӕ аргъ нӕ базыдта+,
Удӕгӕсты зӕххыл ӕй ссарӕн нӕй.
15 Уый сыгъдӕг сызгъӕриныл дӕр нӕ баивдзынӕ+,
Ӕвзистӕй дӕр ӕй нӕ балхӕндзынӕ.
16 Нӕй йын бафидӕн нӕдӕр офираг+ сызгъӕринӕй,
Нӕдӕр зынаргъ ониксӕй, нӕдӕр сапфирӕй.
17 Уымӕн нӕй абарӕн сызгъӕринимӕ ӕмӕ авгимӕ,
Нӕй йӕ баивӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй конд мигӕнӕныл дӕр.
20 Фӕлӕ зонд кӕцӕй цӕуы?+
Ӕмӕ кӕм ис йӕ бынат ӕмбарындзинадӕн?
21 Уый ӕмбӕхст у, удӕгас чидӕриддӕр у, уыдоны цӕстӕй+,
Сусӕг у уӕларвон мӕргътӕй.
22 Сау сыджыт* ӕмӕ мӕлӕт загътой:
„Йӕ кой нӕ хъустыл ӕрцыд“.
23 Ӕрмӕст Хуыцау ӕмбары зондӕн йӕ фӕндаг+,
Ӕрмӕст ын уый зоны йӕ бынат,
24 Уымӕн ӕмӕ йӕ цӕст ӕххӕссы суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр+.
Ӕнӕхъӕн арвы бын цыдӕриддӕр ис, уый уыны,
25 Цӕмӕй дымгӕйӕн тых ратта+.
Уый дӕттӕ дӕр барӕнӕй абарста+.
26 Къӕвдайӕн закъон куы радта+,
Тӕрккъӕвдайы мигътӕн ӕмӕ арвнӕрдӕн фӕндаг куы скодта,
27 Уӕд федта зонд ӕмӕ зонды тыххӕй радзырдта,
Ӕрцӕттӕ йӕ кодта ӕмӕ йӕ раиртӕста.