Йезекил
22 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта: 2 «Ды та, адӕймаджы фырт, цӕттӕ дӕ, цӕмӕй тӕрхон кӕнай?+ Цӕттӕ дӕ, цӕмӕй, туг чи фӕкалдта, уыцы горӕтӕн тӕрхон кӕнай+ ӕмӕ йын йе ’ппӕт ӕлгъаг миты тыххӕй радзурай?+ 3 Зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „О мӕнӕ горӕт, ды дӕ мидӕг туг калыс+, цалынмӕ дӕ кӕрон не ’рцыд+, уӕдмӕ, ӕмӕ аразыс фаджыс-хуыцӕуттӕ, цӕмӕй фӕчъизи уай!+ 4 Цы туг ныккалдтай, уый тыххӕй сдӕ аххосджын+, ӕмӕ цы фаджыс-хуыцӕуттӕ сарӕзтай, уыдоны тыххӕй счъизи дӕ+. Ды дӕ бонтӕ фӕцыбыр кодтай, ӕмӕ дӕ тӕрхоны азтӕ ӕрцӕудзысты. Ӕмӕ дӕ уый тыххӕй адӕмтӕн скӕндзынӕн фидиссаг, ӕппӕт бӕстӕтӕн дӕр дӕ скӕндзынӕн хынджылӕггаг+. 5 Хӕстӕг дӕм чи у ӕмӕ дӕ дард чи у, уыцы бӕстӕтӕ дӕ хынджылӕг кӕндзысты – дӕуӕй, йӕ ном сыгъдӕг кӕмӕн нӕу ӕмӕ йӕ мидӕг иууылдӕр змӕст кӕмӕн у, уымӕй+. 6 Дӕ мидӕг Израилы сӕргълӕуджытӕй+ алчидӕр йӕ тыхтӕ уымӕ радта, цӕмӕй туг кала+. 7 Ницӕмӕ дӕм дарынц фыд ӕмӕ мады+, ӕрцӕуӕггагыл сайдӕй цӕуынц+, сидзӕры* ӕмӕ идӕдз усы ӕфхӕрынц“»+.
8 «„Сымах ницӕмӕ дарут мӕ сыгъдӕг бынӕттӕ, мӕ сабат мын хынджылӕггаг скодтат+. 9 Дӕ мидӕг ис, адӕмы туг чи калы, ахӕм ӕдзӕсгом фыдкойгӕнджытӕ+. Дӕ хӕхтыл хӕрынц мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕ+, дӕ мидӕг кӕнынц хӕлд митӕ+. 10 Байгом кӕнынц фыды буар*+, ӕрвылмӕйон тугцыды бонты сыгъдӕг чи нӕ вӕййы, ахӕм сылгоймаджы фӕхудинаг кӕнынц+. 11 Иу иннӕйы усимӕ кӕны ӕнаккаг митӕ+, чидӕр та йӕ чындзы фегад кӕны хӕлд митӕй+, чи та фӕхудинаг кӕны йӕ хойы, йӕ фыды чызджы+. 12 Исынц гӕртӕмттӕ, цӕмӕй туг калой+. Ды исыс проценттӕ+ ӕмӕ иннӕтыл ӕхца+ кусыс, тыхми ӕмӕ сайды фӕрцы+ кӕйдӕр фӕллойӕ дӕхицӕн кӕныс мулк+, мӕн та ферох кодтай“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
13 „Дӕхицӕн кӕйдӕр фӕллойӕ мулк куыд кодтай+ ӕмӕ дӕ мидӕг туг куыд калдтай+, уый уынгӕйӕ мӕ къухтӕ кӕрӕдзийыл ӕрцавтон+. 14 Дӕ ныхмӕ архайын куы райдайон+, уӕд уыцы бонты дӕ зӕрдӕ фидар разындзӕн+ ӕмӕ дӕ къухты фаг хъару уыдзӕн? Ӕз, Йегъовӕ, загътон ӕмӕ архайдзынӕн+. 15 Адӕмты ’хсӕн уӕ ныппырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ алы бӕстӕтыл ныххӕлиу кӕндзынӕн+. Ӕмӕ фесафдзынӕн, дӕ мидӕг цы чъизитӕ ис, уыдон+. 16 Ды фегад уыдзынӕ иннӕ адӕмты цӕстыты раз. Ӕмӕ йӕ базондзынӕ, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.
17 Йегъовӕ мын дарддӕр загъта: 18 «Адӕймаджы фырт, Израилы адӕм мӕ цӕсты систы, згъӕрӕй цы чъизитӕ рахицӕн вӕййы, уыдонау+. Иууылдӕр сты, пецы мидӕг ӕрхуы, къала, ӕфсӕйнаг ӕмӕ зды куыд уой, афтӕ. Уыдон систы, ӕвзистӕй цы бирӕ чъизитӕ рахицӕн вӕййы, уыдоны хуызӕн+.
19 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Уе ’ппӕт дӕр, згъӕрӕй цы чъизитӕ рахицӕн вӕййы, уыдоны хуызӕн кӕй систут+, уый тыххӕй уӕ ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн Иерусалимы+. 20 Ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг+, зды ӕмӕ къала иумӕ пецы куыд ныккалынц, цӕмӕй зынгтыл фу кӕнгӕйӕ арт сцырен кӕной+ ӕмӕ сӕ бадон кӕной+, афтӕ ӕз дӕр сымах мӕстыйӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ уыл бафу кӕндзынӕн, ӕмӕ бадон уыдзыстут. 21 Ӕрӕмбырд уӕ кӕндзынӕн ӕмӕ уыл мӕ судзгӕ масты цӕхӕртӕ бафу кӕндзынӕн+, ӕмӕ йӕ мидӕг бадон уыдзыстут+. 22 Ӕвзист пецы куыд бадон вӕййы, афтӕ сымах дӕр йӕ мидӕг бадон уыдзыстут. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз, Йегъовӕ, кӕй ныккалдтон сымахыл мӕ судзгӕ маст“»+.
23 Йегъовӕ мын дарддӕр загъта: 24 «Адӕймаджы фырт, афтӕ йын зӕгъ: „Ды дӕ, чи не ссыгъдӕг вӕййы, фыдӕхы бон къӕвда кӕуыл не ’рцӕуы, ахӕм зӕхх+. 25 Дӕ пехуымпартӕ дӕ мидӕг кӕнынц сусӕгвӕнд+. Уыдон сты, йӕ амӕттаджы чи скъуыдтӕ кӕны, ахӕм богътӕгӕнаг домбайы хуызӕн+. Адӕмы* хӕрынц+, сӕ хӕзнатӕ ӕмӕ сӕм зынаргъӕй цы ис, уыдон сын байсынц+. Дӕ мидӕг дын дӕ идӕдз устыты сбирӕ кодтой+. 26 Дӕ сауджынтӕ мын мӕ закъон халынц+, мӕ сыгъдӕг бынӕттӕй мын хынджылӕг кӕнынц+. Табуйаг цы у ӕмӕ цы нӕу+, уый кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кӕнынц+, сыгъдӕг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый не ’взарынц+, мӕ сабат мын ницӕмӕ дарынц+, ӕмӕ сын сдӕн хынджылӕггаг+. 27 Дӕ кънйӕзтӕ сты, йӕ амӕттаджы чи скъуыдтӕ кӕны, ахӕм бирӕгътӕ: туг калынц+ ӕмӕ адӕмы* бабын кӕнынц, цӕмӕй сӕхицӕн искӕй фӕллойӕ мулк скӕной+. 28 Дӕ пехуымпартӕ та сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ӕмбӕхсынц, къулӕн йе скъуыдтӕ чъырӕй куыд бамбӕрзай+, афтӕ, цӕстылуайӕнты уынынц, ӕцӕг цы нӕу, уыдӕттӕ+ ӕмӕ сын дӕсны фӕрсгӕйӕ кӕнынц гӕдыныхӕстӕ+, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, афтӕмӕй та Йегъовӕ ницы загъта. 29 Бӕстӕйы адӕм сӕ хинӕйдзаг фӕндтӕ ӕххӕст кӕнынц+ ӕмӕ иннӕты стигъынц+, ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕймаджы ссӕндынц+ ӕмӕ ӕрцӕуӕггагыл сайдӕй цӕуынц, йӕ хъуыддаг ын рӕстӕй не ’взарынц“+.
30 „Ӕз се ’хсӕн агуырдтон ахӕм адӕймаджы, дурӕй амад къул чи бацалцӕг кодтаид+, ацы бӕстӕйы сӕраппонд мӕ разы къулы хуынчъы+ чи балӕууыдаид, цӕмӕй ацы бӕстӕ ма фесафон+. Фӕлӕ иу ахӕм адӕймаг дӕр не ссардтон. 31 Уӕдӕ сыл ӕз мӕ фыдӕх ныккалдзынӕн+. Мӕ судзгӕ масты цӕхӕртӕй сӕ фӕнык фестын кӕндзынӕн+. Сӕ хъуыддӕгтӕ сын сӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».