Ӕмбисӕндтӕ
7 Мӕ хъӕбул, мӕ ныхӕстӕ мын ӕххӕст кӕн+ ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ дӕ зӕрдӕйы хӕзнайау нывӕр+. 2 Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай+. Ӕмӕ мын мӕ закъон цӕстыгагуыйау хъахъхъӕн+. 3 Бабӕтт сӕ де ’нгуылдзтыл+, ныффысс сӕ дӕ зӕрдӕйыл+. 4 Зондӕн зӕгъ+: «Ды дӕ мӕ хо», ӕмӕ ӕмбарындзинад схон дӕ хион, 5 цӕмӕй дӕ хъахъхъӕной хӕлд* сылгоймагӕй+, рӕсугъд ныхӕстӕй чи сайы, уыцы сылгоймагӕй*+.6 Иухатт ӕз кастӕн мӕ хӕдзары рудзынгӕй*+, 7 ӕвӕлтӕрдтӕ цытӕ кусынц, уый фенон+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕрыгӕтты ’хсӕн мӕ цӕст ӕрхӕцыд иу ӕнӕзонд* лӕппуйыл+. 8 Уый фӕцӕйцыд, сылгоймаг кӕм цард, уыцы уынджы рӕзты ӕмӕ фӕраст йӕ хӕдзары ’рдӕм+. 9 Уый уыди изӕрдалынгты, талынг кӕнын куы райдыдта, уӕд+, ӕхсӕвырдӕм. 10 Ӕмӕ дын йӕ размӕ рауад сылгоймаг, йӕ конд – хӕтаг сылгоймаджы конд+, йӕ зӕрдӕ – мӕнгард. 11 Уый у ӕнӕуаг ӕмӕ налат+. Йӕ къӕхтӕ хӕдзары нӕ лӕууынц+. 12 Куы уынджы вӕййы, куы – горӕты фӕзты+. Алы тигъыл дӕр фенхъӕлмӕ кӕсы, кӕй ӕрцахса, уымӕ+. 13 Ӕмӕ дын уыцы сылгоймаг лӕппуйы рацахста ӕмӕ йын апъа кодта+. Йӕ цӕсгом суагъта ӕмӕ йын дзуры:
14 «Ӕз дзырд радтон, фарны нывӕндтӕ кӕй ӕрхӕсдзынӕн+, ӕмӕ абон мӕ дзырд сӕххӕст кодтон+. 15 Ӕмӕ дӕ размӕ дӕр уый тыххӕй рацыдтӕн, зӕгъын дӕ бацагурон ӕмӕ дӕ ссарон. 16 Мӕ сынтӕг бамбӕрзтон ӕмбӕрзӕнтӕй, алыхуызон египетаг рӕсугъд* хъуымӕцтӕй+. 17 Мӕ хуыссӕн бапырх кодтон миррӕйӕ, алой ӕмӕ корицӕйӕ+. 18 Цом, ӕмӕ ардыгӕй райсоммӕ уарзтӕй нӕ мондӕгтӕ исдзыстӕм, нӕ кӕрӕдзи уарзтӕй рӕвдаудзыстӕм+. 19 Мӕ лӕг хӕдзары нӕй, дард балцы ацыд+. 20 Йемӕ ӕхцадоны ахаста ӕхца. Мӕй цалхыдзаг куы суа, ӕрмӕстдӕр уӕд ӕрбаздӕхдзӕн хӕдзармӕ».
21 Бирӕ рӕсугъд ныхӕстӕй йӕ асайдта+, йӕ адджын ныхӕстӕй йӕ афӕлывта+. 22 Ӕмӕ уый дӕр йӕ фӕдыл араст+, гал ӕргӕвдынмӕ куыд фӕцӕйкӕнынц ӕмӕ ӕнӕзонд адӕймаджы хъадаманты мидӕг бафхӕрынмӕ* куыд фӕцӕйкӕнынц, афтӕ, 23 цалынмӕ йын фат йӕ игӕр нӕ ныппырх кӕна, уӕдмӕ+. Цъиу хызмӕ куыд тӕха, афтӕ уый дӕр тӕхы хызмӕ+ ӕмӕ йӕ не ’мбары, йӕ уд фыдбылызы кӕй ӕппары+.
24 Уӕдӕ мӕм байхъусут, мӕ хъӕбултӕ, ӕмӕ уын цы дзурын, уымӕ уӕ хъус ӕрдарут+. 25 Дӕ зӕрдӕ уыцы сылгоймаджы фӕндӕгтӕм ма аздӕхӕд, дӕ къах дӕ йӕ фӕндӕгтӕм ма бахӕссӕд+, 26 уымӕн ӕмӕ бирӕты бабын кодта+, мӕрдтӕм кӕй барвыста, уыдонӕн нымӕц дӕр нӕй+. 27 Йӕ хӕдзарӕй фӕндӕгтӕ кӕнынц ингӕнмӕ*+, цӕуынц мӕлӕты талынг къуымтӕм+.