1 Азфыстыты
25 Уый фӕстӕ Давид ӕмӕ къордты+ хистӕртӕ+, дыууадӕстӕнон фӕндыртӕй+, хъисфӕндыртӕй+ ӕмӕ ӕрхуы тӕбӕгътӕй+ цӕгъдгӕйӕ пехуымпариуӕг чи кодта, уыцы Асафы, Еманы+ ӕмӕ Идифуны+ фырттӕй кӕйдӕрты рахицӕн кодтой лӕггад кӕнынӕн. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг бакодтой уыдоны бар. 2 Асафы фырттӕй уыдысты Заккур, Иосиф+, Нефани ӕмӕ Ашарел+. Асафы фырттӕн разамынд лӕвӕрдта Асаф+, ӕмӕ йӕхӕдӕг та пехуымпариуӕг кодта паддзахы разамындӕй. 3 Идифунӕй+, Идифуны фырттӕ: Гедали+, Цери+, Йешайӕ+, Шимей, Хашави ӕмӕ Маттифи+ – ӕхсӕз фырты. Разамынд сын лӕвӕрдта сӕ фыд Идифун. Уый пехуымпариуӕг кодта ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндырӕй цӕгъдгӕйӕ Йегъовӕйӕн арфӕ кодта ӕмӕ йӕ кадджын кодта+. 4 Еманӕй+, Еманы фырттӕ: Букки+, Матфани+, Узиил+, Шевуил*, Йеримоф, Ананийӕ+, Анани, Елиафӕ+, Гиддалти+, Ромамти-Езер+, Иошбекашӕ+, Маллофи+, Гофир+ ӕмӕ Махазиоф. 5 Адон иууылдӕр сты, цӕстылуайӕнтӕ+ чи уыдта ӕмӕ паддзахӕн ӕцӕг Хуыцауы ныхас чи хъусын кодта, сыкъайӕ уасгӕйӕ Хуыцауы чи кадджын кодта, уыцы Еманы фырттӕ. Ӕцӕг Хуыцау Еманӕн радта цыппӕрдӕс фырты ӕмӕ ӕртӕ чызджы+. 6 Се ’ппӕт дӕр сӕ фыды разамындӕй зарыдысты Йегъовӕйы хӕдзары, цагътой ӕрхуы тӕбӕгътӕй+, хъисфӕндыртӕй+ ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртӕй+ – уый уыд сӕ лӕггад ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары.
Асафӕн, Идифунӕн ӕмӕ Еманӕн+ разамынд лӕвӕрдта паддзах.
7 Уыдоны, стӕй се ’фсымӕрты сахуыр кодтой Йегъовӕйӕн зарын+ ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уыцы хъуыддаджы уыдысты дӕсны+. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууӕсӕдӕ ӕстай аст адӕймаджы. 8 Кӕуыл сӕ цы хӕс уыдзӕн, уый сбӕрӕг кӕныны тыххӕй хӕлттӕ сӕппӕрстой+ – куыд хистӕртӕ+, афтӕ кӕстӕртӕ дӕр, дӕсныдӕр+ чи уыд, уыдон дӕр ӕмӕ, нырма ахуыр чи кодта, уыдон дӕр.
9 Фыццаг хал схауд Асафы фырт Иосифӕн+, дыккаг – Гедалийӕн+, йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн, уыдысты дыууадӕс; 10 ӕртыккаг – Заккурӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 11 цыппӕрӕм – Ицрийӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 12 фӕндзӕм – Нефанийӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 13 ӕхсӕзӕм – Буккийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 14 ӕвдӕм – Йесарелӕйӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 15 ӕстӕм – Йешайӕйӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 16 фарӕстӕм – Матфанийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 17 дӕсӕм – Шимейӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 18 иуӕндӕсӕм – Азариилӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 19 дыууадӕсӕм – Хашавийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 20 ӕртындӕсӕм – Шуваилӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 21 цыппӕрдӕсӕм – Маттифийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 22 фынддӕсӕм – Йеремофӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 23 ӕхсӕрдӕсӕм – Ананийӕйӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 24 ӕвддӕсӕм – Иошбекашӕйӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 25 ӕстдӕсӕм – Ананийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс;26 нудӕсӕм – Маллофийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 27 дыууынӕм – Елиафӕйӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 28 дыууын фыццӕгӕм – Гофирӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 29 дыууын дыккӕгӕм – Гиддалтийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 30 дыууын ӕртыккӕгӕм – Махазиофӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 31 дыууын цыппӕрӕм – Ромамти-Езерӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс.