96 Зарут Йегъовӕйӕн ног зарӕг+.
Зарут Йегъовӕйӕн, зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр+.
2 Зарут Йегъовӕйӕн, арфӕ кӕнут йӕ номӕн+.
Алы бон дӕр дзурут хорз хабар, цы ирвӕзындзинад дӕтты, уый тыххӕй+.
3 Адӕмты ’хсӕн хъусын кӕнут йӕ кад+,
Ӕппӕт адӕмты ’хсӕн – йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ+.
4 Йегъовӕ у стыр Хуыцау+, уый у стыр кады аккаг.
Уый адӕймагыл ӕппӕт иннӕ хуыцӕуттӕй тынгдӕр ӕфтауы тас+.
5 Адӕмты хуыцӕуттӕ иууылдӕр сты ницӕйаг хуыцӕуттӕ+,
Йегъовӕ та сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ+.
6 Йӕ разы – кад ӕмӕ намыс+,
Йӕ кувӕндоны – хъару ӕмӕ рӕсугъддзинад+.
7 Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, ӕппӕт адӕмты мыггӕгтӕ+,
Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ кад ӕмӕ йӕ хъару+.
8 Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, йӕ номы аккаг кад ын скӕнут+,
Ӕрхӕссут лӕвӕрттӕ ӕмӕ бацӕут йӕ кӕртытӕм+.
9 Бакувут Йегъовӕйӕн бӕрӕгбоны сыгъдӕг дарӕсы+.
Тӕрсут дзы, зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр!+
10 Адӕмты ’хсӕн дзурут: «Йегъовӕ сси паддзах!+
Зӕхх фидар ӕвӕрд ӕрцыд, ӕмӕ нӕ фенкъуысдзӕн+.
Уый рӕстӕй ӕвзардзӕн адӕмты хъуыддӕгтӕ»+.
11 Цин кӕнӕнт уӕлӕрвтӕ, зӕхх цинӕй райӕд+.
Нӕрӕд денджыз ӕмӕ йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый+.
12 Цин кӕнӕнт быдыртӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон+.
Ӕмӕ хъӕды бӕлӕстӕ дӕр фырцинӕй зарӕнт+
13 Йегъовӕйы раз, уымӕн ӕмӕ уый ӕрцыд+,
Ӕрцыд зӕххӕн тӕрхон кӕнынмӕ+.
Уый зӕххӕн тӕрхон кӕндзӕн рӕстӕй+
Ӕмӕ адӕмтӕн – йӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ+.