Псалом
ДЫККАГ ЧИНЫГ
(Псаломтӕ 42–72)
Амонӕгӕн. Маскил* Корейы фырттӕн+.
3 Ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ цӕссыгӕй мӕхи ӕфсадын+,
Уыдон та мын ӕнӕхъӕн бон дзурынц: «Цӕй, кӕм ис дӕ Хуыцау?»+
4 Раздӕры хабӕрттӕ куы ’рымысон, уӕд мӕ уд мӕ мидӕг батайдзӕн+.
Ӕз-иу цыдтӕн бирӕ адӕмимӕ,
Цыдтӕн сӕ разӕй Хуыцауы хӕдзармӕ+.
Хъуыстысты-иу, бӕрӕгбонмӕ чи ’рцыд,
5 Ӕрдуйӕ нарӕгдӕр цӕмӕн сдӕ, мӕ уд+,
Цӕуыл катай кӕныс мӕ мидӕг?+
Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс+.
Ӕз ӕй нырма кадджын кӕндзынӕн – ме стыр ирвӕзынгӕнӕджы+.
6 О мӕ Хуыцау, мӕ уд ӕрдуйӕ нарӕгдӕр сси+.
Уый тыххӕй дӕ ӕрымысын+
Иорданы бӕстӕйы, Ермоны бӕрзӕндтыл+,
Ныллӕг хохыл+.
8 Бонӕй Йегъовӕ йе ’нувыд уарзт рарвитдзӕн+,
Ӕмӕ йыл ӕз ӕхсӕвы зардзынӕн зарӕг+.
Кувдзынӕн мӕ царддӕттӕг Хуыцаумӕ+.
9 Зӕгъдзынӕн Хуыцауӕн, мӕ къӕдзӕхӕн+:
«Цӕмӕн мӕ ферох кодтай?+
Ме знаг мӕ цӕмӕн ӕфхӕры, ӕмӕ ӕнкъардӕй цӕмӕн рацу-бацу кӕнын?»+